Ирон дзырдаивады арфдӕр æвæрæнты уæлдай буц æмæ сæрыстыр цы хæзнатæй стæм, уыдонæй иу Къубалты Алыксандры «Æфхæрдты Хæсанæ» у. Бæргæ ацы æнæмæлгæ уацмыс драматургийы жанрмæ йæ хъомысджын оригиналон хуызы куы бахызтаид, фæлæ абон фидаугæ дæр нал скæндзæн Мамсыраты Дæбейы хъиамæтмæ азымтæ хæссын, уымæй дæр, национ литературæйы классикмæ. Хуыцау дын цы радта, ууыл хи атигъ кæнын та æбузны миниуæг у.

Ацы бонты цин кæнæм ног премьерæйыл. Нæ национ удварны сæйраг айдæн – ирон сценæйы та ирон цард, ирон уаг æмæ æгъдауы фæлгæтты æвæрдæй кæй федтам, ууыл. Ӕмӕ та зӕрдиаг бузныг зӕгъӕм нæ театрæн! Уæззау блокадæ кæй дуæрттæ нæ сæхгæдта, æгъатыр хæст кæй нæ амардта, арты чи нæ басыгъд, уыцы театрæн – нæ удварны рухсмондаг къуымтæ та нын йæ ног аивадон æнтыстæй кæй ныррухс кодта, уый тыххæй.

 Фыццаджы-фыццаг мæ сæрæй ныллæг кувын спектаклы æвæрæг-режиссер Бекъойты Розæйæн, йæ уæздан æмæ аив режиссерон æрмдзæфæн; ирон театралон аивады уæздан традицион æууæлтæ ӕнувыдӕй кӕй хъахъхъӕны, европæйаг аслам хæрвы сӕ кæй нæ тухы, фæлæ сæ ирон зæрдæйы цавдимæ кæй рахæссы сценæмæ, уый тыххæй. Кæйдæрты кæй нæ фæзмы, классикон аивады традициты гомгæрц æмæ рохуæгъд модæйыл кæй нæ ивы, уый тыххæй. Уыцы рохуæгъд модæйæ уынгæджы бон кæны дунеон режиссурæйыл: æз æй афтæ уынын, зæгъгæ, режиссерты фылдæр хай сæхирдыгонау райдыдтой æвæрын дунеон классикон драмартургийы хуыздæр уыцмысты. Мæнæ диссаг! Кæд ды Отеллойы ролы венециаг мавры бæсты чъребайаг дзидзауæйгæнæджы уыныс, Дездемонæйы ролы та – нырыккон европæйаг фотомоделы, уæд – табуафси, ныффысс кæнæ искæмæн ныффыссын кæн ахæм пьесæ. Шекспиры та ныууадз, цахæм у, цахæмæй йæ зонæм æмæ уарзæм, ахæмæй. Алцы дæр ивы уæлион дунейы, дугивæны къæхтыл сахсæн нæ бакæн-дзыстæм, фæлæ æз «Софиайы зарæг»-мæ уый тыххæй цæуын, цæмæй ма дыууæ сахаты бæрц уæддæр ацæрон уыцы дуджы цардæй, дыууæ сахаты бæрц уæддæр баулæфон ацы æнæхайыры фейсбукæй… Фæлæ уым дæр уый кой куы хъусон, уæд æм цæмæн мæрдтæм хауын?.. Æппæт уыдæтты фоныл афтæ зæрдæбынæй уымæн бацин кæнын Бекъойты Розæйы æнæлаз аивадон позицитыл. Розæ та нын радон хатт дæр фенын кодта, классикон драматурги æнæуый дæр хъæздыг кæй у, эксперименттæ æмæ тыхмиты фæрцы рацараз-бацараз хъуаг кæй нæу. Æмæ та уыцы æнæфæцудгæ позицийыл фидар хæцгæйæ, йæ курдиатджын удæй æнкъаргæ аивадон æууæлтыл комдзог нæ рацæугæйæ, йæ барджын хъæлæсæй сдзурын кодта «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы. Куыд у æмæ куыд хъуамæ уа, ахæм хуызы: фыдæлты хъарæг, фыдæлты кадæджы хуызы.

Ам хæрам æмæ æнæуынондзинад тыхджындæр сты уарзт æмæ лæгдзинадæй – тугмондаг Хъуыдайнат æлдар у, дардыл мыггаг, фæсдзæуинтæ йын ис. Зындон кæй цардæй сарæзта, цъыфкъахæй кæй намыс æмæ сæрыстырдзинадыл балæгæрста, уыцы Госæма та æдых æмæ æнæбон у… Тархъæды арфы, талынг лæгæты, сырдты ‘хсæн кæй схъомыл кодта, уыцы æнамонд хъæбул Хæсанæйы йедтæмæ йын ничи ис арвæй зæххы ‘хсæн, фæлæ уымæн та тæрсгæ кæны, иргъæвы йæ, ауæрдгæ йыл кæны – ууыл ма йын исты куы ‘рцæуа, уæд бынтондæр аскъуыйдзæн йæ сæрыхицау Солæманы тау – уидаг. Фæлæ уыцы æдых æмæ æнæбон рæстдзинад ссӕдз азы дӕргъы нæ басаст æмæ нæ сæтты æгъатыр æмæ тыхджын хæрамæн.

Тадтаты Фатимæ (Госæма) у, нæ театры сценæйыл ма абон ирон сылгоймаджы трагедион фæлгонц йæ хæдхуыз ирон фæлысты профессионалондæрæй чи равдиса, уыцы артисттæй. Театрдзау æууæнды Тадтоны Госæмайыл, уымæн æмæ йæ нæ сайы уæлæнгай хъазтæй, цæргæ кæны Госæмайы цардæй, йæ хъысмæты трагизм æмæ уды рыст ын арæхстджын æмæ зæрдиагæй хæссы сценæмæ. Фæлæ, дам, хæринаджы цæст хæры: кæд ахæм фиппаинаг рæгъмæ хæссыны аккаг у, уæд æй цыма иучысыл йæ фæлыст, ома, йæ дарæсы конд хъыгдары… Тархъæды, лæгæты цæры, йæ уæззау социалон уавæр дзы хъазтмæ цæуæн разгæмттæ нæ домы,  фæлæ цыма йæ фæлыст цыдæр испайнаг фадбарцы æнгæс у…

Куыдфæндыйæ дæр ам æппæт персонажты ‘хсæн цæст æмæ хъуыды Хæсанæйы агурынц, уый у йæ астæумагъз, уый уæхсчытыл æвæрд у спектаклы уæз. Æмæ сценæмæкæсæг хæраймаг нæу, Хæсанæйæ (Куымæридтаты Батрадз) иннæ фæлгæндзтæй фылдæр кæй домы, уымæй. Дзырд дæр ыл нæй, ирон сценæйыл Хæсанæйы роль Таутиаты Солæманы фæстæ хуыздæр чи сæххæст кодта, уыцы актерты номхыгъдмæ бахаудзæн Куымæридтаты Батрадз дæр, фæлæ… Советон дуджы театралон критиктæ æмæ аивадиртасджытæ, цыма æмдзырд бакодтой, уыйау сæм Отеллойы роль æххæстгæнджытæм ахасты бафиппайæн уыд иу æмхуызон, сусæг-æргом хатдзæг: Отелло уарзгæ кæм кæны, уым Остужевæн æмбал нæй, фæлæ йæ намыс, йæ сæрыстырдзинады сæрыл кæм расты, уым Тæбæхсæуты Балоимæ абарæн дæр никæмæн ис… Ахæм абарсты коммæ кæсгæйæ, рæстдзинады коммæ дæр хъуамæ бакæсæм: Батрадзæн йе ‘рдзысконд æмæ йæ актерон авналæнтæ йæ къух хуыздæр аразынц фыццаг планы. Спектаклы мидисмæ гæсгæ Хæсанæ у сабиау наивон, фæлмæнзæрдæ, ӕддаг дунейӕ иппӕрддзинад ӕмӕ йыл тархъӕды иугъӕдон ӕгуыппӕг сӕ фӕд ахӕм хуызы ныууагътой. Фӕлӕ  йӕ мад, Госӕмайы судзгӕ хъарджытӕм хъусгӕйӕ, схъомыл ӕмӕ йӕ уды арфы знӕт сырд ӕмбӕхст ис. Йӕ уды нымæг рыст æртхутæджы норст цæ-хæрæй уæлдай нæу, иу чысыл бацагайдӕй дӕр уыцы сабыртӕконд, фӕлмӕнзӕрдӕ лӕппу хъуамæ тугдзых сырд феста, йӕхи загъдау, хӕхтӕ дӕр бадон кӕна. Хан дзы сӕ тыхтӕ бафӕлварын кӕм домы, уыцы сценӕйы Хӕсанӕйӕн ахӕм характеристикӕ дӕттӕг текст ис ӕмӕ театрдзау фырцымыдисӕй бандзыг вӕййы, ӕнхъӕлы, Хӕс-анӕ йӕ кард куы сласа, уӕд йӕ героикон манерӕ ӕмӕ хъӕбатыр фердӕхтӕй бӕстӕ дзӕнгӕлтӕ фӕхаудзӕн. Уымӕн загътон, театрдзау фылдӕр домы Батрадз-Хӕсанӕйӕ…

Ӕмӕ ма иу хабар: ацы дунейыл алцы дӕр абаргӕйӕ у – мах Хӕсанӕйы хъӕбатырдзинад, йӕ рӕстаг тохы фӕстиуӕг ӕндӕргъуызон уынӕм поэмӕйы:

«Мулдартӕ, Мулдартӕ! Цӕй ривӕд ӕркодтат

Фарастӕй ацы бон цъӕх уымӕл кӕрдӕгыл?!

Ӕнхъӕл нӕ уыдыстут фарастӕй амӕлын

Ӕфхӕрдты цӕхӕрцӕст Хӕсанӕйы къухӕй».

Ӕмӕ цӕстыты раз сысты, йӕ тыхджын знӕгтӕй ӕнӕмсӕр хӕсты фараст чи рафӕлдӕхта, ахӕм бӕгъаты-ры фӕлгонц. Спектаклы цы Хӕсанӕйы уынӕм, уый къу-хӕй мӕлынц ӕрмӕстдӕр Хан ӕмӕ Хъуыдайнат…

Ӕз афтӕ зӕгъынмӕ нӕ хъавын, иугӕр Лев Толстойы Анна Каренина романы йӕхи поезды бын баппары, уӕд драмон версийы дӕр сценӕйыл «Воркута-Краснодар»-ы поезд рацӕуын кӕнӕм… Фӕлӕ сценӕйыл дӕр бирӕ гæ-нæнтӕ ис, алцы сӕгъы сыкъайы тъыссын нӕ хъӕуы.

Спектаклы мидзмӕлды цыппар фӕлгонцы сты сӕйраг архайджытӕ. Иуӕрдыгӕй – мад ӕмӕ фырт иумӕ, хӕрамдзинадӕй ӕфхӕрд удтӕ, социалон мастисджытӕ. Иннӕрдыгӕй – Хъуыдайнат. Саузӕрдӕ лӕг, ӕппӕт фыдбылызты цырв. Ацы ӕртӕ персонажы тохӕн рагон æмæ арф уидӕгтӕ ис. Госӕма ӕмӕ Хӕсанӕйы тохы дызӕрдыггагӕй ницы ис, цард ӕмӕ сын намысы сӕрыл у, ницæмæй сты хæраймаг, куыд хæрамы амæттæгтæ, афтæ дæр æмæ куыд социалон мастисджытæ, афтæ дæр. Фӕлӕ саузæрдæ Хуыдайнат дӕр йæхи кæд æвæры рæстдзинад агурæджы бынаты – нӕлгоймаджы сӕрыстырдзинады сӕрыл тохгæнæгæй ӕвдисынмæ хъавы йӕхи: уый та куыд, куыднæ йыл баввæрсыд Госӕма, Хъуыдайнаты цур куыд равзӕрста мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк Солӕманы?!.

Æрмæст цыппӕрӕм сӕйраг фӕлгонц Агуындӕ ӕнӕхъӕлӕджы сис уыцы тохы хайадисӕг дæр ӕмӕ йæ амӕттаг дæр. Фӕлӕ дзы райдианы аххосджын ничи у сӕ хъысмӕты йедтӕмӕ. Хӕсанӕ ууыл никуы ахъуыды кодтаид, йӕ туджджын, йӕ цыфыддӕр знаджы хӕрӕфырты бауарздзӕн. Агуындӕ йӕхӕдӕг дæр нæ уыд уый ӕнхъӕл, ӕмӕ йӕ тызмӕг мадыфсымӕр цалдæр азы ӕхсты бӕрцмӕ кӕй агуры, уыцы «знаг» йӕ удлӕууӕн суыдзӕн. Йӕ удлӕууӕн ӕмӕ йӕ царды кӕрон…

Диссаджы рӕсугъд фӕлгонц рауад Агуындӕ Сагирова Миленӕйӕн. Цыма сæ сфæлдисæг иу джиппы рауагъта – ссардтой, бамбæрстой кæрæдзи. Миленæ йӕ арӕхст, йӕ фидыц ӕмӕ сылыстӕгон уӕздандзинадӕй цӕсты тигътӕ йӕхимӕ исы. Бантыст ын Агуындæйы сценæмæкæсæгæн бауарзын кæнын, йæ рыстыл æй фæриссын кæнын.

Грис-иу йæ фырцинæй цæйау дзырдта: цæстытæ хурæй йедзаг кæнынц, Хæсанæ æмæ Агуындæ кæм фембæлынц, уыцы сценæмæ кæсгæйæ. Ирон æгъдауы алæмæты тых уæнгты иннæрдæм хизы. Ирон чызджы цæсты гагуыйау хъахъхъæнинаг намыс кæй дæлбар у, уыцы æфсæрмдзæстыг æмæ ирон лæппуйы хиуылхæцгæ уæздандзинады уд æхцон ленчытæ кæны! Фæлæ…

Цыма ацы удыл тайгæ рæсугъд сценæйы исчи цæсты фæкодта!..

Æвиппайды æрбатары сты æппæт уыдæттæ: нырма мæнæ ацы тæккæ чи базонгæ, уыцы чызг æмæ лæппу æнæнхъæлæджы афтæ схъыллындз сты æмæ, чысыл ма бахъæуа, сценæйыл монцты цæхæрæй арт сирвæза… «Фыццаг фендæй уарзт» ис, æрдзы сфæлдисгæ у, æз æй не ‘рымысыдтæн, фæлæ, ирон уарзт Къакъайы топпыхосы фæпæрттау ма хъуамæ уа…

Сæйраг зæгъинæгты ‘хсæн сæрмагондæй æнæзæгъгæ нæй Гаглойты Артуры (Хъуыдайнат) сфæлдыстадон æнтысты тыххæй. Раст цыма йæ актерон авналæнты бархъомыс цæрæнбонты райстбавæрдæй дардта, Хъуыдайнаты ролы бацæуынмæ йыл ауæрста, афтæ йыл, кардæй карстау, сфидыдтой Хъуыдайнаты миддунейы æууæлтæ æмæ йын йæ æгъатырдзинад ирдæй чи æвдисы, уыцы æддаг бакаст. Уæлдайдæр, йæ мæлæт кæм ссары, кæм æрхауы, уыцы сценæйы: сау хохау ракалд, рафæлдæхт, æппæт фыдбылызтæ æмæ æнамонддзинæдтæ кæй аххосæй æрцыдысты, зæхх дæр кæй хæрам æмæ фыдæхæй скъуыдтæ кодта, уыцы тиран!..

Дзырд Хъуыдайнатыл кæм цæуы, уым ма æххæст иу цымыдисон фиппаинаг: æмбарæм æй, йæ сидзæр хæрæфырты цардбæллон уд аскъуынынмæ дæр кæй тугæйдзаг къух фæтасыд, уыцы Хъуыдайнатæй ирон æгъдауы фарн домын æнæхъуаджы фыдæбон у, фæлæ «æгæр ницæмæй бæззы» дæр аппаринаг нæма у… Ирон лæг йæ уазæгæн нуазæн дæтты тыргъы – нæ дæр фынгыл бадынц, ничи дæр сын æвдисæн ис, афтæмæй. Мæнæ йын, цыма, хæдзарæй хуымæтæджы дзыхы дон рахаста, афтæ…

Иннæ рольтæ чи æххæст кæны – Гæджиты Ингæ (Азаухан), Мамиты Григори (Хан), Хуыгаты Альбинæ (Заре-мæ), Букуылты Сослан (Бæтæхъо), уыдонæй алкæмæн дæр йæхи профессионалон æрмдзæф ис, алчи дæр дзы йæхирдыгон, фæлæ аккаг хайбавæрд бахаста спектаклы иумиаг æнтыстмæ, алчи дæр сæ арфæйаг у. Уæлдайдæр – Бибылты Сослан. Кæд фæрсаг ролы хъазы, кæд Ханбиттайы роль иууыл сæйрæгтæм нæ хауы, уæддæр театрдзауы цæстæнгас æндæдзы Сосланыл, уæгъд æй нæ уадзынц сусæг-æргом цæстызултæ, йæ профессионалон фердæхт æмæ æрдзон фидыц ын тыхæй хъарынц сæйраг архайæджы статус.

Æниу, уыдонæй фыццаг хатт нæ рухс кæнынц зæрдæтæ, фæлæ ацы хатт уыцы рухсмæ бафтыд ног ныфсы рухс. Ацы премьерæйы нæ сценæйыл фыццаг хатт федтам Гаглойты Эдуарды æмæ нæм гуырын кæны фидæны ныфс. Кæд нын æй аивады бардуаджы цæст бауарза, уæд дзы ныфс бавæрæн ис, нæ сценæйы фидауцтæ иу фæфылдæр уыдзысты.

Кæй кадæгмæ байхъуыстам, уыцы фыдæлты царды хуызтæ нын æнусты арфæй нæ размæ чи æрхаста, нæ уыцы номдзыд нывгæнæг Челæхсаты Магрезæн куыднæ хъуамæ зæгъæм стыр бузныг йæ уынаг цæст æмæ бæрзонд профессионализмы тыххæй.

Æз федтон æцæг ирон аивад! Йæ традицион фæлгæтты, æнæ уæлдай цæлхъытæ æмæ тыхарæзт бибитæй. Финал куыд æввахсдæр кæны, афтæ хъусты зæлынц кадæггæнæг куырм Бибойы удмарæг дзырдтæ:

«Цæй цъæхахст ныккодта Æфхæрдты Госæма!

Цæсгоммæ февнæлдта, тонын æй райдыдта,

Тонын æй райдыдта, кæуынæй нал æнцад».

Æмæ кæд ам финал дæр чысыл æндæргъуызон у, уæд-дæр уадиссаг не ‘ндавы ацы æмыдзаг дунейы æнусон царды фæткыл – исæм æй, куыд у, афтæ. Сæйраг уый у, кæй сæххæст кодтам куырм Бибойы фæдзæхст: «Байхъусут хъарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ…».

Фарн махмæ дзурæд, фæлæ нæ фыдгул знæгтæн сæ рыстыл фæриссæг ма уæд!.. Ахæм спектаклмæ бакæсгæйæ, ду-рæйконд зæрдæйæн дæр æнæфæрисгæ нæй. Фæлæ та ацы спектакль фенгæйæ, алы ирыстонуарзаг зæрдæ дæр бæстыдзаг цинтæй байдзаг уыдзæн. Амондджын æмæ хъæздыг кæй стæм, уый цинæй. Нæ историйæ, нæ аивадæй, нæ удварнæй. Хъæздыг цæмæй стæм, уыцы хъæздыгдзинæдтæй та иу, æнæдызæрдыгæй, «Æфхæрдты Хæсанæ» у. Æмæ зæрдæ хуры фарсмæ бады. Æрмæст ацы ног спектаклы ци-нæй нæ – «Æфхæрдты Хæсанæ» цы адæмы у, уыцы адæм цæрынц, размæ цæуынц, знаг æмæ хъысмæтæн сæттын нæ комынц.

ГӔБӔРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.