Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры директор Уалыты Мадинæимæ.

Ахæм бæрнон бынатмæ бахизыны тыххæй раарфæ кæныны фæстæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, театр у национ хæзна. «Ды хорз æмбарыс аивад. Уымæй уæлдай ма дæм ис хорз организацион курдиат, кæцытæ, мæн уырны, баххуыс кæндзысты дæ разылæууæг хæстæ скъуыддзаг кæнынæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады фарсæрдыгæй Паддзахадон драмон театрæн кæй цæудзæн алыварсон æххуыс, афтæ ма бахæс кодта, цæмæй театры ног бæстыхайы премьерæ ауадзынæн баххуыс чындæуа.

Йæ рады Уалыты Мадинæ ныфс бавæрдта, æппæтдæр кæй сараздзæн, цæмæй йыл паддзахады къухдариуæгад цы æууæнк бафтыдта, уый аккаг разына.

«Æз æмбарын, ацы бынаты мыл цы бæрн æвæрд цæуы, уый. Мæ разы цы хæс æрæвæрдтай, уый хуымæтæг нæу, фæлæ йыл æз фæтых уыдзынæн», – загъта директор.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, театр у республикæйы национ хæзна æмæ йæ æнæмæнгæй хъæуы бахъахъхъæнын æмæ рæ-зын кæнын.

«Проблемæтæ бирæ ис, фæлæ коллективы æххуысæй уыдон скъуыддзаг цæудзысты. Уымæн æппæт уавæртæ дæр ис: хорз бæстыхай, курдиатджын актертæ, аивадон къухдариуæггæнæг æмæ директор. Мах алцыдæр араздзыстæм, цæмæй адæм райсой, афтæ бирæ цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уый», – банысан кодта Уалыты Мадинæ.

РХИ-йы Президент æмæ

 Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.