РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик министрты кабинетимæ æруынаффæ кодта закъонсфæлдыстады районты администрациты структурон рацарæзты æмæ кардты ног равæрды фарстытыл.

Хицауады рабадтмæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта, уыцы боныл 10 азы кæй æххæст, уый сæраппонд. «Фæнды мæ республикæйы хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты размæ сымахæн ацы бæрæгбоны цытæн  раарфæ кæнын æмæ уын уæ куысты тыххæй бузныг зæгъын. Бирæ трагикон азты фæстæ фæуæлахиз рæстдзинад. Нырма Уæрæсейы Федераци агрессоры æркодта фидыдадмæ, æмæ нын уый фæстæ та банымадта нæ республикæйы хæдбардзинад. Уый уыд æнæферохкæнгæ момент. Мах нæ зæрдыл дарæм уыцы бон, уыцы циндзинады атмосферæ, кæцыйы эмоцийы тыхмæ гæсгæ гæнæн ис абарæн 1992 азимæ, нæ республикæмæ фидауынгæнджытæ куы æрбацыдысты æмæ адæмы скуынæг кæнынæй куы бахызтой, уыцы бонимæ», –  загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Хицауады сæргъ чи лæууы, уыцы чиновниктæ хъуамæ алцыдæр саразой адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæныны тыххæй. «Мах хъуамæ тырнæм, гæнæн цы ис æмæ гæнæн цæмæн нæй, уый саразынмæ, цæмæй цард республикæйы суа хæрзвадатдæр, цæмæй адæмæн сæ бон уа сæ царды плæнттæ нывæндын, цæмæй ныфсджын уой, зæгъгæ, мæ бинонтæн ам хорз у æмæ мæ сывæллæттæ дæр хъæуæг уыдзысты республикæйы. Æппæт уыцы хæстæ лæууынц Хицауады раз», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Уыимæ иумæ уый банысан кодта æххæстгæнæг хицауады уæлдæр органы архайды зынгæ размæцыд æмæ сын раарфæ кодта сæ бакæнгæ куысты тыххæй. «Бузныг, цы аразут, уый тыххæй. Æппæт нæ иумиаг æнтыстыты сымахæн ис стыр нысаниуæг. Æмæ дарддæр уæ разы лæууы ноджы вазыгджындæр хæстæ аскъуыддзаг кæнын. Нæ адæм куыстуарзаг сты æмæ мах хъуамæ æппæт уавæртæ дæр саразæм, цæмæй кусой, фæллой кæной», – йæ ныхас балхынцъ кодта Президент.

Уый фæстæ рабадты хайадисджытæ æрæвнæлдтой боны фæткмæ, фыццаг рады РХИ-йы фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Дзигойты Станиславы йæ бынатæй ссæрибар кæныны фарстмæ æркæсгæйæ. Комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей фехъусын кодта, зæгъгæ, Дзигойты Станислав йæ бинонты уавæрмæ гæсгæ конд цæуы æндæр бынатмæ æмæ йын йæ бынатмæ æрбавдыста Гатыгкоты Валентинæйы кандидатурæ, кæцы ныртæккæ у комитеты æмæ Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы кусæг.

Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, комитеты сæрдары хæдивæджы компетенцийы ис фæсивæдимæ куысты стыр ахсджиаг хай, æмæ уымæ гæсгæ нæй гæнæн цалдæр бынаты уыцыиу рæстæджы кусын. Уымæй дарддæр ма, уый хъусдард аздæхта, зæгъгæ, æххæстгæнæг хицауады органты ахсджиагдæр бынæттæм кандидаттимæ хъуамæ развæлгъау аныхас кæна Хицауады сæргълæууæг. «Куыд бæрнон адæймаг, афтæ, æз хъуамæ зонон ахæм масштабон куыст йæхимæ чи исы, уыцы адæймаджы. Ныфс мæ ис, æввахс рæстæджы кæй фендзынæн дæ бæрны уæвæг фадыджы рæзты план», – загъта Пухаты Эрик Гатыгкоты Валентинæйæн, кæцы йæ рады банысан кодта, кæй спайда кæндзæн æппæт йæ фæлтæрддзинад æмæ энергийæ цы хæстæ йыл ис, уыдонсæххæст кæныны тыххæй.

Хицауады уæнгтæ иууылдæр схъæлæс кодтой æрбавдисгæ кандидатурæйы тыххæй.

Уый фæстæ рабадты хайадисджытæ сфидар кодтой Ленингоры районы администрацийы кæройнаг штатон нымæц, кæцы фæкъаддæр æртæ штатон иуæджы. Ног ранывæзтмæ гæсгæ, техникон инвентаризацийы хайад рахызт кадастрон службæйы юрисдикацийы бынмæ, æмæ архайæг кусджытæй арæзт цæуы æнахъомты хъуыддæгты æмæ сæ барты фæдыл хайад. Кадастрон службæмæ рахызт Знауыры районы администрацийы БТИ-йы хайад дæр.

Паддзахадон хицауады æххæстгæнæг органты нормативон барадон акттæ бацæттæ кæныны Уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй фæндæттимæ ралæууыд Юстицийы министр Лалыты Залинæ. Дзырд цæуы «РХИ-йы паддзахадон хицауады æххæстгæнæг органты нормативон барадон акты бюллетены» мыхуыр кæныны процесс фæхуыздæр кæныны тыххæй, куыд периодикон рауагъд, афтæ.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.