РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæхимæ райста Экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды фæдыл комитеты сæрдар Къуылыхты Таймуразы, кæцы радзырдта 2019 азы фыццаг æмбисы бакæнгæ куысты тыххæй.

Комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ ведомствойы дæлхæйæттæ ауагътой цæстдарæн куыстытæ, куыд мидæггагон планы, афтæ æндæр контролгæнæн органты куырдиатмæ гæсгæ.

Сæ разылæууæг хæстæм гæсгæ æххæст цыдысты цæстдарæн мадзæлттæ æппæт арæзтадон куыстыты фæдыл, кæцытæ республикæйы территорийыл арæзт цыдысты паддзахадон заказмæ гæсгæ, уыцы нымæцы Инвестпрограммæйы фæлгæтты, уагъд цыдысты басгæрстытæ хæрзарæзтады  æмæ æрдзæй пайда кæныны фæткойтæ æххæст кæныны фæдыл.

Къуылыхты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, цухдзинæдтæ рабæрæг кæныны фæдыл арæзт æрцыдысты басгæрстыты акттæ æмæ  уыдон аиуварс кæныны фæдыл лæвæрд æрцыдысты æмбæлон гæххæттытæ.

Басгæрсты æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты административон территориалон иуæгты цур къамистæм æркæсыны тыххæй.

Уымæй дарддæр ма комитеты барадон базæ фæхуыздæр кæныны нысанæн уагъд цыд нормæфæлдисæн архайд.

Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы ис æнæскъуыддзаг фарстытæ æнæзакъонон брондæттæ аиуварс кæнын, хъæдтæ, доны ресурстæ бахъахъхъæныны фæдыл.

«Ацы хъуыддаджы хъæуы æргом æмæ æнгом куыст кæнын республикæйы цæрджытимæ, дзыллон информацийы фæрæзтимæ, уый æххуыс кæны, ведомствойы раз цы хæстæ лæууынц, уыдон хуыздæр скъуыддзаг кæнынæн», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.