РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта æмбырд министрадты æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ проблемон фарстыты фæдыл, кæцытæ рабæрæг сты азы фыццаг æмбисы хыгъдтæм байхъусыны рæстæджы.

Æмбырды куысты хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны фадыджы цæстдарыны фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæ, Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны фæдыл комитеты сæрдар Бестауты Бала, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард, паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-ы директор Лалыты Мурат æмæ æндæртæ.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, æнæкоординациондзинад æмæ химæ инициативæ нæ исын æххæсткæнынадон хицауады органты хъыг дары сæ куыст эффективонæй æххæст кæнынæн.

«Банысан кæнын мæ фæнды, хыгъдтимæ базонгæ уæвыныны рæстæджы æз сæмбæлдтæн разылæууæг хæстæ æххæст кæныны цухдзинæдтыл. Уыдонæн сæ сæйраг аххосæгтæй иу у, æххæсткæнынадон хицауады органты хицæн къухдариуæггæнджытæ кæй архайынц æнæ æмразы æмæ æнæ инициативæйæ. Цалынмæ бæрнджын адæймиæгтæ сæ хæстæ кæрæдзийыл æвæрынц, уæдмæ хъуыддаг йæ бынатæй не ‘ггуырсы», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Уый радзырдта æндæр æмæ æндæр фадгуыты æнæскъуыддзаг фарстыты тыххæй, уыдоны нымæцы эксплуатацимæ лæвæрд объекттæ рæстæгыл хыгъды сæвæрын.

Сæйраджыдæр, ныры онг бæрæг нæма ‘рцыд эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуæг Паддзахадон драмон театры, ХИПУ æмæ Ленингоры иумæйагахуырадон скъолайы  бæстыхæйттæн балансдарæг. 

Пухаты Эрик профилон структурæтæн бахæс кодта, ацы фарстыл бакусын æмæ йæ цыбыр æмгъуыдмæ аскъуыддзаг кæнын.

Уый ма бахæс кодта, ахуыры азы райдианмæ Ленингоры поселочы сабидоны хъармгæнæн системæйы авари аиуварс кæнын.

Æркастысты ма СанПиН-ы домæнтæ æххæст кæныны арæзтадон куысты рæстæджы, зынгсирвæзты æдасдзинад æмæ æрдзæй пайда кæныны нормæты фарстытæм.

Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, æппæт нормæтæ дæр профилон структурæтимæ хъуамæ æмразыгонд уой проектон документаци цæттæ кæныны стадийы, цæмæй арæзтады процессы рæстæджы ма бахъæуа цухдзинæдтæ иуварс кæнын.

Хицауады Сæрдар рабадты хайадисджытимæ æруынаффæ кодта цæугæдон Леуахийы донбылты æнæзакъононæй архайæг дурыссæнты фарстыл.

«Бирæ дурыссæнтæ кусынц æнæ лицензийæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фидынц хъалонтæ дæр. Уымæй уæлдай ма, лицензи кæмæ ис, уыдон дæр нæ кусынц зæххы рекультивацийыл кæм бакуыстой, уым. Æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй арендатортæ зæххыты æркæной ахæм уавæрмæ, цæмæй уыдон уый фæстæ дæр бæззой пайда кæнынæн», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар бахæс кодта, цæмæй бæрæг æрцæуой æппæт æнæзакъонон дурыссæнтæ æмæ сæ хицæутты бæрндзинадмæ æркæной.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.