Легендарон студентон клуб «Аполлон»-ы бындурæвæрæг, историон зонæдты кандидат, РХИ-йы адæмон ахуыргæнæг, Кады ордены кавалер æмæ алкæмæн дæр уарзон адæймаг Саулохты Тамарæйы ном хорз зындгонд уыд Ирыстоны. Ацы аз 1-æм марты клубы сырæзтыл сæххæст 50 азы, фæлæ, хъыгагæн, Саулохты чызг нал фæцард йæ уарзон клубы юбилеймæ. Уый цардæй ахицæн 2021 азы 22-æм сентябры.

Клуб «Аполлон»-ы уæнгтæ, йæ къухдариуæггæнæг Къацты Олесяйы сæргълæудæй, аскъуыддзаг кодтой, цæмæй Дзауы районы Леты комы æнæном хохы бæрзæндæн лæвæрд æрцæуа сæ уарзон хъомылгæнæг Саулохты Тамарæ Никъалайы чызджы ном. «3-æм сентябры «Аполлон»-ы уæнгты иу къорд 24 адæймаджы скондæй, уыцы нымæцы клубы ветерантæ дæр, схызтысты ацы бæрзæндмæ, кæцы ис денджызы æмвæзадæй 3331 метры бæрзæндæн. Бирæ азты размæ клубы къордимæ ацы хохы бæрзæндмæ схызт Тамарæ Никъалайы чызг йæхæдæг дæр. Уыдон уыдысты фыццæгтæ, ацы бæрзæндмæ схизын йæ бон кæмæн бацис, уыдонæй. Уыцы балцæй сæ зæрдæты цæрæнбонтæм баззадысты æнæферохгæн-гæ тæлмæнтæ. Уый фæстæ схызтысты æндæр хæхты бæрзæндтæм дæр.

«Махæн нæ къухты бафтыд Тамарæ Никъалайы афæдзы бонмæ ацы æнæном хохы бæрзæнд Саулохты чызджы номыл схонын, цæмæй афтæмæй йæ ном цæра æмæ йын йæ хъуыддаг дарддæр кæной Ирыстоны фæлтæртæ», – банысан кодта Къацты Олеся.

«Аполлон» арæзт æрцыд 1972 азы 1-æм марты, Хуссар Ирыстоны педагогон институты (абон университет) истори æмæ филологийы факультеты бындурыл, историон факультеты ахуыргæнæг, доцент Саулохты Тамарæйы хъæппæрисæй. Ацы диссаджы сылгоймаг бирæ азты дæргъы уыд клубы æнæраивгæ къухдариуæггæнæг. Клубы фыццаг рабадт уагъд æрцыд 1972 азы 1-æм марты æмæ ныр 50 азы дæргъы æрвылаз дæр 1-æм марты легендарон студентон клуб банысан кæны йæ райгуырæн бон. Æвæццæгæн, уæд Тамарæ Никъалайы чызг æмæ студенттæ дæр нæ ахъуыды кодтаиккой, клуб цæрыны гуырд кæй фæуыдзæн æмæ йын фидæны стыр нысаниуæг кæй уыдзæн, ууыл. «Аполлон» 50 азы дæргъы йæхимæ æлвасы Хуссар Ирыстоны университеты ног æмæ ног фæлтæрты. Æрвылаз дæр клубы рæнхъытæ баххæст вæййынц, уыцы æвзонг адæймæгтæй, кæцытæ æгæронæй уарзынц æмæ цымыдис кæнынц Ирыстоны æрдз, культурæ æмæ историмæ.

1974 азы ХИПИ-йы Тамарæ Никъалайы чызджы къухдариуæгадæй арæзт æрцыд къорд «Поиск», зæгъгæ, кæцы архайдта ахуыргæнджыты, студентты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты тыххæй æрмæджытæ æмбырд кæныныл æмæ сын æнтысгæ дæр бирæ бакодта сæ хъæуæг архайды. Клубы уæнгтæ организаци кодтой хæст æмæ уæлахизимæ баст изæртæ. «Аполлон»-ы уæнгтæ-иу уагътой фембæлдтытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантимæ. Фæхуыдтой-иу, институты ахуыргæнджытæй хæсты хайад чи иста, уыдоны æмæ æндæр ветеранты. Сарæзтой стенд «ХИПИ-йы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты», зæгъгæ.

Клуб «Аполлон»-ы маршруттæ уыдысты æрмæст Хуссар Ирыстоны хæххон къахвæндæгтыл нæ, фæлæ Цæгат Ирыстон, Абхаз, Хъæрæсе-Черкеси, Кæсæг-Балхъар æмæ æндæртæ. Фæлæ фыццаг хæрдмæцыд клуб сарæзта 1978 азы Хуссар Ирыстоны иууыл рæсугъддæр хæхтæй сæ иу – Бурхохы кувæндонмæ. Клубы историйы хицæн бынат ахсынц зынгæ ирон ахуыргонд Абайты Васоимæ изæртæ-фембæлдтытæ. Æнæ-хъæн изæр-иу уагъд æрцыд ирон æвзагыл, студенттæ-иу зарыдысты, кастысты æмдзæвгæтæ, Васойы райстой клубы кадджын уæнгæй, дидинджыты гирляндæ йыл бакæнгæйæ. «Саулохты Тамарæ уыд зынгæ ахуыргæнæг, уый равзæрста клубы куысты раст механизм, бын æрæвæрдта традицитæн æмæ традицитæ та фидар кæнынц коллектив. Уый клубæн ахæм фидар бындур æрæвæрдта æмæ уый цæры 50 азы дæргъы. Никæцы æндæр организаци нæ уæвынад кæны уыйбæрц азты дæргъы, уыимæ йын нæй финанскæнынад дæр», – загъта Къацты Олеся.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, абон ХИПУ-йы студентон клуб «Аполлон»-æн ис йæхи аудитори университеты 2-æм уæладзыджы. Уырдæм клубы уæнгтæ æрбамбырд вæййынц æрвылкъуыри дæр къуырисæр боны æмæ æруынаффæ кæнынц сæ дарддæры архайды здæхтытыл. Ацы традици хъахъхъæд цæуы ныр 50 азы дæргъы.

«Аполлон»-ы къухдариуæггæнæг Саулохты Тамарæ дзырдта: «Сымах хæхтæм куы ацæуат æмæ уæ зæрдæмæ куы фæцæуой, уæд сæ нал фæхицæн уыдзыстут æмæ сæм балцыты цæудзыстут уе ‘ппæт царды дæргъы. Æмæ афтæ дæр рауад. Æгæрыстæмæй-иу уæззау рæстæджыты дæр клубы уæнгтæ ацыдысты балцыты», – йæ зæрдыл æрлæууыд Къацты Олесяйæн.

50-аздзыд клуб ссис символ æмæ сæйраджыдæр та алы æмæ алы фæлтæрты  сæдæгай адæймæгты иугæнæг. Абон клубмæ цæуынц уыцы ныййарджыты сывæллæттæ, кæцытæ дæсгай азты размæ базонгæ сты «Аполлон»-ы. Дарддæр дæр цæуынц цымыдисон балцыты, уагъд цæуынц рабадтытæ, дарддæр кæны хæлардзинад æмæ фидардæр кæны уарзондзинад райгуырæн къуымы бынæттæм, хæхтæм, арты цур зарджытæм…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.