Дзауы районы Бузалайы хъæуы цæрæг  Гасситы Михаил æмæ йæ цардæмбал Лалыты Варя ахуырдзинадæн стыр нысаниуæг лæвæрдтой æмæ сæ цыппар кæстæры нæ  фæиппæрд кодтой уыцы фæндагæй. Афтæмæй сæ алчидæр каст фæцис уæлдæр ахуыргæнæндон æмæ æнтысгæйæ сæ хайбавæрд хæссынц нæ республикæйы рæзт æмæ размæцыды хъуыддагмæ.

Михаил æмæ Варяйы кæстæртæй сæ иу – Дуся 1980 азы Дзауы астæуккаг скъола æнтысгæйæ каст куы фæцис, уæд уыцы азы ссис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты студент. Скъолайы хорз зонындзинæдты хицау чи бавæййы, уыцы æвзонг адæймагæн уæлдæр ахуыргæнæндоны вæййы æнцондæр. Ахуырмæ вæййы рæвдздæр æмæ йæм куыд йæ ахуыргæнджыты, афтæ хорз ахаст вæййы йе ‘мкурсонты ‘рдыгæй дæр.  Ахæм уыд Дуся дæр. Уыимæ иумæ активон хайад иста уæлдæр ахуыргæнæндоны æхсæнадон хъуыддæгты дæр.

Институт æнтысгæйæ каст фæуыны фæстæ  Дусяйы куыстагурыны сæр нæ бахъуыд. Студент ма куы уыд, уæд-иу ын йæ ахуыргæнджытæ дзырдтой, цæмæй æрбацæуа, ахуыр кæм кодта, уыцы скъоламæ  æмæ куса семæ.

Æмæ сæм Дуся дæр байхъуыста. Кæй фарсмæ слæууыд, уыдон ‘хсæн уыдысты йæ раздæры ахуыргæнджытæ Цхуырбаты Алыксандр, Харебаты Зинæидæ, Цхуырбаты Филипп, Джиоты Циалæ æмæ æндæртæ. Дуся фыццаг хатт уæд загъта, кæй сæххæст йæ бæллиц, æмæ йæ зонындзинæдтæ рæдауæй амонын райдыдта йæ ахуыргæнинæгтæн. Фæстæдæр ма Дуся куыста Гуфта æмæ Æхслебы æнæххæст астæуккаг скъолаты дæр.

Дусямæ районæй ацæуыны фæнд никуы уыдис, никуы дæр ууыл хъуыды кодта, фæлæ амондагур сылгоймагæн йæ царды фæндаг æбæрæг вæййы. Æрыгон чызг базонгæ Цхинвалы арæзтадон-монтажгæнæн управленийы мастер Бекъойты Тотыримæ æмæ фæстæдæр сæ цард баиу кодтой.

Горæтмæ чындзы æрцæугæйæ дæр Дуся æгуыст бирæ рæстæг нæ баззад. Кусын райдыдта Цхинвалы сывæллæтты 9-æм рæвдауæндоны. Фæлтæрд кусджытæ уайтагъд рахатыдысты куыстмæ йæ æнувыд ахаст æмæ йæ айстой хорз. Фæлæ ахуыргæнæджы куыст уæддæр йæ зæрдæмæ æввахсдæр лæууыд æмæ кусынмæ бацыд горæты 12-æм астæуккаг скъоламæ. Уый уыд 12 азы размæ.

Йæ куыстмæ хорз ахаст кæй дары, уымæ гæсгæ йæ ахуыргæнинæгты ахуырфæразондзинад вæййы æмбæлон æмвæзадыл. Æнтыстытæ сын вæййы предметон олимпиадæты.

Дуся у ирон æвзаг æмæ ирон литературæйы ахуыргæнæг. Хорз æмбары, фæстаг цалдæр дæс азы скъолаты ацы предметмæ стырдæр хъусдард здæхт кæй цæуы, уый æмæ йыл цы бæрндзинад æвæрд ис, уый дæр.

Æрбалæууыд ног, 2022-2023 ахуыры аз. Дуся дæр та йыл æмбæлы ног тыхтæ æмæ фæндтимæ. Цы фæндтæ æмæ йæм хъуыдытæ ис, уыдоны та æнæсæххæсткæнгæйæ никуы фæуыдзæн.

Дусяимæ ныхас кæнгæйæ нæм ныхас æрхаудта 1-æм сентябры  тыххæй дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, растыл нæ нымайы, республикæйы скъоладзау фæсивæдæн сæ бæрæгбон ист кæй æрцыдис, уый. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, алыран дæр ахуыргæнинæгтæн скъолатæ сæ дуæрттæ байгом вæййынц 1-æм сентябры æмæ, зæгъгæ, уыцы хорз традицитæ нæ республикæйы скъолаты дæр халын нæ хъæуы.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.