Цалынмæ йæ цардæй ахицæн, уæды онг афтæ зындгонд нæ уыд йæ раттæг ирон адæмы ‘хсæн. Йе ‘нафоны мæлæты хабар нæм куы æрыхъуыст, уæддæр  – афтæ: Сербийы, Белграды бынмæ госпиталь Батайницайы йæ цардæй ахицæн хуссарирыстойнаг уæрæсейаг бархион… Æндæр ницы.

Сербимæ  Андиаты Альберт бархионæй ацыд 1999 азы. Уыд сербаг-албайнаг арæн чи хъахъхъæдта, уыцы 549 æм югославиаг мотоæхсæг бригадæйы рæстдзæвин. Уый хъæбатырæй тох кодта Косово æмæ Метохийы. Карз тохы рæстæджы фесæфта йæ иу цæст, фæцис бирæнымæц цæфтæ. Хæсты фæстæ цæргæйæ баззад Балканты, æркодта бинонтæ, райгуырд ын фырт, сæвæрдта йыл ном Лазæр. Активон хайад иста æхсæнадон царды, уæлдайдæр та – хæсты ветеранты организацийы

Андиайы фырт нымад, популярон адæймаг уыд Сербийы. Нымад уыд йæ хъæбатырдзинады тыххæй, фæлæ йын уæлдай популярондзинад æрхаста йæ иу раныхас, Косово æмæ Метохийы хъахъхъæнджыты ном сæнусон кæныны цытæн иу бæрæгбонон концерты: «Æз мæ цæст нæ фесæфтон, æз æй уым ныууагътон. Æгæрыстæмæй, æппæт æфсæнттæ дæр куы фесæфой, уæддæр мæнæн æфсон уыдзæн, цæмæй фæстæмæ ацæуон табуйаг Косово æмæ Метохимæ æмæ мæ цæст ссарон».

Мотоциклистты клуб «Æхсæвы бирæгътæ»-йы сербаг хайады сæргълæууæг Александр Савич уæрæсейаг æмæ æндæр фæсарæйнаг  журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй Андиаты Альберты цытæн йæ  хæстон æмбæлттæ Горни-Адровацейы Сыгъдæг Æрттигъы аргъуаны сорганизаци кодтой сæрмагонд службæ.

«15 марты мах сæххæст кодтам номарæн службæ æмæ ахæм хуызы бузныг загътам нæ Чырыстийы хуызы бацæуæг æфсымæр Альбертæн, кæцы тох кодта æмæ фæцæф сербаг адæмы сæрвæлтау» – загъта Савич.

Ирон хъæбатыр хæстоны кадæн Белграды уырыссаг зонад æмæ культурæйы центр «Уырыссаг хæдзар» та равдыста Евгений Баранов æмæ Александр Замысловы документалон киноныв «Край. Обреченные на изгнание», цыран дзырд цæуы Косово æмæ Метохийы трагеди æмæ Андиаты Альберты хъысмæтыл.

Андиайы-фырты мæлæт фæриссын кодта, чидæриддæр æй зыдта, уыдоны зæрдæтæ. Æрмæст Серби æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр рæтты дæр. Хæларзæрдæ, лæгдзинадæй æххæст, рæстагуд – ахæмæй баззайдзæн сербаг адæмы зæрдæты æнусмæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй Альберт амард COVID-19 æй фæрынчыны фæстиуæгæн. Сербийы æппæт дзыллон-информацион фæрæзтæ дæр фехъусын кодтой, ирон хъæбатыры æнафоны мæлæт тынг кæй  фæриссын кодта, стыр кад ын кæм уыд, уыцы сербаг æхсæнады.

Андиайы-фырт бирæ уарзта Ирыстоны. 2008 азы дæр æрцыд йæ хæлар Дрецун Милованимæ. Альберт дзæвгар азты дæргъы хæларæй цард зындгонд уырыссаг журналист Александр Сладковимæ. Сæ хæлардзинад райдыдта, Сладков Сербимæ Андиаты Альберты тыххæй репортаж аразынмæ куы ныццыд, уæдæй.

“Уый уыд, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм диссаджы адæймаг. Уыд зондджын, алы хъуыддаджы дæр хæдгъуыз удыхъæды хицау, оригиналон уыд ныхас кæнгæйæ дæр, йæхи удысконды философон ахасты. Зæххы къорийы алы къуымты бирæ адæмтимæ фембæлдтæн æмæ базонгæ дæн, фæлæ мæ уды Альбертæй ирддæр фæд ничима ныууагъта. Уый моралон æгъдауæй уыд æндонвидар адæймаг, уыдис диссаджы хæрзæгъдау адæймаг, æцæг æмбал», – загъта йæ хæлары амæлæты фæстæ Александр Сладков.

Зындгонд журналист басаст, Андиайы-фыртимæ кæй базонгæ, уый йыл бирæбæрцæй кæй бандæвта, ууыл.

«Мæныл нæ базонгæдзинад тынг бандæвта ахæм хуызы: фидарæй мын бауырнын кодта, арфдæр æмæ лæмбынæгдæр ахаст кæй хъуамæ дарай дæ митæм, дæ ивгъуыд æмæ дæ сомбонмæ, кæстæртæм, хæстмæ. Æз та, кæд æфсæддон уацхæссæг дæн, уæддæр хуымæтæджы зæххон адæймаг дæн. Хъысмæты фæндонæй мæ развæндагыл арæх фембæлын, хæстон темæйыл дзурæг чи вæй-йы, ахæм цардуагон уавæртыл, кæцытæ мæ уды арф ныххизынц. Альберт тынг серьезон цæстæй каст хæстмæ, йæхисæрмагонд царды историмæ, уыцы истори та йемыдзаг у зондзонæн, бæрзонд моралон æргъадтæ æмæ хæрзæгъдаудзинады цæвиттонтæй. Æз ын цæрæнбонтæм бахъуыды кодтон йæ ныхас: «мæ разы ахæм фарст куы слæууа, хæсты кæй фарсмæ хъуамæ балæууон, хæцын кæй сæрвæлтау хъæуы, уæд равзардзынæн, сывæллæттæ кæм мæлынц, уыцы фарс. Æмæ уæд мæ равзæрст дызæрдыггаг нæ уыдзæн», – зæгъы Сладков. 

Уый Андиайы фырты мæлæт банымадта йæхисæрмагонд трагедийыл.

«Æз æй цæрæнбонтæм мысдзынæн, иудадзыг кæсдзынæн, нæ фембæлдтытæ ист кæм æрцыдысты, уыцы видеоæрмæджытæм. Мæ зæрдыл лæудзысты, куыд-иу тезгъо кодтам Белграды уынгты, куыд зæрдæбын ныхас-иу кодтам. Йемæ уæлæнгай цæуылдæрты дзурæн нæ уыд, уымæн æмæ йæ алы дзырды дæр уыд арф хъуыды. Бирæ нæ дзырдта, фæлæ йæ алы сныхас дæр уыд æнæхъæн философи. Уымæн йæ бон уыд дыууæ дзырдæй галактикæ равдисын», -йæ мысинæгты бафиппайдта номдзыд журналист.

Сладков куыд зæгъы, афтæмæй уымæн Ирыстон æмæ Ирыстонæй ацыд  уыд, авд дуары æхгæдæй кæуыл дардта, ахæм сусæгдзинад… Кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыд ирон адæмы сæрыстырдзинад æмæ трагеди – Ирыстоны йæ кæй нæ ныууагътой, Сербийы кæй баззад, æмæ ирон адæмæн йæ бон саразын цы уыд, уый кæй нæ сарæзта, уымæй. Уый та нысан кæны, уыцы трагедийы цахæмдæр уроктæ агурын…», – зæгъы Александр Сладков.

Зындгонд æфсæддон эксперт Владислав Шурыгин та Андиаты Альбертимæ базонгæ, Сербимæ Сергей Михалковы киноныв «Солнечный ожог»-ы премьерæмæ куы æртахт, уæд.

«Уый мæм сæвзæрын кодта, ирон нæ цæстытыл цахæмæй ауайы, ахæм  æцæг ирон лæгæй банкъаргæ ирд тæлмæнтæ. Уый уыдис арф удыхъæды хицау адæймаг, кæцыйы йæ хъысмæт æнæнхъæлæджы хæцынмæ ахаста Ирыстонæй Сербимæ, йæ цард сбаста Сербиимæ æмæ йæ туг ныккалдта сербаг дуртыл. Йæ ацыд тынг бандæвта мæ удыл. Сæ фырты фесæфтой Ирыстон дæр, Серби дæр æмæ Уæрæсе дæр», – фыссы Шурыгин. Уый куыд загъта, афтæмæй йæхæдæг дæр уыд Сербийы бархионæй æмæ хорз æмбары Альберт æмæ иннæ бархионты…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.