Дыууиссæдз боны размæ цардæй ахицæн диссаджы уæздан æмæ æцæг ирон сылгоймаг Дзабиты Зарæ Бибойы чызг. Уый йе ‘ппæт æмбаргæ цард снывонд кодта рæзгæ фæлтæры хъомыладæн. Уый цыд йæ царды фæндагыл æмæ йæ фæдыл кодта рæзгæ фæлтæры, фидæны рæсугъд цардмæ сын фæндаг амонгæйæ. Чи банымайдзæнис, 50 азы дæргъы йæ зонындзинæдтæ æнæвгъау цал адæймагæн бацамыдта, цал адæймаджы бафтыдта царды раст фæндагыл, уыдоны.

Райгуырд Дзауы районы Раройы хъæуы. 1960 азы каст фæцис Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъола. 1966 азы Хуссар Ирыстоны педагогон институты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультет æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ кусынмæ æрвыст æцыд Ленингоры районмæ. Уым ахуыргæнæгæй куыста хæххон хъæутæ Нагомеу, Гду, Дореткар æмæ Гарубаны. Ацы скъолаты Зарæ фæкуыста авд азы. Хæххон хъæуты скъолатæ æхгæд куы æрцыдысты, уæд æй ахуыргæнæгæй ракодтой Ленингоры поселочы скъола-интернатмæ. Æдæппæтæй Зарæ Ленингоры районы бакуыста 13 азы. Æвзонг чызг хъæууон сывæллæттæн йæ зонындзинæдтæ кæй амдыта, уымæй исты стыр æхцондзинад. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты хæххон хъæутæ, сæ цæрджытæ. Уайтагъд ссардта фæндаг йæ хъомылгæнинæгты зæрдæмæ, бауарзтой æмæ йын кад кодтой ныййарджытæ æмæ йæ коллегæтæ дæр.

Æвзонг ахуыргæнæг фæллад цы уыд, уый нæ зыдта æмæ урокты фæстæ дæр никуы базивæг кодта уæлæмхас уроктæ ауадзынмæ, цин кодта йæ ахуырдзауты æнтыстытыл. Йæ æвæллайгæ цæсгомджын куысты фæрцы бонæй-бонмæ йæ къухты æфтыдысты стырдæр æнтыстытæ æмæ йæ хорзы кой айхъуыст æнæхъæн районы. Уыцы рæстæджы Ленингоры районы фыццаг хатт байгом скъола-интернат æмæ дзы ахуыр кодта бирæ сывæллæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис дзы зынхъомылгæнæн сывæллæттæ дæр, фæлæ уыдоны зæрдæтæм дæр æвзонг ахуыргæнæг фæндаг ссардта æмæ дзы бирæты бафтыдта царды раст фæндагыл. Зарæйæн-иу арæх йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ къласы цы дыууæ зынхъомылгæнæн лæппуйы ахуыр кодтой, уыдон – Церцвадзе Гела æмæ Плотников Юра. Зарæ сфæнд кодта уыдоны «æртасын» кæнын… Райдыдта семæ кусын, узæлыд сыл хи мадау, фæсурокты сын уагъта уæлæмхас уроктæ, семæ кодта æмбарынгæнæн куыст, уагъта сын беседæтæ, изæрыгæтты дæр-иу сæ абæрæг кодта хæдзары, сæхи куыд дарынц, уый базоныны тыххæй. Лæппутимæ дзæвгар рæстæг бакусыны фæстæ нылæууыдысты царды раст фæндагыл. Йæ ацы арфæйаг хъуыддаджы тыххæй дзы райгонд уыдысты уыдон сæхæдæг æмæ сæ ныййарджытæ дæр. Бирæ рæстæджы дæргъы сæ иста арфæйы фыстæджытæ. Йæ хорз куысты тыххæй йыл арæх уацтæ фыстой куыд районон, афтæ областон газетты фæрстыл дæр. Йæхæдæг дæр уыд бынæттон мыхуыры хæлар, арæх йæ уацтæ мыхуыр цыдысты газеты.

1979 азы Дзабиты Зарæ кусын райдыдта Цхинвалы районы Дменисы хъæуы астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Ам дæр уайтагъд ссардта иумиаг æвзаг куыд йæ коллегæтимæ, афтæ йæ ахуырдзаутимæ дæр. Ацы скъолайы кусгæйæ дæр уайтагъд айхъуыст йæ хорзы кой æмæ йын кад кодтой иууылдæр, куыд йæ коллегæтæ, йæ хъомылгæнинæгтæ, афтæ хъæубæсты цæрджытæ дæр.  Бахъуыды йæ кодтой хæдæфсарм уæздан æмæ æцæг ирон сылгоймагæй. 1987 азы Дзабиты чызг йæ хорз куысты тыххæй ссис Н.К.Крупскаяйы номыл премийы лауреат. Уыцы рæстæджы ахæм хорзæх стыр æнтыст уыд, æрмæстдæр æй аккаг кодтой иууыл хуыздæр ахуыргæнджытæн. Ацы преми лæвæрд кæмæн æрцыд, уыцы ахуыргæнджыты номхыгъд мыхуыр æрцыд «Учительская газета»-йы  1987 азы 3-æм октярбы номыры. Уыдон ‘хсæн ирон сылгоймаджы ном дæр кæй уыд, уымæй скад кодта куыд йæхицæн, афтæ йæ радтæг Ирыстонæн дæр. Ирон сылгоймаджы ном бæрзонд систа. Советон Гуырдзыстонæй ацы премийы аккг систы æртæ ахуыргæнæджы, уыдонæй сæ иу уыд Зарæ. Н.Крупскаяйы преми райсыны фæстæ йæм арфæйы фыстæджытæ æрвыстой скъолаты ахуыргæнджытæ сæ хъомылгæнинæгтимæ Советон Цæдисы алы къуымтæй. Уыдон сæйраджыдæр сæ фыстæджыты домдтой, цæмæй сæм ныффыстаид ирон адæмы, йæ скъолайы, Хуссар Ирыстоны автономон областы тыххæй. Зарæ дæр-иу сын сæ домæн сæххæст кодта. Уæдæй кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр уыцы фыстæджытæ  Зарæ æфснайдæй дардта йæ фатеры, уымæн æмæ йын уыдон йæ арфæйаг, ахсджиаг куыстæн уыдысты удæгас æвдисæны хуызæн.

Скъолайы кусгæйæ, алыхатт дæр активон хайад иста уагдоны æхсæнадон царды. Уагъта алыгъуызон кружоктæ, хайад иста ахуыргæнджыты конференциты, цыран-иу алыхатт дæр ралæууыд докладтимæ. Зарæйы ахуырдзаутæн-иу уæлдай хуыздæр æнтыстытæ уыд уырыссаг æвзаг æмæ литературæйæ. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы-иу æй бирæ хатт бахъуыд Дменисы астæуккаг скъоламæ БТР-тыл ацæуыны сæр дæр. Абоны онг дæр йæ хорзы кой фæкæнынц Дменисы хъæуы цæрджытæ, йæ раздæры ахуыргæнинæгтæ.

Уал азы дæргъы ахуыргæнæджы арфæйаг куыст æххæст кæнгæйæ, Зарæ хорзæхджын æрцыд бирæнымæц Кады грамотæтæ æмæ майдантæй. Уыцы хорзæхтæ-иу ын саккаг кодтой областы ахуыры хайад, Советон Гуырдзыстоны ахуырады министрад. Лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы ахуырады отличникы ном. Уыд ахуыргæнæг-методист, уæлдæр категорийы ахуыргæнæг. Афтæ ма уыд фæллойы ветеран дæр. Ахæм æнтыстытæ йæ къухты æфтыдысты, йæ професси æмæ йæ хъомылгæнинæгты кæй уарзта, уый фæрцы. Стыр æхцондзинад иста, йæ ахуырдзаутæ йæ цæстыты раз кæй рæзтысты, уымæй дæр. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ Зарæ йæхи æххæстæй дæр кæй снывонд кодта скъолайы куыстæн. Арæх-иу æй бабæрæг кодтой йæ раздæры ахуыргæнинæгтæ, нæ рох кодтой сæ уарзон ахуыргæнæджы æмæ-иу уый та стыр æхсызгон уыд йæ зæрдæйæн. Зарæ  пенсийы куы ацыд, уæддæр йæ уарзон куыст нæ ныууагъта. Йæ  зонгæтæ, йæ сыхæгтæ-иу æм бахатыдысты, цæмæй-иу сын сæ сывæллæттимæ уæлæмхасæй бакуыстаид æмæ-иу уый дæр æнæзивæгæй сразы ис. Уымæн æмæ æнæ йæ уарзон хъомылгæнинæгтæ æмæ професси йæ бон цæрын нæ уыд.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Дзабиты чызг кæй уыд рыстзæрдæ ныййарæг мад. Цалдæр азы размæ йæ хъæбул Чермен бынтон æнæнхъæлæджы хæрзæвзонгæй аивгъуыдта йе ‘нусон бæстæм æмæ йын ацы трагеди тынг бандæвдта йе ‘нæниздзинадыл. Ныр Зарæ дæр æнусон мæрдæнцойад ссардта йæ уарзон хъæбулы фарсмæ.

Йæ фæстæ ныууагъта хорз кæстæрты æмæ йын уыдон дарддæр кæндзысты йæ арфæйаг хъуыддæгтæ. Хуыцау зæгъæд.  Рæзгæ фæлтæры хъомылады Зарæ Бибойы чызджы стыр лæггæдтæ рох нæ уыдзысты йæ раздæры ахуырдзаутæй, йæ радтæг адæмæй.

Зарæ Бибойы чызг, рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.