Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй  ауагъдæуыд Хицауады рабадт. Боны фæткы уыд дыууадæс фарсты, уыцы нымæцы 2020-2022 азты æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзт æмæ фæсивæды монон-хæрзæгъдауыл хъомыл кæныны паддзахадон программæты проектты фарст.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, фадыгон паддзахадон программæйы мадзæлтты реализаци ахъаз уыдзæн специализацигонд медицинон æххуыс бакæныны эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнынæн, диагностикæйы инновацион мадзæлтты рæзтæн æмæ йæ ныббиноныг кæнынæн, кадрты квалификаци æмæ цард адарддæр кæныны макроэкономикон бæрæггæнæн фæхуыздæр кæнынæн.

Пухаты Эрикы хъуыдымæ гæсгæ, фадыгон программæйы реализацийыл бирæ æхцайы фæрæзтæ бахардз уыдзæн, ома, 600 милуан сомæй фылдæр, æмæ æнæ  Уæрæсейы æххуысæй уыдон сæххæст кæнын зын уыдзæн.

«Æнæниздзинады рæзты программæ нæ республикæйæн тынг ахсджиаг у, фæлæ уымæн уæлæмхас фæрæзтæ хъæуы. Уый фæстиуæгæн ацы фарстыл æруынаффæ кæнын хъæуы уæрæсейаг коллегæтимæ», – банысан кода Пухаты Эрик æмæ фæндон бахаста, цæмæй программæйыл уынаффæ æргъæвд æрцæуа, йæ финанскæнынады тыххæй конкретондæр уынаффæтæ ист куы æрцæуой, уæдмæ.

Дарддæр фидар æрцыд «2020-2022 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæсивæды монон-хæрзæгъдауыл хъомыл кæныны» Паддзахадон нысанмæздæхт программæ.

Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали куыд банысан кодта, афтæмæй раздæры программæ æх-хæст æрцыд кæронмæ.

Пухаты Эрик бафидар кодта, нысанмæздæхт программæ æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый эффективонæй кусы æмæ йæ адарддæр кæнын хъæуы. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ног программæ дæр уыдзæн цымыдисон æмæ æнтыстджын.

Ног программæйы мадзæлттæ здæхт сты спорты рæзтмæ, физкультурæйы, сывæллæтты сфæлдыстады, национ литературæйы, историйы, уыцы нымæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйы популяризацимæ, фæллойы кабинетты æмбæлон ифтонггæрзтæй сифтонг кæнын-мæ, этноцентрты, тематикон конкурсты, фестивальты сорганизаци кæнынмæ.

Дарддæр Финансты министр Хæбæлаты Азæ куыд радзырдта, афтæмæй «2020 азæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проект домы, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы уынаффæтæм гæсгæ ма цы æхцайы фæрæзтæ баззад, уыдон ацы аз дарддæр хардзгонд æрцæудзысты сæ раздæры нысæнттæн.

Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой Автомобилон транспорты управленийæн субсидитæ рахицæн кæныны фарст, кæцыйы фæстиуæгæн фæхуыздæр уыдзысты цæр-джытæн автотранспортон лæггæдтæ, уыцы нымæцы республикæйы районтимæ æдзухон автотранспортон бастдзинад дæр.

Ацы темæйы фæдыл Тотчиты Георги фехъусын кодта йæ фæндон дæрддаг цæрæн пункттæй медицинон анализты биоæрмæджытæ республикæйы лабораторимæ ласыны тыххæй Автомобилон транспорты управленийы фадæттæй спайда кæныны тыххæй.

Пухаты Эрик куыд загъта, афтæмæй уыцы фæндоны реализацийы руаджы бæрæгбæрцæй фенцондæр уыдзæн хъæууон цæрджыты цард æмæ йыл бакусын хъæуы Автомоби-лон транспорты управленийы къухдариуæгадимæ иумæ.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ уынаффæ кодтой Уалыты Виталий Сулханы фырты кандидатурæйы тыххæй æмæ йæ сфидар кодтой  Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй.

Уалыты Виталий бирæ рæстæджы дæргъы куыста Дзауы районы скъола-интернаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй, уый фæстæ та – районы Мидхъуыддæгты управленийы. Алы куысты дæр уый йæхи æвдыста зонаг, бæрнджын æмæ, йæ хæслæвæрдтæ рæстæгыл чи æххæст кæны, ахæм адæймагæй. Мадзалы кæрон скъуыддзаг æрцыд, Борджнисы хъæуы йæ хæдзар кæмæн басыгъд, уымæн æххуысæн сæдæ мин сомы рахицæн кæнын. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.