Пухаты Эрикы къухдариуæгадæй уагъд æрцыд РХИ-йы Хицауады рабадт. Райдианы Хицауады уæнгтæ æркастыты æмæ хорзыл банымадтой 2018 азы дыккаг æмбисæн Хицауады рабадтыты плæнттæ æмæ закъонпроектон архайдмæ. Фарстаты фæдыл раныхас кодтой Юстицийы министр Лалыты Залинæ æмæ Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег.

Пухаты Эрик æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта  рабадтыæм  цы фарстатæ хаст цæуынц, уыдоныл рæстæгыл бакусынмæ, цæмæй оперативон æгъдауæй скъуыддзаг цæуой.

«Хицауады эффективон архайад баст у министрадты æмæ ведомствоты æнæлаз куыстыл. Уымæ гæсгæ уæ курæг дæн, цæмæй рæстæгыл Хицауады Аппаратмæ бавдисат хъæуæг документтæ æмæ æххæсткæнынадон хицауадæн фадат уа оперативон æгъдауæй æмæ дырысæй йæ куыст æххæст кæнынæн. Уый у нæ æнтысджын куысты рахæцæн», -загъта Хицауады Сæрдар.

РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь раныхас кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонисты кодексы дыккаг хайы 360-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссын кæныны тыххæй» РХИ-йы закъоны проекты фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Хæцæнгарзы тыххæй» РХИ-йы закъоны уагæвæрд реализаци кæныны тыххæй Мидхъуыддæгты министрад бакуыста закъоны проект РХИ-йы Хъалонисæн кодексы статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй.

«Закъоны проект бæрæг кæны паддзахадон хъалоны бæрц лицензи райсыны, хæцæнгарз æфснайын, кæнæ дарыны, коллекци сæ кæныны, æмбæстагон æмæ службæйон хæнцгарз æдпатронтæ РХИ-мæ æрласын æмæ РХИ-йæ аласын, афтæ ма уыдоны архайды æмгъуыд фæфылдæр кæныны тыххæй», – загъта Наниты Игорь.

Министрты кабинет ма сфидар кодта цæрæнуатон хъуагдзинад чи æййафы, уыцы æмбæстæгты хыгъды æвæрыфны формæ æмæ уагæвæрд. Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта г.Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан.

«Ацы проект бæлвырд кæны цæрæнуатон хъуагдзинад чи æййафы, уыцы æмбæстæгты хыгъды æвæрыны фæтк. Хыгъд аразы паддзахон хицауиуæгады бынæттон орган, цæмæй цæрæнуатон хыгъды чи ис, уыдоны тыххæй зонæнтæ фæткмæ конд æрцæуой», -банысан кодта Коцты Алан.

Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария бахаста ахæм фæндон, цæмæй фидар æрцæуа дзыллон информацийы фæрæзты регистрацийы куырдиатимæ документты номхыгъд.

Хъотайты Мария куыд банысан кодта, афтæмæй ацы проект арæзт æрцыд, цæмæй Информаци æмæ мыхуыры комиеты куысты бæстон цæуа æмæ фадат радта куырдиатбахæсджытимæ  дырыс æмархайдæн.

«Ацы нормативон-барадон акты бындурыл Паддзахадон комитет араздзæн экспертизæ, куырдиатбахæсджытæ  цы документтæ бадæтдзысты, уыдонæн, дзыллон информацийы фæрæзтæ регистраци кæныны тыххæй(кæнæ ногæй регистраци скæнын). Уый нын нæ куысты процесс фæхуыздæр кæндзæн», – банысан кодта Хъотайты Мария.

Рабадты рæстæджы ма Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы структурæ æмæ штатон нымæц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.