РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæрдариуæгадæй цы рабадт ауагъд æрцыд, уым æркастысты бюджет æххæст кæныны, хъалонты закъондæттынады фадыджы уагæвæрдтæ æмæ нормæтæ нывыл кæныны, фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, мидведомствойон финансон контролы фæдыл фарстытæм.

Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой «Продукци æмæ лæггæдты сертификацийы тыххæй» РХИ-йы закъоны проект, кæцы æрбавдыста Стандартизаци æмæ метрологийы комитеты сæрдар Цхуырбаты Зауыр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, закъоны проект товаруадзджыты æмæ лæггæдты къабазы кусджыты хæсджын кæны сертификацион процедурæ рацæуын, фæл-хасгæнджыты лæггæдтæ фæхуыздæр кæныны æмæ товарты гъæд фæбæрзонддæр кæныны нысанæн. Афтæ ма закъоны руаджы закъоны проекты авторты ныфс ис уæрæсейаг базары фыдыбæстæйон товарты æмæ лæггæдты размæ кæныны иумиаг уавæр фæхуыздæр кæнынæй.

Уый фæстæ байхъуыстой æмæ сфидар кодтой 2018 азы фыццаг æмбисæн паддзахадон бюджет сæххæст кæныны тыххæй Финансты министр Хæбæлаты Азæйы хыгъдмæ. «Æфтиæгтæм гæсгæ паддзахадон бюджет сæххæст  2707804,9 мин сомæй, хæрдзтæм гæсгæ та – 2969896,9 мин сомæй. Бюджет сæххæст кæныны фæстиуджытæм гæсгæ сæвзæрд дефицит, 262,092,0 мин сомы.

Хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ æххæст æрцыдысты 633 956,6 мин сомæй, кæцы у 53,3 %. Ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, уыдон фæфылдæр сты 182 841,4 мин сомы (40,5%), – загъта министр.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, бюджеты æфтиæгты хайы фиппайдæуы æвæрццаг тенденцитæ æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы аз хъалонтæй æфтиæгтæ  фæфылдæр сты 50 милуан сомы,  республикæйы къазнæмæ та фыццаг хатт цæуын райдыдтой компани «Мегафон  Хуссар Ирыстон»-ы акциты 25% дивиденттæ, кæцытæ сты РХИ-йы Хицауады.

Уый фæстæ æркастысты æмæ хорзыл банымадтой «Бюджетон барадон ахастыты фадыджы мидæггагон паддзахадон финансон контролы фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министрады æххæстбартæ æххæст кæныны фæтк».

Министр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ «паддзахадон структурæты мидæг æхца иу ранæй иннæмæ æрвитын æмæ хæрдзтыл контроль  æфхæрыны тыххæй нæу, фæлæ у цухдзинæдтæ ма ‘руадзыны тыххæй мадзал».

Дарддæр министрты кабинеты уæнгтæ ивындзинæдтæ бахастой РХИ-йы Хъалонты кодексмæ. Сæрмагондæй, Хъалонты кодексы 2-æм хайы 239-æм статьяйы 2-æм пункт йæ тыхы кæй нал ис, уый нымад æрцыд. Ног текстмæ гæсгæ, æппæт цæсгæмттæ, кæцытæ архайынц РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы подрядты тыххæй бадзырдты бындурыл, сæрибар цæуынц бафтаугæ аргъмæ хъалонтæй, фæлæ æххæст кæнынц æфтиагмæ хъалон бафидыны фæдыл хæс.

Рабадты рæстæджы сфидар кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстоны хъармифтонгады уагæвæрдтæ сфидар кæныны тыххæй» Хицауады уынаффæйы проект.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ проектæн ис энерги ифтонггæнæг æмæ фæлхасгæнджыты ‘хсæн ахастытæ æрнывыл кæныны нысан æрмæст цæрæнуатон секторы нæ, фæлæ бюджетон организациты дæр.

«Барадон æмахастыты æмæ лæггæдты æмбæлон тарификаци фæхуымæтæгдæр кæнын у цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады инфраструктурæйы æмæ иумиагæй фадыджы рæзты негативон тенденцитæ аиуварс кæныны ахсджиагдæр уавæр», – банысан кодта Пухаты Эрик.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.