Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хæстонтæн, кæцытæ æбæрæгæй фесæфтысты, уыдон тыххæй уагъд æрцыд мысæн мадзал. Мадзалы хайад райстой республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Республикæйы Хицауады æмæ Парламенты Сæргълæуджытæ æмæ ирон мыггæгты минæвæрттæ.

«Ирыстоны ахæм хæдзар нæ баззад, Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ кæцыйæ нæ афæндараст кодтой хæстоны. Уыдонæй авд мин æмæ æрдæг адæймаджы сты æбæрæгæй сæфт, æмæ нæ абоны фембæлд дæр уыдзæн уыдоны нæмттæ æрымысыны тыххæй,- ахæм ныхæстимæ фембæлд байгом кодта РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ.

«Абон ардæм æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны цæрæг мыггæгты минæвæрттæ. Стыр бузныг уын алкæмæн дæр, кæй æрбацыдыстут, цæмæй æрымысæм абон немæ чи нæуал ис, уыдоны рухс нæмттæ. Æрымысæм 1941 азы Стыр Фыдыбæстæйон  хæстмæ чи ацыд æмæ æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдоны нæмттæ»,- банысан кодта Президенты уынаф-фæгæнæг.

Зассеты Жаннæ ма куыд загъта, уымæ гæсгæ Æнæмæлгæ полчы штаб хъусын кæны 1941 азы хæстмæ Ирыстонæй æдæппæт ацыдысты 21736 адæймаджы.

«Хуссар Ирыстоны Æнæмæлгæ полчы штаб æртæ азы дæргъы йæ куысты рæстæджы ссардта 1600 ингæны. 1600 бинонтæн сæ бон суыдзæн æмбæлонæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты нæмттæ ссарынæн. Æмæ абон сымах, уæлахизхæсджыты бындарты базонгæ кæндзыстæм кæй ингæнтæ ссардæуыд, уыцы хъайтарты мыггæгтимæ», – загъта Зассеты Жаннæ.

Нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли дæр стыр бузныг загъта фембæлдмæ æрбацæуджытæн, Ирыстоны мыггæгты мнæвæрттæн.

«Цы стыр бæрæгбонмæ æнхъæлмæ кæсæм, уый иуæй схонæн ис цæссыгимæ бæрæгбон, уымæн æмæ тынг бирæ адæм фесæфт,  Советон хицауад æмæ фидæны фæлтæрты тыххæй сæ удтæ кæм рауæлдай кодтой, уым. Кæй зæгъын æй хъæуы,  уый зын хъуыддаг у. Иннæмæй та стæм сæрбæрзонд, уый тыххæй æмæ ирон адæм цы хъайтардзинад равдыстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, уый мах зонæм. Æнæхъæн дунейы, æнæхъæн Уæрæсейы æмæ Советон бæстæты йæ алчидæр зыдта ирон адæм хъайтарты нымæцмæ гæсгæ фыццаг бынат кæй ахсынц, уый. Абон сæ алкæмæн дæр сæ нæмттæ хицæнæй кæй арæм, уый ууыл дзурæг у æмæ махæн хорз  фидæн кæй ныууагътой нæ хистæр фæлтæртæ. Æмæ мах та  хæсджын стæм, цæмæй уыцы сабырдзинадæн аргъ кæной нæ кæстæртæ дæр. Мах нæ кæстæртæн хъуамæ æмбарын кæнæм, цы хъайтардзинад равдыстой, æмæ уыцы æхсардзинадыл хъомыл кæ-ной. Хъомыл кæнын сæ хъæуы афтæ, цæмæй уыдон дæр тырной номдзыд адæймæгтæ суæвынмæ, цæмæй зоной кæй фæрцы цæрæм сабыр арвы бын, уый».

Стыр куыст бакодтой Æнæмæлгæ полкы волонтертæ, æмæ сын стыр бузныг се ‘ппæтæн дæр. Мæнмæ гæсгæ, уыцы хæстæн фæуæн нæй уæдмæ, цалынмæ сæфт цы хъайтартæ сты, уыдон сбæрæг уой, кæм ныгæд сты. Стыр бузныг абон ардæм цы мыггæгты минæвæрттæ æрбацыдысты, уыдонæн. Уый ууыл дзурæг у æмæ уыцы фæмардуæвæг адæмæн мах зæрдæйæ кæй аргъ кæнæм. Ирыстоны мыггæгтæ иууылдæр хъæбатыр, уæздан æмæ кадджын сты.  Æмæ уыцы хъæбатырдзинады тыххæй махæн нæ фыццаг хæс у, цæмæй кæрæдзимæ æрбангом уæм. Стыр Уæлахизы бæрæгбон нæ кæрæдзимæ уæлдай тынгдæр æрбангом кæны. Рухсаг уæт абонмæ кæй ингæнтæ ссардтам уыдон, хæсты быдыры чи баззад, хæстæй чи æрыздæхт æмæ сæ азтæм гæсгæ чи аивгъуыдтой, уыдон. Рухсаг уæт 1989-2008 азты гуырдзиаг фашистты къухæй чи фæмард, нæ уыцы хъæбатыр лæппутæ æмæ ветерантæ. Нæ кæстæртæ макуыуал фенæт хæст æмæ размæ цæуæт сабыр бæстæйы», – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Уый фæстæ Президент мыггæгты ми-нæвæрттæм радта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æбæрæгæй сæфт адæймæгты тыххæй информаци гæххæттыл фыстæй.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.