Æрвылаз дæр куыд вæййы, афтæ та ацы аз дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бон нысан кæныны фæлгæтты бæстæйы къухдариуæгад æмæ æхсæнады минæвæрттæ бацыдысты хæсты хъайтарты номыл нæ горæты Кады Аллеямæ.

Кады Аллеяйы мысæн митинг гом кæнгæйæ, ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг Тедеты Залинæ банысан кодта,  Уæлахизæн кæй нæй кæрон, уый уаз бон у, хъæлдзæг, йемыдзаг у хъарм, хæлар æмæ æгæрон ныфсытæй. Уый ссис легендарон æцæгдзинад – советон адæмы уæлахиз Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. 9 майы æрвылаз дæр Уæлахизы цытæн æгас планетæ цæуы цытджын парады.

Советон адæм цыдысты æмæ æвдыстой стыр хъайтардзинад Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны сæраппонд æппæтдæр радтой æмæ æрхастой Стыр Уæлахиз. Уымæ гæсгæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон салдаты сгуыхтдзинад баззайдзæн адæмты мысынады.

«Алы фæмардуæвæг салдаты ном дæр у æнæмæлгæ. Уыдон хорзæхджын сты салдаты уæлахизы кадæй. Сæ номыл дидинджыты денджызы ленк кæнынц мингай æнусон ингæнтæ, æрттивынц стъалытæ фронты номыл цыртытæй», – дзырдта уый.

Æнусон арты раз РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли сæвæрдта Кады гирляндæ. Дарддæр республикæйы хицауады уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствоты кусджытæ, Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæварад, Донецкы уæлдæр иумæйагæфсæддон командон ахуыргæнæндоны курсанттæ дидинджытæ æмæ веноктæ æвæрдтой æмæ сæркъулæй ардтой фæмардуæвæг хæстонты рухс нæмттæ.

Цытджын митинджы Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы зæрдыл æрлæууын кодта иумиаг уæлахизмæ ирон адæмы стыр хайбавæрд. Хуссар Ирыстон, зæгъгæ, алы 9 майы сæрыстырæй нысан кæны ацы бæрæгбон ахæм хъуыдыимæ, нæ фыдæлтæ кæй хъахъхъæдтой не стыр Райгуырæн бæстæ – Советон Цæдисы. Банысан кодта, зæгъгæ, фронты хайадисджыты хъæбатырдзинады цæвиттоныл хъуамæ хъомыл кæной нæ фидæны фæлтæртæ.

«Уый уыд ахæм фæлтæр, кæцы дунейæн фенын кодта æгæрон хъару, фæндвидардзинад, Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, уыцы фæлтæры минæвæрттæ сæ зæхх бахъахъхъæныны сæрыл цæттæ уыдысты сæ цард радтынмæ. Сæ цæвиттоныл хъомыл кодтам мах – сæ фидæны фæлтæртæ – æмæ сыл хъуамæ хъомыл кæной дарддæры фæлтæртæ дæр», – дзырдта уый.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн ныртæккæ æруæззау сты сæ уæнгтæ, активон цардархайды сæ фылдæр хайад нал исынц. Уый банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг дæр. Уымæн æмæ мадзалы сæ бынæттæ фылдæр афтид уыдысты. Уымæ гæсгæ бахатыд мадзалы хайадисджытæм, цæмæй сæм фылдæр хъусдард здæхт цæуа æмæ сыл аудæм.

«Хъуамæ аразæм æппæтдæр, цæмæй нæ ветерантæ сæхи иттæг хорз хатой не ‘хсæн», – дзырдта Президент.

Бибылты Анатоли куыд дзырдта, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерациимæ, стæй удварнæй æмæ иумиаг традицитæй цы адæмтимæ стæм баст, уыдонимæ нын ис æфсымæрдзинад æмæ кæрæдзиæмбарынады фæндаг. Æмæ уыцы æфсымæрдзинадæн хъæуы кад кæнын æмæ йæ хъахъхъæнын.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты мысынад æнусон у, фæмардуæвæг хъайтарты номæн дæр нæй амæлæн. Мадзалы хайадисджытæ æмырæй алæугæйæ ссардтой 1941-45 азты æдзард салдатты рухс нæмттæ.

Æвзонг фæлтæры номæй хъæбатыр салдатыл фыст æмдзæвгæ бакаст скъола «Альбион»-ы ахуыргæнинаг Алина Петоева. Уый дидинджытæ сæвæрдта Æнусон арты раз, уыцы тугуарæн хæсты цы сывæллæттæ фæмард, уыдон номыл.

Уыцы бон ма Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты номыл нæ горæты Ногдзауты парчы организаци æрцыд быдырон къæбиц. Уым алы æмбæстагæн дæр уыд æфсæддон касæй ацаходыны фадат.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.