Цымæ цæуылнæ фæнды ныгуылæны бодзты, Хуссар Ирыстоны 2008 азы цаутæ æцæгæй куыд уыдысты, афтæмæй сæ райсын? Æви уыцы цаутæн æвдисæнтæ чи уыдысты, уыдон мардыл банымадтой? Чизоны дзы чидæртæ мардыл нымаинаг дæр сты, фæлæ дзы удæгас æвдисæнты фæрсгæ дæр ничи кæны.

2008 азы цаутæ куыд уыдысты, уый фыст у нæ зæрдæты судзгæ фыссæнтæй. Кæй бон бауыдзæн уыцы æцæгдзинад нын нæ зæрдæтæй стонын, кæд æмæ æппæтдæр нæ удырæбын бакъардтам, уæд! Фæлæ цымæ цæмæннæ хъуысы нæ удыхъæр, къуырмайы æфсон чи кæны, уыцы «стыр» адæммæ?

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уыдон цы æмвæзадыл тох кæнынц, ома, дунейы ныддихтæ кæныныл, уыцы ран сын сæхи «рæстдзинад» ис. Уый сæрыл та цæттæ сты милуангай адæймæгты дæр нывондæн æрхæссынмæ, æмæ мах цы федтам æмæ цы уынæм абон дæр, уымæн аргъ скæнын уыдонæн сæ бон нæу. Уыдонæн сæ сæры зонды ныффидар ис, цыма дунейы дзыллæтæ зæххыл уыдон дзуйæ райгуырдысты, æмæ цæргæ дæр кæнынц уыдон хæрзиуæгæн. Ацы тæссаг хъуыдытæ уыдонмæ æнæнхъæлæджы нæ фæзындысты, фæлæ сæ рахастой гуырдзæй. Ахæм адæмæй иу, Дэвид Рокфеллер, куы райгуырди, уæдæй фæстæмæ адæймагадмæ касти æнæввæрсон цæстæй. Адæммæ йæ ацы ахаст бафтыдта æнахуыр хъуыддагыл  æдзух, кæмфæндыдæр ма уыдаид, уæддæр ахста æмæ æмбырд кодта хъæндилтæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй Дэвидмæ адæм дæр ацы хъæндилты хуызæн кастытсты, æмæ йæ маст иста мæгуыр уырынгонтæй… Фæстагмæ йын сæ нымæц схызти нæуæдз мины онг…

Уæдæ адæммæ ахæм ахаст кæмæн ис, уыдонæн цавæр уыдзæн сæ рæстдзинад? Цавæр куы зæгъæм, уæд уый тынг ирдæй æвдыст æрцыд «Бирæгъ æмæ сæныкк», зæгъгæ, И.А.Крыловы æмбисонды. Ацы ран бирæгъ фыццаг хылкъахæн кодта сæ-ныккæй, мæ дон мын ма змæнт, зæгъгæ, фæлæ йын сæныкк куы загъта, бынæй уæлæмæ дын дæ дон куыд змæнтын, цы аххосджын дæн дæ разы, зæгъгæ, уæд уый басасти йе ‘дзæсгомдзинадыл, æмæ загъта: «Ды аххосджын дæ уымæй, æмæ æххормаг у мæнæн!». Фæлæ уыцы сæныккæн йæ рæстдзинад ницы баххуыс, æмæ йæ бирæгъ тар хъæды амидæг кодта.

Уæдæ ныртæккæ дунейы цы дуг æркодта, уым рæстдзинадæй исты рамбулæн ис, æви нæ, уый стыр хъуыдыйаг у. Дунейы йæхи бакæнынмæ цы исджын адæм хъавынц, уыдон æппæтдæр хорз зонынц, зындгонд сын у Гуырдзыйы фыдгæнæг ахаст дæр чысылнымæц ирон адæммæ, уымæн æмæ уыцы хъуыддæгтæ сæхи арæзт сты, æмæ цы сарæзтой уый куыднæ хъуамæ зоной! Уæдæ цы гæнæн ис, рæстдзинад састы бынаты баззади, зæгъгæ, зæгъдзысты бирæтæ. Нæ, зæххыл рæстдзинад састы бынаты куы баззайа, уæд зæххон цардæн æрцæудзæн кæрон, уымæн æмæ уыцы рæстдзинад никæй дæлбар комы. Уый цæры дундунейы тыгъдады, рæстаг адæмы зæрдæты, æрдзы фæзындты, арв æмæ зæххы ‘хсæн алыран дæр æмæ йын нæй басæттæн, ныннымæггæнæн, фæлæ дæ рæстдзинад кæмæ нæ хъары, уымæн æй тыхæй ма хъуамæ хъарай, йæ ныхасыл æууæнк кæмæн нæй, уымæй та, дзырд мын ратт, зæгъгæ, курæг ма цу, уымæн æмæ дзырд куы радта, уæддæр йæ дзырд мæнгардæй фехалдзæн…

Æмæ уæдæ ныры дуджы куыд фæцæрæн ис афтæ, цæмæй адæмтæ дæр æмæ хицæн адæймæгтæ дæр æвæстаг ма фæуой? Ацы фарст тынг вазыгджын фарст у, æмæ йын чи ссардзæн дзуапп, кæд æмæ Хуыцауы хорзæх нæ фæуа не ‘ххуысгæнæг, уæд. Ацы хъуыддаджы чысылнымæц ирон адæмæн сæ цæдисон æмбал сси Стыр Уæрæсе. Уæрæсейы хицауад афтæ æнгом æрбалæууыд нæ цардæфхæрд адæммæ, æмæ историйы ахæм хæлар æмахастытæ никуыма уыди. Ацы хъуыддаджы фæдыл дæр бирæ ныхæстæ цæуы. Чидæртæ Уæрæсейы хонынц кæнæ колонизатортæ, кæнæ та æндæр исты æнахуыр номæй, фæлæ мах нæ царды уырзтæй цы сгарæм, уый кой кæндзыстæм, дарддæр та Рокфеллертæ æмæ æндæртæ цы фыдвæндтæ кæнынц, уый æндæр хъуыддаг у. Мах æнæуынгæ не стæм, ныртæккæ Гуырдзыстонимæ нæ арæны цур цытæ цæуы, уый. Ныгуылæйнаг коолицийы æфсæдтæ се ‘сыртæ цыргъ кæнынц æртхъирæнгъуызæй. Бирæ рæстæджы дæргъы уыдон банай кодтой цалдæр хæдбар паддзахады, уымæн æмæ хæдбардзинад, намыс, адæмы фарн, удты тæригъæд уыдон ницæуыл нымайынц. Уыдон тыхæн-тыхæй дарддæр ничи басæтдзæн. Æмæ кæй фæнды хæст, тугкалд, удзиæнттæ? Никæй, фæлæ политикон æркасты фæлгæтты куы хъуыды кæнæм, уæд мæнæ цы дзуры Уæрæсейы Фӕсайрӕйнаг хъуыддæгты разамонæг Сергей Лавров:

« Æз фидарæй зонын, уыдон (гуырдзы) сæ ных не ‘рбахæсдзысты  сæ батальонтимæ. Уыдон æмбарынц, махæн Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ кæй ис æмцæдисон ахастытæ æмæ мах нæ ратдзыстæм бар, цæмæй нын не ‘мцæдисонтæм æрбабырсой». Ацы ныхæстæ загъта уый «Комсомольская правда»-йæн йæ интервьюйы. Æмæ канд уый нæ, фæлæ Уæрæсейы позици у æнæфæцудгæ ацы фарсты фæдыл. Бирæтæ дзурынц, ома, уыдæттæ ницы сты, стыр политикон хъæзтыты хæлардзинад æмæ бадзырдтæ ницы давынц. Æрцæудзæн рæстæг, æмæ Уæрæсе фæивдзæн йæ хъуыды, зæгъгæ. Уыцы адæм не ‘мбарынц, кæд стыр политикон хъæзтыты кой кæнæм, уæд цы паддзахад йæ ныхасыл йæхæдæг комдзог рацæуа, уый уыцы хъазты фæхæрды вæййы. Кæд Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, хайад исы нæ царды æппæт къабæзты размæцыды дæр, арфæй арфдæр йæ уидæгтæ уадзы нæ бæстæйыл, уæд уый нысан кæны, йæхи фæндаг æм афтæ растдæр кæй кæсы. Цы рамбулдзæн Уæрæсе, æваст йæ хъуыд-дæгтæ æрдæг арæзтæй куы фæуадза, уал азы дæргъы йæ хæрдзтæ æнæхъуаджы куы фæкæна, æмæ искæйы фæндыл куы аæрлæууа, уæд? Мурдæр ницы, уымæн æмæ дунеон размæцыды ерысы уый стыр, срастгæнæн кæмæн нæй, ахæм рæдыд æруадздзæн. Адæттæ кæд мæ хуызæн чысыл адæймӕгтӕ æмбарынц, уæд дунейæн йе ‘мбисы раздзог суæвыны акккаг кæй скодта Хуыцау, уый йæ куыднæ æмбардзæн!

Ис ахæм адæм, æмæ сæм æнцон кæсы хуысгæуатæй уынаффæтæ кæнын стыр политикæйы, экономикæйы фарстыты фæдыл, фæлæ уыдон не ‘мбарынц, царды алкæцы фадыджы дæр махæй алчидæр бæрнджын кæй у. Махæй алчидæр куы æркæса йæхи архайдмæ, уæд æнæмæнгдæр фендзæн, боны дæргъы хæрзиуæг фылдæр байтауы, æви фыдбылызтæ, йе та бынтондæр ницы байтауы. Уæдæ мах цы байтауæм, уый ницы æрласы нæ иумæйаг хъысмæты тæрæзтыл, æнхъæлут! Куыднæма, мæ хуртæ! Цыдæриддæр хъуыддæгтæ нын баззайы æнæкондæй, зæгъинæгтæ æнæзагъдæй, уыдонæй дзаг кæны дун-дуне, æмæ стæй уымæн вæййы мæнæ ахæм фæстиуæг: «Алкæцы адæмæн дæр ис, цы аккаг сты, ахæм раздзог!»

Уæдæ искæйы азымджын кæнын æнцон у, фæлæ ма бафæлварут иучысыл, Хуыцау нын сæрызонд цæй тыххæй радта, уыцы ран дзы спайда кæнын. Дзырд уын дæттын, уæд уын фенцондæр уыдзæн, æмæ ма кæй-дæрты, чизоны, сæ цард ивын дæр бафæнда!..

Науæд цы пайда у, демæ хæларæй чи цæры, ууыл æнæууæнчы гакк æвæрын, хин æмæ йæм дызæрдыджы цæстæй кæсын, кæд æмæ дын уый фæрцы ис æнæфæцудгæ ныфс!

ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.