Ивгъуыд æнусы 90-æм азты не стыр райгуырæн бæстæ Советон Цæдисы ныппырхы фæстиуæгæн æппæт йæ адæмты царды цы халæн процесстæ цыдысты, уыдон æнæбандавгæ нæ фесты нæ адæмы цардыл дæр. Уыдонимæ иумæ ма нæ зæххыл, нæ адæмы ныхмæ райдыдта гуырдзыйы агресси дæр, кæцы аххæссыд æнæхъæн 20 азы дæргъы æмæ нын нæ цард æркодта раууатмæ. Фæлæ, уæддæр нæ царды сæйраг мæгуырау фæстиуæг уый мидæг нæ уыд. Хæццæ, змæст дуг фæзынын кодта бирæ негативон фæзындтæ, кæцытæ баххæссыдысты адæймагæн йæ удмæ æмæ йæ хæлдтой мидæгæй.

Ахæм фæзындтытæм хаудысты алкоголизм æмæ наркомани дæр. Алкоголизм Советон дуджы дæр кæд йæхи зонын кодта, уæддæр йæ ныхмæ цыдис карз тох, фæлæ наркоманийæн бынат нæ уыдис уыцы дуджы, иу стæм цаутæй дарддæр. Æмæ Советон Цæдис куы ныппырх адæмы царды æмвæзад дæлæмæ куы æрхауд æмæ ма уыимæ хæстон уавæрты куы цардыстæм, уæд сæ сæртæ сдардтой ацы негативон фæзындтытæ дæр, кæцыты ныхмæ тох кæнын фæзын ис. Уæд уыдон, сæйраджыдæр, баххæссыдысты æрыгон адæймæгты удтæм æмæ сын сæ цард ныггæлиртæ кодтой, сæхицæн æмæ сæ хиуæттæн дæр æнамонддзинад хæсгæйæ.

Паддзахадæн йæ бон нæ уыд ацы фæзындтыты ныхмæ æххæстбæрцæй тох кæнын æмæ, æхсæнады домæнмæ гæсгæ, 2006 азы нæ горæты байгом алкоголизм æмæ наркоманийы уацары чи бахаудысты, ахæмтæн реабилитацион центр «Ныфс», зæгъгæ. Фæстæдæр, 2008 азы ацы уагдоны йæ балансмæ райста Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад. Ам цы медперсонал кусы дохтыр-реаниматолог Къæбысты Ернайы сæргълæудæй, уыдоны лæмбынæг хъусдарды бын сæхицæн хос кæнынц, алкоголон æндавдады бын чи бахаудысты, ахæм æрыгон адæймæгтæ. Фæлæ Къæбысты чызг куыд загъта, афтæмæй ахæм категорийы рынчынтæн æмбæлон медицинон æххуыс бакæныны тыххæй хъæуы специализацигонд наркологион хайад. Ахæм та нæ республикæйы нырма нæй. Куыд зонæм, афтæмæй нырма арæзт не ‘рцыдис ног психиатрион рынчындон дæр. «Ныфс»-ы директоры ныхæстæм гæсгæ реабилитацион центр дзуапп нæ дæтты ахæм медицинон уагдæтты домæнтæн.

Ам цы рынчынтæ вæййы, уыдонæн æрмæст медикаменттæй нæ хос кæнынц, фæлæ ма йæ баххæст кæнынц спорт æмæ фæллойадон терапийæ – ис сын сæхи чысыл дыргъдон Малдайы хъæуы, ис сын сæхи хæдзарад, цыран центры пациенттæ зилынц хъуццытæм, ис сын мыды чыргъæдтæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, цы уæлдай продукттæ æркæнынц сæхи тыхтæй, уыдон ауæй кæнынц, æмæ кæд стыр æхцатæ нæ вæййынц, уæддæр дзы сарæзтой санузелтæ, тренажерон зал, балхæдтой æнæмæнгхъæуæг инвентарь. Куыстыл ифтонг уæвгæйæ, уыдон иппæрд кæнынц сæ мæгуырау цайдагъдзинадæй. Сæ куыст зыны сæ хæрззылд кæртыл, цъæхдарæнтыл, аив арæзт беседкæтыл, цалцæггонд хатæнтыл.

«Мах нæхæдæг кæрдæм хос хъуццытæн. Нæ пациенттæн сæ хæлцы кæддæриддæр вæййы ногдыгъд æхсыр æмæ цыхт», – зæгъы центры директор. Уый ма куыд зæгъы, афтæ-мæй фæллойадон терапи у сфидаргонд хос-гæнæн схемæйы дыккаг этап. Рынчынтæ спе-цификон хоскæныны курс куы нæ рацæуой, уæд нæй гæнæн фæллойадон терапимæ æрæвналын. Æмбарын хъæуы уый æмæ алко-голизм æмæ ныркомани æрмæст цайдагъдзинæдтæ нæ, фæлæ уæззау низтæ дæр кæй сты, æмæ куыд алы низæн, афтæ уыдонæн дæр хос кæнын кæй хъæуы. Реабилитацион центр «Ныфс»-æн та нæй æмбæлон ресурстæ. Æмæ дзуапп нæ дæтты æмбæлон хосгæнæн уагдæттæн. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хъыгагæн, бæрзондтехнологион æмæ специализацигонд центртæ, зæгъæн ис æмæ нæй Цæгат Ирыстоны дæр. Дохтыр куыд нымайы, афтæмæй рынчынты æрмæст ахæм уавæрæй ракæнын нæ хъæуы, фæлæ сын хос кæнын хъæуы бирæ рæстæджы дæргъы, цæмæй нозт сæ зæрдæ мауал агура.

Центр хосгæнæн препараттæ æмæ æппæт медицинон аппараттæй куыд ифтонг цæуы, уый тыххæй та Къæбысты чызг загъта, зæгъгæ, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад цы хостæ рахицæн кæны, уыдон фаг не сты ахæм рынчынты сдзæбæх кæнынæн. Фæлæ проблемæ ис уый мидæг æмæ ацы уагдонæн нæй хосгæнæн уагдоны статус, уый куы уаид, уæд нæ æххæст гуырахстæй ифтонг кæнит.

«Ацы куыстмæ куы æрывнæлдтон, уæд æз уайтагъд бамбæрстон, мæ зонындзинæдтæ, куыд анесте-зиолог, реаниматолог, афтæ фаг кæй не сты наркологон службæйы», –  зæгъы Къæбысты Ернæ. – Æмæ мæхи фæрæзтæй æз психи-атрийы дæсныйады фæдыл ра-цыдтæн интернатурæ Дзæуджы-хъæуы медицинон академийы. Уы-мæн æмæ наркологи у психиатрийы скондон хай. Ныртæккæ мæм ис фаг зонындзинæдтæ, фæлæ æнæаскъуыддзаггондæй зайынц æрвылбонон практикон куыст организаци кæныны фæдыл проблемæтæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ центрæн фадат нæй медперсоналы æхсæвы радгæсад сорганизаци кæнын, æмбæлон штаттæ кæй нæй, уый аххосæй. Уымæй дарддæр ма центр хъуамæ йæ пациенттимæ нысанмæздæхт ахуыртæ уадза фæллойадон терапийы фæдыл, кæцы гæнæн ис æрмæстдæр хосгæнæн, æндидзынгæнæн æххæст курс специализацигонд клиникæйы рацæуыны фæстæ.

«Радгæстæ дзы кæй нæ вæййы, уымæ гæсгæ мæн арæх бахъæуы æхсæвы иунæгæй баззайын, дохтыр æмæ медицинон хойы хæстæ æххæст кæнгæйæ. Уымæн æмæ рынчын уæззау уавæры куы уа, уæд ыл гæнæн ис фæзынаæндзыгниз, алкоголон эпилепси, æмæ йæ цуры медицинон кусæг куы нæ фæуа, уæд гæнæн ис æрцæуа æнамонддзинад. Штатон уагæвæрдмæ гæсгæ, махмæ ис дохтыр-нарколог æмæ царм-венеролог специалист, кæд нæ психиатр тынгдæр хъæуы, уæддæр», – зæгъы дохтыр.

Центры рынчынтæ фæвæййынц 3 мæйæ 6 мæйы онг. Сæхи æркæнгæ продукттæй дарддæр ма пациенттæн сæ хæлцы вæййы  алыгъуызон продукттæ. Арæх сын сæхи арæзт цыхтæй скæнынц хæбизджынтæ.

Центрмæ дыккаг хатт исчи бахауы æви нæ, уый тыххæй та Къæбысты чызг загъта, зæгъгæ, вæййы ахæм цаутæ дæр. Фæлæ дзы вæййы ахæмтæ дæр, кæцытæ бынтондæр сæ къух сисынц нозтыл. Цæмæй афтæ уа, уый тыххæй адæймагæн хъуамæ уа тыхджын характер, тынг æй фæнда, цæмæй суа æхсæнады аккаг уæнг. Йæ ныхæстæм гæсгæ сын раздæры пациенттимæ вæййы хорз ахастытæ.

Афтæ æмæ центры кусджытæ, æцæгæйдæр, сты бузныджы аккаг, æцæгæлон адæймаджы æнамонддзинадмæ æвæлмас ахаст кæй не ‘вдисынц, сæ рыст сын сæ зæрдæмæ æввахс кæй исынц, уый тыххæй. Раст уый тыххæй архайынц сæ уавæртæ фæхуыздæр кæныныл дæр. Центры кæртмæ бахизгæйæ дæр дæ цæст æхцондзинад райсдзæн йæ аив арæзт кæртæй. Ацы чысыл кæртмæ бахизгæйæ, дæм афтæ фæкæсдзæн, цыма аргъæутты бæстæмæ бахаудтæ. Ам сæ улæфт суадзынæн реабилитацион центры къухдариуæгад сарæзта æппæт дæр.

Кæрты ис чысыл аргъуан-кувæндон, цыран рынчынтæн фадат вæййы Хуыцаумæ скувынæн, сæхи йын бафæдзæхсынæн. Уымæй та уыдон райсынц удæхцондзинад.

«Бауырнæт уæ, центры рынчынтæ вæййынц иууыл зæрдæхæлардæр æмæ æнæхиндæр, адæймагдзинадæй æххæст чи сты, ахæмтæ. Фæлæ, ацы низты уа-цары бахаугæйæ, уыдоныл сæхи атигъ кæнынц сæхиуæттæ æмæ æхсæнад дæр, æмæ уый раст нæу. Ахæмтæн хъæуы æххуыс кæнын», –  загъта йæ ныхасы кæрон Къæбысты Ернæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.