Грис, Шамил… Ныр та нын Нафи дæр нал ис, дыууиссæдз боны размæ уый дæр бацыд йе ’нусон дунемæ. Бæргæ Шамил дæр нын Грисы науæд та бынтон хорз уыдаид, Нафийы бæрц куы фæцардаид, уæд, фæлæ нын знаджы цæст нæ бауарзта уый, æнафоны йæ барвыста мæрдтæм. Нæ ныфс, не ’фсарм, нæ цæугæ мæсыг уыд Джыккайты Шамил. Йæ амард мын афтæ зын уыд æмæ абон дæр уый тыххæй мæ мысинæгтæ æрæмбырд кæнын мæ бон нæу, кæд ныр къорд азы рацыд, уæддæр. Нæ бафсæстыстæм Шамилæй! Уый хыгъд нын Нафи хорз рацард, фараст хатты дæс азæй фылдæр, табу Хуыцауæн!

Джусойты Нафийы сфæлдыстадимæ газетты мæ журналты фæрцы раджы базонгæ дæн. Мæ хæдзарон библиотекæйы ма йæ романтæй уæлдай ис, ивгъуыд æнусы æхсайæм азты йын Мæскуыйы уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй цы æмдзæвгæты æмбырдгонд рацыд «Мой горный край», суанг уый дæр. Фæлæ лæгæй-лæгмæ кæд æмæ кæм базонгæ стæм, стæй нæ чи базонгæ кодта, уый мæ зæрдыл нал лæууы. Æрмæст хорз хъуыды кæнын, нæуæдзæм азты нæ цытджын бæстæ бынтондæр куы сызмæст, цæвæг марæджы куы нæуал æвзæрста, советон цардарæзты бæсты æмтъеры цардарæзт куы ралæууыд æмæ æхцайы кад къæхты бынмæ куы ’рхауд, уæд иуахæмы «Рæстдзинад»-ы редакцийы дæргъæй-дæргъмæ къæлидоры фæзынд зындгонд фыссæг, æмæ стыр ахуыргонд Джусойты Нафи. Уыцы бонæй фæстæмæ газет фæхъæздыгдæр йæ уацтæй. Куыд базыдтон, афтæмæй газеты сæйраг редактор равдыста лæгдзинад, бардзырды бындурыл официалон æгъдауæй Нафийы кусынмæ райста æмæ ссис не ’мкусæг. Фæстæдæр бамбæрстон хъуыддаг: Хуссар Ирыстоны зонадон кусджыты мызд уыд мамæлайы къæбæры фаг. Иннæтæ дæр уыцы змæст азты кадавар мыздыл куыстой. Дзæнæтыбадинаг журналист, мæ хæлар Хуриты Гиви дæр хуымæтæджы нæ бакъултæ кодта йæхи «Рæстдзинад»-мæ, сси газеты сæрмагонд уацхæссæг Хуссар Ирыстоны.

Уыцы азты Нафийæн «Рæстдзинад»-ы цы уацтæ рацыд, уыдон ма абон дæр лæууынц газеткæсджыты зæрдыл, бирæтæ-иу сæ ралыг кодтой газетæй æмæ-иу сæ æрæфснайдтой сæ рæбыны.

Нафи газеты коллективы уæнг кæй сси, уый махæй алкæмæн дæр æхсызгон уыд, алы газеты нæ куыста æмæ нæ кусы академик. Мæйы дæргъы-иу нæм йæ ног мидисджын уацтимæ фæзынд дыууæ-æртæ хатты. Редакцийы кусджытæ йæ райдыдтой хонын «нæхи Нафи». Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ уацтæн ын газет лæвæрдта «цъæх фæндаг».

Иу бон мын мæ кусæн уаты дуар чидæр æрбахоста. Мидæмæ, зæгъгæ, куыд загътон, афтæ дуар байгом æмæ къæсæрыл – Тедеты Виктор, газет «Советон Ирыстон»-ы («Хурзæрин»-ы) фыстæджыты хайады сæргълæууæг, дыууæ ирон газеты коллективты сфæлдыстадон фембæлдтыты бындурæвæрджытæй иу, йæ фæстæ – нæхи Нафи. Бацин кодтам кæрæдзийыл, уæдæ цы. Æрбадын сæ кодтон. Афæрстытæ кодтам кæрæдзи. Уыцы бон базыдтон Нафийæ, уыимæ дæр тугхæстæг кæй стæм, уый. Мæнæн мæ фыд Тедеты хæрæфырт уыд, уымæн та – Багаты. Æрдæглитруат авджы дзаг мæм ирон арахъхъ разындис. Дзул, цыхты къæртт æмæ хæдзарон сырхфарс фæткъуытимæ сын æй стъолыл сæ разы авæрдтон. Ехх, тæхуды æмæ ма искуы иу ахæм адджын бадт акæн! Сихоры фæлладуадзæн уыцы сахат сыгъзæрин фестæд! Фæкуывтам, фæныхæстæ кодтам æнæхъæн сахат æмæ, разыйæ баззайгæйæ, кæрæдзийæн хæрзбон загътам. Уый уыд Тедеты уæздан лæг, фæлтæрдджын журналист Викторимæ фæстаг фембæлд «Рæстдзинад»-ы редакцийы. Фæстаг хатт та, Цыбырты Людвиг Хуссар Ирыстоны Президент куы уыд, уæд фембæлдыстæм Мзиуы комы (газетты кусджыты фембæлдмæ Президент йæхæдæг дæр æрбацыд, ныхас дæр дзы ракодта).

Нафиимæ ныл цард адаргъ ис. «Рæстдзинад»-мæ-иу куы ’рбацыд, уæд-иу мын мæ дуарыл ма бахæцыдаид, уымæн гæнæн нæ уыд. Кабинеты къæсæрæй-иу куыддæр йæ къах бавæрдта, афтæ-иу йæ фарст йæ разæй фæци: «Куыдтæ дæ, ме стыр мады ’фсымæр?» Æмæ та мын-иу, йæ цæстытæй дæр худгæйæ, мæ къух хъæддых ист ракодта.

Хуссар Ирыстоны 1992 азы гуырдзыстойнаг фыдгæнджыты ныхмæ цы хæст уыд, уымæй къорд азы фæстæдæр иу бон фæскуыст нæхимæ, Тарскæмæ (уæд ма уым цардтæн), куы бацыдтæн, уæд мæ хъустыл æрцыд, Нафи, дам, хъæуы ис. Ссардтон æй йе ’рвадæлтæм. Кæмæ, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын. Фæлæ абон дæр мæ зæрдыл хорз лæууы: уыд, йæхицæй авд-аст азы фылдæр чи фæцард, ахæм лæгимæ, сæхи Дауыты хистæр лæппу Викторимæ. Фынгыл бадгæйæ сæ баййæфтон. Нуазгæ дæр куыннæ акодтаиккой. Æмæ сын зард бацайдагъ. Æз сæм æввахсдæр бабадтæн æмæ, мæ бон цас уыд, уыйас сын хъырныдтон. Куы-иу Виктор систа зарæг, куы та Нафи. Афтæмæй æмбисæхсæв сси. Нæхимæ цингæнгæйæ бахæццæ дæн æмæ бинонтæн æппæлынмæ фæдæн: «Джусойты Нафи æмæ Викторимæ зарыдтæн!» Дыккаг бон æй нæ редактор Хъесайы-фыртæн дæр раппæлыдтæн. Æхсызгон ын уыдис, тынг æхсызгон.

Иу цыппар-фондз азы размæ куыстмæ цæугæйæ, Мыхуыры хæдзармæ куы схæццæ дæн æмæ маршрутон микроавтобусæй куы рахызтæн, уæд кæсын æмæ далæ чидæр редакцийы ’рдæм ссæуы. «Ацы лæг Нафийы цыд куы кæны»,- ахъуыды кодтон мæхинымæр. Банхъæлмæ йæм кастæн. Æцæгæйдæр уый разынд! Нафийæн йæ цыд дæр, йæ уæздан ныхас æмæ йæ зонд дæр хæдхуыз уыдысты. Æниу йæ худ та! Искæд-иу æй мæ цуры куы систа, уæд-иу æй мæ сæрыл æркодтон æмæ-иу загътон: «Æз дæр иучысыл Нафийæ акусон». Æхсызгон –иу ын уыд уыцы ныхас, йæ мидбылты-иу бахудт.

Дыууæ аз æмæ æрдæджы размæ Нафийыл 90 азы куы сæххæст, уæд Джусойты мыггаджы разагъды лæгтæ сфæнд кодтой сæ номдзыд фыссæг æмæ ахуыргонды юбилей банысан кæнын. Æмæ иу рæсугъд уалдзыгон бон сæ фæндон æххæст дæр скодтой. Цæрæнбоны тыххæй сидтытæ, лæвæрттæ, хотæ Варя æмæ Клавдяйы нæртон хуын, алцыдæр уыд Дзæуджыхъæуы Шмулевичы уынджы цы ресторан ис, «Меркурий», уым. Иуахæмы куывддзау адæм Нафимæ ныххатыдысты, иу зарæг ма нын акæн, зæгъгæ. Уый сæм фæхъуыста, стæй афтæ: «Заргæ дæр уын акæндзынæн, фæлæ уал фыццаг иу кафт куы акæнин». Æмæ ракафыд. Фыццаг хатт федтон уый карæны ирон «Хонгæ» афтæ рæсугъд акафгæ.

Фæстæдæр та йæ ногирæгтæ сбуц кодтой. Кадгæнæн официалон мадзалы размæ иумæ æрзылдыстæм хъæуы фыццæгæм астæуккаг скъолайыл. Схызтыстæм дыккаг уæладзыгмæ дæр.

– Мæнæ ам ахуыр кодтон æвдæм къласы, дæлæ уым та ахуыргæнджыты хæдзар уыд, – рудзынгæй æддæмæ кæсгæйæ дзырдта Нафи. – Лæппуты кълас уыд, дыууæ чызджы нæм уыд æмæ уыдон дæр нæ фыдуаг миты фыдæй иннæ æвдæм къласмæ алыгъдысты. Зымæджы дæр-иу бæгъæввадæй цыдыстæм скъоламæ. Дзабыр кæм уыдис…

Фæстаг хатт-ма Нафи газет «Рæстдзинад»-ы къæсæрыл куы ’рбахызт, уæд ын бакой кодтон, зæгъын, иу интервью куы скæниккам…

–  Ацы бонты мын лекцитæ ис университеты, фæлæ мæ куыддæр февдæла, афтæ иу бон аныхæстæ кæндзыстæм.

Хъыгагæн, ницы рауад уыцы хъуыддагæй, йе ’нæниздзинад кæй фæцудыдта, уый аххосæй. Йæ гаччы нал уыд мæхи æнæниздзинады уавæр дæр, науæд æм авд æфцæджы сæрты дæр ахызтаин. Æниу хизгæ дæр акодтон, фæлæ уый тыххæй фæстæдæр.

Фæстаг хатт ма нæхи Нафийы федтон, Цхинвалы киноконцертон зал «Чермен»-ы йæ номыл премитæ куы лæвæрдтой, уæд. Уый бадт разуæз иунæгæй. Æз æм бацыдтæн æмæ йæ фарсмæ æрбадтæн. Зæгъын, ам ахæм егъау зал ис, уый нæ зыдтон, стæй горæты уынгтæ дæр ныр дзæбæх лæгъз сты.

– Ды фæстæдæр фенай. Куклайы хуызæн уыдзæн нæ сæйраг горæт…

Уыцы бонæй амондджындæр бон никуы уыд мæ царды, Джусойты Нафийы номыл национ литературон премитæй иу конкурсы жюри саккаг кодта мæнæн. Сценæйæ куы ’рхызтæн, уæд мын чи раарфæ кодта, уыдонæй иу уыд Нафи.

Фæстæдæр нæ хуссайраг æфсымæртæ Леуахийы цæугæдоны был ресторанмæ сихор хæрынмæ куы фæхуыдтой, уæд дæр та Нафийы фарсмæ сбадтæн. Фынгмæ раздæры хуызæн уæндон æвнæлд нал кодта. Иу уæливыхы карст æмæ дзидзайы кæрдихы фæстæ йæ тæбæгъыл æддæдæр ахæцыд æмæ дыргъты тæбæгъæй иу кæрдойы карст æрбайста йæ размæ. Йе ’нгуылдзтæй йæ æрбалхъывта æмæ йæм нал бавнæлдта. Æз ын йæ тæбæгъы æндæр дыргъы кæрстытæ авæрдтон. Апельсины карст ахордта. Ноджыдæр ма йын дыууæ карсты, куыннæ мæ бафиппайдтаид, афтæ авæрдтон йæ тæбæгъы. Куы сæ бахордта, уæд мæхицæй фæбузныг дæн. Иу чысыл агуывзæйы дзаг ирон арахъхъ банызта æрмæстдæр хъæбæр нозтæй, стæй йын-иу йæ агуывзæйы æркодтон, йæхи цы фæндыд, уый: лимонад, тархун, минералон дон. Уый уыд нæ фæстаг цæл иумæ.

Цалдæр мæйы фæстæ йæм ме ’мкусджытæ рынчынфæрсæг куы уыдысты йæ хойы фатеры, уæд æз дæр бæргæ уыдаин семæ… Фæстæдæр Хозиты Барисимæ бæргæ фæнд кодтам, фæлæ ирон лæгæн йæ куыстытæ никуы фæуд кæнынц. Нæ фесты Нафийæн йæхицæн дæр. Цас нывæзтытæ, цас хорз фæндтæ ма йæм уыдис!

26-æм июны редакцимæ ’рбайхъуыст Нафийы адзалы хабар. Ме ’мкусджытæ Баскаты Уырызмæг, Касаты Батрадз æмæ Абайты Эдуардимæ атагъд кодтам зианмæ. 27-æм июны та йæ йæ райгуырæн Хуссар Ирмæ афæндараст кодтам.

Йæ ныгæнæн бон, 29 июны, Цæгат Ирыстонæй мæрдздзыгой ацыд цалдæр автобусы дзаг адæм, рог машинæтыл. Хъыгагæн, таможняйы пунктты аххосæй адæмæй бирæтæ афоныл нæ бахæццæ сты Цхинвалмæ.

Нафийы номыл саударæн æмбырд райдыдта, афтæ ныххæццæ дæн æз дæр. Куыддæр митинг фæци, афтæ, чи байрæджы кодта, уыдоны разæй бацыдтæн фæстаг фæндараст ын зæгъынмæ.

Хæстæг-хиуæттæ дæр ын фæндараст куы загътой, уæд табæтыл æрæвæрдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса. Афтæмæй йæ Парламенты бæстыхайы разæй суанг горæты кæронмæ Исахъы уынгыл хуссарирыстойнаг фæсивæд фæхастой сæ къухтыл. Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав мын куыд дзырдта, афтæмæй фæсивæд Горькийы уынгæй дæр (уым цард Нафи) марды чырын Парламенты бæстыхаймæ сæ къухтыл фæхастой.

Фæцыдтæн зианы фæстæ æз дæр. Федтон, Тъбеты хъæуырдыгæй горæтгæрон уæлвонг нæзыты къохы Нафийæн лæппутæ цы рæсугъд ингæн сарæзтой, уый. Кæддæр, дам, уыцы тулдзтæ æмæ нæзытæ талатæй уым куы сагътой, уæд зиуы Нафи дæр архайдта. Ныр уыцы Тулдзы къохы æнустæм æрæнцад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, бирæ кадджын хæрзиуджыты кавалер, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, поэт, фыссæг, публицист, тæлмацгæнæг æмæ стыр ахуыргонд Джусойты Нафи, ирон адæмы Нафи, нæхи Нафи.

Багаты Аврам,

РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг

РХИ-йы сгуыхт журналист

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.