Бӕрцыл сты, æмбарынгӕнӕн дзырдуӕттӕ кӕмӕн ис, уыцы адӕмтӕ. Ахӕм амонд ӕрхауд ирон ӕвзагмӕ дӕр, уый та уымӕн, ӕмӕ нӕ дзырдтӕ ратӕдзгӕ сты нӕхи ӕвзагӕй, сӕ бындур сын ахуыргӕндтӕ раджы сбӕрӕг кодтой. Уыцы хъуыддаг зӕрдыл даргӕйӕ, ахӕм дзырдуат бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ йӕ мыхуыры рауадзыны ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕс сӕхимӕ райстой Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасӕн институты ахуыргӕндтӕ ивгъуыд ӕнусы 60-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ разы егъау хӕс ӕрӕвӕрдтой – фӕлӕ хъаруджын ӕмӕ сӕ хъуыддагыл иузӕрдион коллектив бацархайдтой ӕмӕ абоны онг дӕр уӕхскуӕзӕй кусынц уыцы хӕс кӕронмӕ ахицӕн кӕныныл. Дзырдуаты фыццаг том мыхуыры рацыд 2007-ӕм азы, дыккаг том  2010 азы æмæ ныр та куыстæуы æртыккаг томыл.

Куыд у йӕ уавӕр ӕртыккаг томӕн, мыхуыры кӕд рацӕудзӕн, уыдӕттӕ базоныны тыххӕй бахатыдтӕн Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасӕн институты директор Гаглойты Робертмӕ. Уый куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ ацы дзырдуаты ӕртыккаг том хъуамӕ мыхуыры рацыдаид ӕртӕ азы размӕ, фӕлӕ фӕзиан сты Гӕбӕраты Никъала ӕмӕ фӕстӕдӕр та ӕртыккаг томы редактор Цхуырбаты Валентин. «Фӕлӕ ацы дзырдуӕттыл дарддӕр хъӕуы кусын, сты ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕллой, сӕ рацыдмӕ та адæм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Цалын-мӕ чиныг мыхуыры рауадзынмӕ сцӕттӕ кӕнай, уӕдмӕ йыл хъӕуы стыр куыст бакӕнын, уым ахӕм фӕзилӕнтӕ ис, ӕмӕ хъуамӕ уой дырыс арӕзт. Дзӕнӕты бадинаг, филологон зонӕдты доктор Гӕбӕраты Никъала йӕ рӕстӕджы бафиппайдта, иуӕй-иу бынӕтты фаг цӕвиттонтӕ кӕй нӕй ӕмӕ ныртӕккӕ уыдон баххӕст кӕныныл дӕр куыстӕуы», – зæгъы Гаглойы фырт.

Уый ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй Цхуырбаты Замирӕ ӕмӕ Дзиццойты Юрийӕн амӕйразмӕ мыхуыры рацыдысты «Топонимика Южной Осетии»-йы дыууӕ томы Мӕскуыйы, рауагъдад «Наука»-йы. «Ӕрӕджы зонадон-иртасӕн институт райста ӕртыккаг томӕн йӕ фыццаг чиныг ( уыдон уыдзысты дыууӕ чиныджы). Ӕмбарынгӕнӕн дзырдуат ӕмӕ «Топонимика Южной Осетии» дӕр мыхуыры онг куы сцӕттӕ уой, уӕд сӕ дыууӕйы дӕр фӕхӕццӕ кӕндзыстӕм Мӕскуыйы рауагъдад «Наука»-мӕ. Ӕмбарынгӕнӕн дзырдуаты рауагъдмӕ тынг цымыдис кӕны нӕ республикӕйы Президент Бибылты Анатоли ӕмӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕй цы бахъӕуа, уыдонӕй нын баххуыс кӕнынмӕ у цӕттӕ. Ӕмбарынгӕнӕн дзырдуат хъуамӕ рухс фенан май-июны мӕйы», – банысан кодта Гаглойты Роберт.

  Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.