Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Ахуырады министр Æлыбегты Эллæ кусæгон балцы уыд Цхинвалы æмæ бацымыдис кодта бынæттон ахуырады процессмæ.

21-æм декабры нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Асланæн фембæлд уыд йæ цæгаттаг коллегæимæ. Дыууæ министры сæ фембæлды рæстæджы, сæйраджыдæр, уынаффæ кодтой æмгуыстады фарстыты æмæ методикон æххуыс бакæныны тыххæй. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады пресс-службæйы.

Цæгат Ирыстоны Ахуырады министр йæ кусæгон балцы рæстæджы бацыд æмæ федта нæ республикæйы бирæпрофилон колледжы æмæ Колыты Аксойы номыл аивæдты лице-йы ахуыры процесс куыд цæуы, уый. Нæ цæгаттаг уазæг банысан кодта, аивæдты лицейы ахуыргæнджытæ иузæрдион куыст кæй кæнынц сæ ахуыргæнинæгтимæ æмæ уыимæ иумæ сæ ахаст æмæ сæ уарзондзинад кæй æвдисынц сывæллæттæм. Хуссар Ирыстоны педагогон æмæхсæнадимæ активонæй кæй æмгуыстад кæнынц, уый дæр банысангонд æрцыд.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Ахуырады министр бузныг загъта йæ коллегæ Лолаты Асланæн, Хуссар Ирыстонмæ йæ кæй фæхуыдта æмæ дарддæр æмгуыстад кæй кæндзысты, уый тыххæй.

«Æз бакастæн, ам чи ахуыр кæны, уыцы сывæллæтты арæхстдзинадмæ æмæ мæ фæнды зæгъын, курдиатджын кæй сты. Æгæрыстæмæй ма мын студенттæ зæрдылдарынæн ныв дæр балæвар кодтой æмæ йæ æнæмæнг нæхимæ хæдзары бакæндзынæн къулыл», – уый та Æлыбегты Эллæ фыссы йæ телеграмм-каналы.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.