Йæ фæстаг бонтæ нымайы 2023 аз. Алы адæймаг, алы куыстуат, организаци, ведомство дæр, фæстæмæ акæсгæйæ, хатдзæгтæ саразы афæдзы дæргъы бакæнгæ куыстæн. Цы бантыст саразын, цы ма уыд гæнæн саразæн, цы проблемæтыл æмбæлд æмæ куыд скъуыддзаг цыдысты. Арæзтады къабазы рæзт бирæбæрцæй æвдисæг у, адæмы царды æмвæзад куыд бæрзонддæр кæны, уымæн. Уæдæ цахæм уыд нæ республикæйы арæзтады фадыджы кусджытæн сæ аивгъуыйгæ аз, цы сын бантыст саразын?  

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ нæм 2008 азы августы хæстæй фæстæмæ кæй архайы нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ. 2023 азы Инвестицион программæйы фæлгæтты  дарддæр арæзт цыдысты цæрæн хæдзæрттæ, фæндæгтæ, горæты уынгтæ, социалон æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ. Ныридæгæн куыд рабæрæг, афтæмæй Инвестпрограммæ æххæст æрцыд 95 процентæй. Уыимæ ма программæмæ бахаст æрцыдысты къорд æндæр объекты, кæцыты арæзтад планмæ хаст уыдысты фæстæдæр азтæм. Уыдонæй иу у Къостайыхъæумæ нуазыны доны ног хæтæлы арæзтад. Уый ныр арæзт фæцис, æрмæст ма дзы сæвæрын хъæуы донцъирæн станц æмæ уæд уыдзæнис цæттæ  эксплуатацимæ радтынмæ.

Арæзтады къабазы зынгæ цауыл банымайæн ис, Ирæтты уынджы кæрон цы бирæфатерон хæдзæрттæ лæвæрд æрцыдысты эксплуатацимæ, уый. 17 ноябры Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыд делегаци Уæрæсейæ хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новакы сæргълæудæй æмæ цытджын æгъдауæй гом æрцыд цæрæн комплекс. Уымæн йæ  арæзтадмæ æрывнæлдтой дыууæ азы размæ. Ам арæзт æрцыдысты æртæ цæрæн корпусы, уыдоны æдæппæт ис 225 фатеры. Бæстыхæйтты фылдæр хай сты дыууæхатæнон фатертæ, ис сæ æртæ æмæ цыппархатæнонтæ дæр. Уыдон лæвæрд æрцæудзысты, цæрæнуат райсынмæ рады чи лæууы, уыдонæн. Уазджытæ арæзтадон компани СТМ-ЮГ-ы минæвæрттимæ иумæ азылдысты æмæ бабæрæг кодтой арæзтадон куыстытæ куыд æххæст æрцыдысты, уый. Уф-йы хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Александр Новак бузныджы ныхæстæ загъта аразджытæн æмæ банысан кодта, арæзтадон куыстытæ гъæдджынæй конд кæй æрцыдысты, уый. Цæрæн корпусты алыварс территори дæр у хæрзарæзт, ам ма арæзт æрцыдысты сывæллæттæн хъазæн фæзуæттæ, æмбæрзт бынæттæ сæрибар рæстæг æрвитынæн, судзынц дзы электроцырæгътæ, ис дзы машинæтæн æрлæууæн бынæттæ.

Нæ горæты 13 коммунары уынджы  Зæронд хиды арæзтад дæр ис йæ тæмæны. Мæгуырау боныгъæдты фæстиуæгæн куыстытæ графикæй чысыл фæфæстæдæр сты. Ацы хъуыддагыл ма бандæвта, бургæнæн машинæ кæй нæ уыд уый дæр. Хъомысджын сæрмагонд ифтонгад, кæцыйæн йæ уæз у 125 тоннæйы, Хуссар Ирыстонмæ афоныл ласт не `рцыд. Проблемæтæ фæзынд Транскамы фæндагыл йæ æрласыны хъуыддаджы дæр. Йе ‘рластæй куыстытæ бирæбæрцæй фæрæвдздæр сты. Æрбалæугæ азы та аразджытæ рахиздзысты хидæн йе `ддаг хуыз рафидауын кæнынмæ. Куыд зонæм афтæмæй, уый арæзт æрцæудзæн национ стилы – агуыри æмæ къæй дуртæй.  Аразджытæ ацы куыстытæ куы фæуой, уæд машинæтæн æмæ фистæгæй цæуджытæн фадат уыдзæн ног хидыл æдæрсгæйæ цæуынæн. Дарддæр сфæлгонц  кæндзысты хидæн йе ‘ддаг бакаст. Ацы куыстытæ æххæст кæндзæн цæгатирыстойнаг специалистты бригадæ. Хидæн йæ фæтæн уыдзæнис 11 метры. Леуахийы цæугæдоны былгæрæтты дæр хидмæ æввахс срæсугъд кæндзыстысты, сараздзысты дзы цъæх зонæ, тротуартæ æмæ фæхсбандæттимæ.

Инвестицион программæйы фæлгæтты ма арæзт цæуы Ерцъо-Синагуры фæндаг. Йæ арæзтад дих æрцыд æртæ этапыл. Аразынмæ йæм æрывнæлдтой ацæугæ азы æмæ йæ фæуыдзысты 2024 азы. Абоны бонмæ ам асфальтгонд æрцыд 5 километры бæрц – Ерцъойæ Цъоны хъæуы онг. Афтæ ма фæндагаразджытæ иу километр æмæ æрдæджы бæрц сасфальт кодтой Цъоны `рдæм къахдзоныхты трас-сæйы онг.

Фæндагыл цалдæр раны арæзт цæуынц хидтæ. Арæзт фесты сыджытуромæн систæ, кæцытæн сæ дæргъ у 1100 метры бæрц. 2024 азы та фæндаджы иннæ хай æрцæудзæн асфальтгонд, арæзт дзы æрцæудзысты бетонæй æнцойгæнæнтæ, фæндагон змæлды нысæнттæ.

Фæндагæн ис республикон нысаниуæг. Уый Гуфта -Къуайсайы сæйраг магистралы иу кæндзæн, Синагуры зонæйы цы хъæутæ ис, уыдонимæ – Джалабет, Карзман, Синагур æмæ Теделетимæ.

Инвестпрограммæмæ хаст чи уыдысты, нæ горæты уыцы фараст уынджы арæзтад дæр кæронмæ бахæццæ. Бакодтой сыл электронон цырæгътæ, фæндагон змæлды нысæнттæ. Ацы уынгтæй уæлдай проблемондæр разындис Козаты æфсымæрты уынг.

Инвестицион программæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуы, уыдонæй иууыл ахсджиагдæр у, Дзауы районы Мзиугомы цы улæфæн лагерь арæзт цæуы, уый. Ацы объекты арæзтады закъазгæнæг у республикæйы арæзтады министрад, арæзтадон куыстытæ та æххæст кæны бынæттон арæзтадон фирмæ “Бадо”, ныртæккæ объекты уагъд цæуынц газ баиу кæныны куыстытæ.

Лагерь арæзт цæуы нырыккон домæнтæм гæсгæ, улæфынæн дзы уыдзæнис æппæт уавæртæ дæр. Улæфæн корпусæй дарддæр ма ам уыдзæн административон бæстыхай, спортивон фæзуæттæ æмæ йæ алфæмблай территори та æрцæудзæн хæрзарæзт. Æввахс рæстæджы объект ифтонг æрцæудзæн хъæуæг ифтонггæрзтæ æмæ дзаумæттæй. Сывæллæтты улæфæн лагерæн ацы бынат хуымæтæджы æвзæрст не ‘рцыд. Советон азты ам уыд туристон базæ æмæ йæм улæфынмæ цыдысты æнæхъæн советон цæдисы алы рæттæй. 1991 азы зæххæнкъуысты рæстæджы уый ныппырх æмæ раууатмæ æрцыд.

ЦАРЗ-ы микрорайоны сывæллæтты цæхæрадон кæй нæ уыд, уый зындзинæдтæ æвзарын кодта сæ ныййарджытæн. Афтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ скъуыддзаг æрцыд ацы фарст дæр æмæ сын арæзт цæуы ног рæвдауæндон. Ног рæвдауæндон уыдзæн раздæры туаггуыры станцæйы бынаты. Бæстыхай у дыууæуæладзыгон. Райсдзæн 160 сывæллоны бæрц. Уыдзæн дзы аст къорды, алы къорды дæр 20 сабийы. Арæзт дзы æрцæудзæн фæлладуадзæн хатæн, хæрæндон, актон зал, медицинон кабинет, афтæ ма асинты æмрæнхъ ам уыдзæн пандустæ дæр, цæмæй ныййарджытæн фадат уа сабиты коляскæтыл бакæнынæн. Ныртæккæ аразджытæ ку-сынц бæстыхайы агъуысты бын фæкæныныл.

Сывæллæттæн рæвдауæндоны территорийыл уыдзæн аст хъазæн фæзуаты. Сывæрдзысты дзы фæхсбандæттæ, бауадздзысты йæм рухс, ныссадзысты дзы алыгъуызон цъæхдарæнтæ.

Цы бантыст саразын аивгъуыйгæ азы?

Президент Гаглойты Аланы хæслæвæрдмæ гæсгæ Дзауы районы Ручъы хъæумæ хæстæг цы зæйуромæн галерея ис, уый дæр реконструкци цæуы. Ныридæгæн ам арæзт фесты йæ бахизæны дыууæ чысыл мæсыг. Уыдон арæзт æрцыдысты рагон национ стилыл. Ныр та кусджытæ архайынц дыууæ мæсыгы æхсæн цы аркæ ис, ууыл. Йæ уæлæ йын бакæндзысты республикæйы символтæ æмæ фыст «Паддзахад Алани-Ирыстон». Галереяйы арæзтадæн æрмæджытæ сты æлхæд. Афтæ ма ацы аз галереяйы мидæгæй скодтой рог цалцæг, уагъд æм æрцыд электронон рухс дæр.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты Знауыры поселочы арæзт цæуы 18 фатерон хæдзар. Куыстытæ æххæст цæуынц графикæй раздæр. Аразгæ та йæ кæны арæзтадон фирмæ “Престиж.”

Знауыры районы Хъорнисы хъæумæ бахизæны хид тынг зæронд кæй у, уымæ гæсгæ тасдзинад æвзæрын кодтой цæрджытæн æмæ йын йæ арæзтадмæ æрыв-нæлдтой æмгъуыдæй раздæр. Объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн æрбалæугæ азы уалдзæджы.

Инвестпрограммæйæ дарддæр ма горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдза-рады кусджытæ зынгæ куыст бакодтой цæрæн корпусты территоритæ схæрзарæзт кæныны фæдыл.   Афтæ ма æндæр æмæ æндæр куыстытæ æххæст кодтой районты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.