Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы цæрджытæ иууыл ахсджиагдæр нысаниуæг кæмæн радтой, уыцы цаутæй сæйраг у Президент Бибылты Анатолийы кусæгон фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дмитрий Козакимæ. Уымæн æмæ адæмы цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдон, дзырд дæр ыл нæй, скъуыддзаггæнгæ сты Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадимæ æнгом ахастытæ рæзын кæнын æмæ æмгуыстады фæрцы.

Фембæлды нысан кæд стыр политикон фарстатæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй нæ уыд, уæддæр йæ фæлгæтты æркастæуыд, стыр æмæ ахсджиаг нысаниуæг кæмæн ис, ахæм социалон æмæ цардуагон фарстатæм. Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй ма дзы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Финансты министр Хæбæлаты Азæ, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Гæззаты Дауыт æмæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Фембæлды уæрæсейаг фарсæрдыгæй хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы Экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Чеботарев æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты Арæнгæрон æмгуыстады управленийы сæргълæууæг Алексей Филатов.

Фембæлды рæстæджы лæмбынæг уынаффæ цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон структурæты æмархайды фарстатыл, уыцы нымæцы Инвестицион программæйы финанскæнынад, резервон электроадæттæн хаххы арæзтад æмæ Транскавказы автомагистрал модернизаци кæныны фарстатыл.

Сæрмагондæй ныхас цыд, фæстаг рæстæджы Дæллаг Зæрæмæджы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон арæныл контролонуадзæн пункты нæ республикæйы амалиуæггæнджытæн хæлцадон продукттæ ласыны фæдыл цы проблемæтæ фæзынд, уыдоны тыххæй.

Кусæгон фембæлды фæстиуджытимæ уæ лæмбынæгдæр базонгæ кæндзыстæм нæ газеты радон номырты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.