Паддзахадон телерадиокомпани «ИР» бацæттæ кодта проект «Дзырд»-ы дыккаг сезон. 25-æм декабры, Паддзахадон драмон театры сбæрæг сты ирон æвзагыл иууыл аивдæр æмдзæвгæтæ чи кæсы, уыцы æртæ финалисты.

Проекты архайдтой нæ республикæйы ахуырдзаутæ алы скъолатæй. Йæ нысан уыд ирон фысджыты æмдзæвгæтæ аив бакæсын æмæ ирон аив дзырды ад телекæсджыты зæрдæтæм фæхæццæ кæнын. «Дзырд»-ы хайадисджыты нымæц уыд сæдæйы бæрц. Аив кæсын, уæлдайдæр та иронау æнцон нæу, уыцы курдиат алкæмæн лæвæрд нæ вæййы, фæлæ проектмæ уыйбæрц ахуыргæнинæгтæ кæй æрбацыд, уый та ууыл дзурæг у, æмæ скъолаты мадæлон æвзагмæ хъусдард кæй ис, ахуыргæнинæгтæ та цæттæ кæй сты ахæм конкурсты хайад исынмæ. Уæлдай æхсызгон уыд лæппуты активон хайад конкурсы.

Конкурсы сывæллæттæ æмдзæвгæтæ кастысты  алыгъуызон тематикæйыл. Сæ фылдæр – райгуырæн бæстæйыл. Фæлæ дзы уарзондзинад æмæ хæсты темæ дæр уыдис. Иу турæй иннæмæ хизгæйæ, конкурсы хайадисджыты нымæц кодта къаддæр, жюрийы фæндонмæ гæсгæ чи цас баллы райста, уый хынцгæйæ. Иу этапæй иннæмæ ивта жюрийы уæнгты сконд дæр – Плиты Серго, Кокойты Тарзан, Хуриты Батрадз, Хаситы Эммæ, Гаглойты Эдуард æмæ ма ноджы æндæр ирон æвзаджы дæснытæй. Конкурсы хайадисджытæ дих уыдысты дыууæ къордыл æмæ сæ бацæттæ кодтой телеуынынады журналисттæ Мамиты Григори æмæ Джиоты Оксанæ.

Ахуыргæнинæгтæй финалмæ цы æхсæз сывæллоны бахызт, уыдонæй жюрийы уæнгтæ равзæрстой æртæйы. Æртыккаг бынатыл ацыд Джиоты Аланæ, дыккаг бынат та бацахста Цхуырбаты Дана æмæ телепроект «Дзырд»-ы уæлахиздзау  ссис Тедеты Ацæмæз.

Телепроект «Дзырд»-мæ хуынд æрцыд РХИ-йы Президент Гаглойты Алан. Уый уæлахиздзауты схорзæхджын кодта дипломтæ æмæ æхцайы премитæй. «Уе ‘ппæт дæр бавæрдтат уæ уд æмдзæвгæты, бæрæг у, хорз кæй æмбарут тексты мидис», – загъта Президент.

Телепроекты инициатортæй сæ иуæн – Бестауты Юлияйæн – Гаглойты Алан радта сгуыхт журналисты ном.

«Дзырд»-ы амонæг, проект «Зарæг»-ы уæлахиздзау Дзуццаты Тимурæн Президент балæвар кодта сертификат. Ныр уый фæрцы æвзонг зарæггæнæгæн фадат уыдзæн йæ зарджытæн аранжи-ровкæтæ саразын.

Жюрийы уæнгтæ кæцыдæр хайадисджыты схорзæхджын кодтой сæрмагонд призтæй. «Иууыл æвзонгдæр архайæг»-ы приз райста Гæбæраты Давид. «Залыбадджыты симпати» ссис Хуыбылты Родион. Дипломтæ æмæ лæвæрттæ радтой телепроекты иннæ хайадисджытæн дæр.

Æртыккаг бынат кæмæн радтой, уымæн йæ мад Хъазиты Беллæ нын загъта: «Мах райгонд стæм нæ хайадистæй ацы проекты. Сæрмагондæй мæ чызг алы æмдзæвгæйы дæр бавæрдта йæ уд. Иу турæй иннæмæ мæ хъус лæм-бынæг дардтон Аланæмæ æмæ дзы алыхатт дæр уыдтæн сæрыстыр йæ бæрнон ахасты тыххæй. Æрвылхатт дæр йæхи цæттæ кодта иттæг хорз. Мæнмæ гæсгæ, ахæм проекттæ ахъаз сты сывæл-лоны миддуне райхалынæн. Абонæй фæстæмæ æз мæ сывæл-лонмæ кæсдзынæн æндæр цæс-тæй, уæлдай аргъ ын кæндзынæн».

Телерадиокомпани «Ир»-ы директор Хъазиты Хатуна дæр раарфæ кодта «Дзырд»-ы хайадисджытæн, жюрийæн залмæ æрбацæуджытæ æмæ сæрмагондæй РХИ-йы Президент Гаглойты Аланæн, финансон æххуыс сын кæй бакæны, уый тыххæй.

Ирон аив дзырд æмæ культурæ райтынг кæныныл зæрдиагæй чи кусы, уыцы журналистты тандем – Мамиты Гри æмæ Бестауты Юлия ахæм проекттæ дзæвгар бацæттæ кодтой: «Кафт», «Зарæг», «Дзырд», «Æ», «Æз уарзын хъæу», «Æртæ халы». Уыдонæй алкæцы дæр арф бынат ссардта телекæсджыты зæрдæты. Ацы дыууæ фæлтæрд журналисты ма  сарæзтой документалон кино-ныв-тæ «Ирон Вандея» æмæ «Хæхтæ æвдисæнтæ»-йы автортæ.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.