Æгъдау-ӕгъдау хъӕр кӕнӕм, фӕлӕ уыцы ӕгъдауы кой бынтондӕр куынӕ кодтам, уӕд тыхджындӕр, цӕрдхъомдӕр  уыди. Ныр – хъӕр фылдӕр,  аразгӕ – къаддӕр. Кӕд ма исты ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕддӕр – ӕфсонӕн, кӕрӕдзийы ӕфсӕрмӕй, кӕнӕ кӕрӕдзийы фӕзмгӕйӕ. Фылдӕр хатт та: мӕнӕй цӕмӕн хъуамӕ райдайа. Ома, цыдӕр аразынмӕ зивӕг кӕныс, кӕнӕ дӕ цыдӕр саразын нӕ фӕнды, раст дӕм нӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ уӕддӕр аразыс, «афтӕ кӕй ӕмбӕлы», уымӕ гӕсгӕ… Æниу ма не ‘гъдӕуттыл дзургӕ дӕр уадиссаг чи кӕны? Йӕ рӕстӕджы сыл «Стыр Ныхас»-ы сӕрдар Гиоты Михал карзӕй кӕй дзырдта, уый тыххӕй ма йӕм адӕм фыдӕх дӕр систы, ӕгӕр, дам, нӕ систа йӕ уӕлныхты. Фӕстагмӕ та сыл Кучиты Руслан сдзырдта алыварсонӕй, фӕлӕ та нын уый дӕр нӕ «фӕбӕззыд». Ныр Руслан сӕрдар нал у, фӕлӕ цӕуыл дзырдта ӕмӕ тыхст, уыдон дзы уӕддӕр риссынц, йӕ къух сыл нӕ исы. Табуафси, байхъусӕм ӕм.

Мах адæм рагæй-æрæгмæ иугæйттæй нæ цардысты. Æхсæнадон цард та домы кæрæдзимæ æнгом лæууын, бахъуаджы сахат кæрæдзийæн æххуыс кæнын, æгъдау дæттын. Чындзæхсæвы æнцон нæу, зæгъæм, къухыл-хæцæг-æмдзуарджынæй, хъуыддагæн уынаффæгæнæгæй, кæнæ фынджы хистæрæй балæггад кæнын. Фæлæ-иу уыцы хæстæ кæмӕ æрхаудысты, уыдон сæ сæхицæн кадыл нымадтой. Уæдæ уымæй фылдæр фæхъæуы зианы кæндты, уӕлдайдæр – зиан æвæрæн бон, бафыдæбон кæнын, ӕгъдау скӕнын. Кæмæн кæрт бакæнынц йæ бар, чи æрцæуæг адæмæн арфæ кæнынмæ æрлæууы, кæстæртæ та хæрнæджы фынг цæттæ кæнынц. Марды табӕты уӕлхъус  радзурын фæхъæуы кæйдæрты сыхбæстæй, куыстæй, мыггагæй.

Кæд раджы уыцы æгъдæуттæ химæ райсынмæ хатын никæмæ хъуыд, хистæр дæр æмæ кæстæр дæр сæ хæстæ зыдтой æмæ сæ æххæст кодтой, уæд абон æдзæллаг кæнын райдыдтам. Горæттаг бирæуæладзыгон хæдзæртты æгъдау чи сæвæра, стæй йӕ йæхимæ чи райса, ахæм адæм къаддæрæй-къаддæр кæнынц. Æххуырсгæ æххуысмæ фæсидæм арæх. Уæлдайдæр, мæгуыры зиан куы уа, уæд. Ахæм ран, суанг чырыны раз чи радзура, уый дæр лæгъстæйæ фæагурынц. Чи сразы вæййы, уыдонæй та чи дзурынмæ нæ фæарæхсы, чи та цæуыл æмæ цас дзурын хъæуы, уый зонгæ нæ фæкæны.

Цымæ цæмæн афтæ у? Æз бафиппайдтон иу хъуыддаг. Æмткæй райсгæйæ, Æгъдау фидардæр у ног хæдзæртты сыхты, æдзæллагдæр та – зæронд “хрущевкæтæ” кæй хонынц, уым. Иуæй дзы кæстæртæ къаддæр фæцæры, иннæмæй та …

Ног хæдзæртты фылдæр æрцæрынц æрыгон æмæ рæстæмбис кары адæм. Уыдон хъазуатонæй бавналынц сых æрбангом кæнынмæ, иумæйаг хъуыддæгтæ аразынмæ, кæрты æгъдау сфидар кæнынмæ. Уымæн æмæ фылдæр вæййынц, хъæуты чи райгуырд æмæ хистæртæ хорз æгъдау кæмæн бацамыдтой, ахæмтæ.

Мæхи сыхбæстæ иу кæрты æрцардысты дæс азы размæ. Æмæ сæ бон изæрмæ куы феппæлон, уæддæр, æвæццæгæн, фаг нæ уыдзæн. Хи сыхы тыххæй нæ, фæлæ æцæг арфæйаг сты. Кæрты мидæг æгъдау радтын куы фæхъæуы, уæд лæппутæ райсомæй раджы иу ссæдзæй кæрæдзийы фæстæ æрбалæууынц фæкæсынмæ. Ис дзы хорз хистæртæ дæр.

Уæдæ æз федтон бирæ ахæм сыхтæ. Сæ цæрæнбон бирæ, сых сыхы хуызæн кæмæ у, хистæртæ дæр кæм ис æмæ кæстæртæ дæр. Фæлæ фенæм бынтон æндæр уавæр дæр. Цæмæн?

Фыццаджыдæр, уыцы зæронд сыхтæ фæсивæдæй стӕнӕг вӕййынц æмæ дзы змæлæг фаг нал вæййы. Дыккаг аххосаг та уый у, æмæ уыцы сыхты, хъæуты чи хъомыл код-та, ахæм адæм бирæ нæ вæййы. Фæлæ ма дзы ис ноджы иу рахæцæн.

Куыд загътон, афтæмæй ног кæртыты сывæллæттæ бирæ вæййы. Уыдон сындæггай, рæстæджы цыдимæ рæзынц горæттаг æхсæнады мидæг. Хъыгагæн, фылдæр сæ мадæлон æвзагыл дæр нæ дзурынц. Æгъдау та скъолаты нæ амонынц. Кæрты æгъдау дæттын куы фæхъæуы, уæд бирæ азты дæргъы вæййы лæппутæн æмæ чызджытæн сæ ныййарджыты бар. Сæхæдæг та уымæй вæййынц иппæрд, уæгъдгонд. Стæй сæ хистæртæ куы базæронд вæййынц æмæ кæстæрты рад куы ралæууы, уæд дзы ничи ницы фæзоны æмæ сыхы иудзинад æмæ æгъдау зæууатмæ æрцæуынц.

Алагиры райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн. Скъолайы астæуккаг кълæстæм куы схæццæ дæн, уæд мæ хонæг, хъæргæнæг æрвитын райдыдтой. Фæстæдæр иу сыхы хъуыддæгты ме ‘мгæрттимæ æрлæууыдыстæм лæггад кæнæ фыдæбон кæнынмæ. Арæх-иу нæ бахъуыдис хистæртæн уырдыг лæууын дæр. Афтæмæй ахуыр кодтой æгъдауыл мæ фæлтæры адæм. Ныййарджытæ ныл уымæй ауæрдгæ нæ кодтой, сæхæдæг нæ æрвыстой, кæм хъуыдыстæм, уырдæм.

Куывдтæ, чындзæхсæвтæ, гъе та зианы кæндтæ хæсты быдыр не сты – цæмæй дзы тæрсæм нæ кæстæртæн уым балæггад, бафыдæбон кæнынæй? Адæм сæ бузныг фæуыдзысты, сæхæдæг та зондджындæр, фендджындæр æмæ æгъдауджындæр цы суой, уымæй уæлдай дзы æвзæрæй ницы райсдзысты. Уæ хорзæхæй, 12-14 азы кæуыл сæххæст уа, уыцы лæппуты æмæ чызджыты æмбæлы сыхы æгъдауыл бæттын, сӕ кармӕ гӕсгӕ сын исты хæстæ бакæнын. Ма сæ цух кæнут уыцы Фарнæй, уымæй тынг фæрæдидзыстут.

Уæдæ кæд ацы ныхас райдыдтам, уæд ма иу æнæзæрдæмæдзæугæ нырыккон фæзынды кой æнæскæнгæ нæй. Ирон æхсæнадон фæтк домы алкæмæй дæр æгъдау зонын æмæ æххæст кæнын. Кæстæр нæ кæны хистæртæн уынаффæ. Хистæр та йæ кармæ гæсгæ хæстæ æххæст кæнынæй æмбæхсгæ нæ кæны. Уыцы фæтк куы фехæлы, уæд дзы рауайы къæйных кæстæртæ, æмæ, æгъдау уæлдæр математикӕйӕ зындӕр кæмæ кæсы, ахæм хистæртæ.

Æрæджы иу чындзæхсæвмæ байрæджы кодтон, куысты фæдыл бакъуылымпы дæн. Куы бацыдтæн, уæд мæм хатыдысты, уæлейӕ хистæртимæ сбад, зæгъгæ, фæлæ байрæджы кæнæджы æгъдау алкæмæн дæр иухуызон хъуамæ уа, æмæ уæгъд бынат кæм уыд, уым сбадтæн. Мæ уæле бадт фæцис иу зæронд лæг. Æвæццæгæн ыл 80 азæй къаддæр нæ цыдис. Мæхинымæр бадис кодтон, афтæ дæлæуæз цæмæн бады, зæгъгæ. Иу сидт нæ уадзы, арахъхъы дзаг агуывзæйæ нуазы, хъазуатонæй хæры, алцы фæлвары. Фæлæ йæ хъæлæсæй куывдты фæдыл иу ныхас нæ хауы. Ахæм ран лæг къуыттыйы бадт дæр куыд хъуамæ кæна, æмæ мæ фарсмæ бадæгмæ ныхас бабæттынæн ныллæг хъæлæсæй бадзырдтон:

– Мæнмæ гæсгæ мыггагæй хистæры раст не сбадын кодтой. Рахис фарс хъуамæ бада. Дæумæ та куыд кæсы?

Уый уæлæмæ акаст, йе уæхсчытыл схæцыд æмæ мын афтæ:

– Æмæ-гъа, æз уыцы хъуыддæгтæн ницы ‘мбарын.

Æмӕ та дарддæр, цы хæринæгтæй нæма ацаходыдта, уыдонмæ йæхи байвæзта.

Æрыгон лæппу уӕвгӕйæ, хистæртæн алæггад кæнынмæ зивæг чи фæкæны, кардзыд лæгæй та æгъдау хæссынæй йæхи чи асайы, уыдон зæрондæй дæлейӕ кæстæртимæ æмæ æрæджыгæнджытимæ æрбадынц, цæмæй сæ ма хъæуа æгъдау æвдисын. Афтæ, дам, æнцондæр у. Раст сты, æгъдау хæссын зын у.

…Фӕлӕ йӕ куы нал хӕссӕм, уӕд бынтондӕр нал уыдзӕн… Куыд уыдзыстӕм, куыд цӕрдзыстӕм афтӕмӕй?.. Цӕргӕ та цы – ирон ӕгъдау цӕимӕ хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ у, уый хъусгӕ дӕр кӕм никуы фӕкодтой, ахӕм бӕстӕты дӕр цӕрынц. Кӕрдзын кӕмдӕриддӕр хӕрынц, дон кӕмдӕриддӕр нуазынц. Фӕлӕ алкӕмӕн йе ‘мбисонд – йӕхи. Махыл ахӕм цардӕй цӕрын не сфидаудзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр ныхыфыстимӕ райгуырдыстӕм. Мах хъуамӕ ӕндӕр искӕйты ма фӕзмӕм, мах хъуамӕ ууыл архайӕм, цӕмӕй ӕндӕртӕ дӕр мах фӕзмой, нӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕй цӕвиттон исой, тӕхуды нӕм кӕной. Мах та – иннӕрдӕм. Ацы ӕнӕхайыры интернет йедтӕмӕ нӕ ницыуал ӕндавы, ныссагъдыстӕм дзы, иу дзы иннӕйы хорзӕй ницӕмӕй бафӕзмдзӕн, ӕрмӕст фидистӕ ӕмӕ цъыфкалӕнтӕй соцерысы бацыдыстӕм, ӕмӕ йӕ хатгӕ дӕр нал кӕнӕм, уыцы хӕрамдзинады уидӕгтӕ не ‘хсӕн арфӕй-арфдӕр куыд цӕуынц, кӕрӕдзимӕ не знаджы цӕстӕй куыд кӕсын кӕнынц, уый.

Махӕн та нӕ разы ӕндӕр, вазыгджындӕр ӕмӕ ахсджиагдӕр хӕстӕ лӕууы – не ‘гъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын, сӕ бахъахъхъӕнын. Нӕ фыдӕлтӕ нӕм рӕсугъдӕй цы рарвыстой, уый дарддӕры фӕлтӕртӕм ноджы рӕсугъддӕрӕй адӕттын. Фӕлӕ нӕ нал ӕвдӕлы уыдӕттӕм, кӕрӕдзи хӕрынмӕ фестӕм, не знӕгты куыроймӕ дон уадзыны йедтӕмӕ ницыуал аразӕм…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.