Адæймагæн адджын ныхас зæгъын дæр кæуылты æхсызгон вæййы. Уымæй уæлдай ма искæй тыхст уавæры куы бацæуай, йæ рисæй йын дæхимæ  куы айсай, уæд зæрдæйæн фенцондæр вæййы. Афтæ у не ‘рвылбонон цард, уымæн æмæ адæм кæрæдзийы фæрцы сты, сæ кæрæдзийы ныфсæй цæрынц. Уыцы хорздзинæдтæ йæхиуыл бавзæрста нæ горæты цæрæг Дудайты Виктор дæр æмæ йæ бафæндыд, цæмæй амæйразмæ цы хорздзинæдтæ бавзæрста йæхиуыл æндæр æмбæстæгты хæрзиуæгон архайдæй, уый тыххæй сын сæ кой ракæнæм.

Ацы намысджын æмæ йæ иубæстон адæмыл æнувыд адæймаг цы бынæтты куыста, уым кæддæриддæр йæ хæстæ æххæст кæнынмæ каст бæрндзинады цæстæй æмæ дзы райгонд уыдысты йæ дæлбаруæвæг кусджытæ. Фæлæ азтæ цæуынц, Дудайы-фыртыл дæр сæ уæз æруагътой æмæ хæрзбон загъта хæрзиуæгон фæллойæн. Азты цыдимæ хъуамæ де ‘нæниздзинадмæ дæр здахай æмбæлон хъусдард. Уый та канд йæхицæй кæнгæ нæ вæййы, фæлæ йæм се ‘ххуысы къух хъуамæ фæдаргъ кæной æмбæлон разамонæг адæймæгтæ дæр. Дудайы-фырт фæстаг дыууæ азы йæ куырдиатимæ балæууыд Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Наниты Сосланмæ. Нанийы-фырт ын дыууæ хатт дæр сæххæст кодта йæ домæн æмæ фыццаг хатт йе нæниздзинад фæфидар кæныны тыххæй баулæфыд «Урсдон»-ы санаторийы, дыккаг хатт та -Тæмисчъы.

Адæймагæн чысыл лæггад дæр чи бакæна, уый зæрдæйæ нæ рох кæны, алы хатт дæр æй æрæмысы. Цæвиттон, Дудайты Виктор 2019 азы Тæмисчъы улæфтæй куы суæгъд, уæд ратагъд кодта сæхимæ рацæуыныл. Æнхъæлмæ каст, Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ цы рейсон автобус цыд боны 15 сахатыл, уымæ, фæлæ автобус уыд йедзаг æмæ нæ баурæдта. Бахъуыд æй æндæр транспортмæ æнхъæлмæ кæсыны сæр. Фæндаггон тыхст йæхимидæг, кæд 17 сахатмæ ницы уа, уæд фæстæмæ санаторимæ баздæхын уыд йæ зæрды. Йæ амондæн та йын иу рог хæдтулгæ фæурæдта, дуар байгом æмæ дзы рахызт иу æвзонг уырыссаг чызг. Куы базыдта, Цхинвалмæ цæуы, уæд ын йæ хызын фелвæста æмæ йæ бахаста машинæмæ. Йæ фарсмæ цы чызг бадти, уый фæстаг бандонмæ ахызт æмæ Дудайы-фырты сбадын кодта разæй. Фæндагыл цæугæйæ йæ бафарста æмæ базыдта, уыдон 4-æм æфсæддон базæйæ кæй сты, уый. Иугæр горæтмæ куы ныххæццæ сты, уæд æй бафарста, кæм цæры, уымæй æмæ йæ ныккодта суанг йæ хæдзары цурмæ, йæ хызын дæр ын бахаста йæ фатермæ æмæ раздæхт фæстæмæ. Дудайы-фырт мемæ ныхас кæныны рæстæджы, тынг фæсмон кодта, кæй нæ фæцарæхст æмæ сæ мыггæгтæй кæй нæ бафарста, уый тыххæй. Æнæуый та сын бирæ зæрдиаг арфæтæ фæкодта.

Виктор æртыккаг хорздзинад та банкъардта æрæджы, апрелы мæйы. Автобусмæ æнхъæлмæ каст, фæлæ æгæр айрæджы кодта æмæ йæ не ‘рбаййæфта. Уæд дæр та йæ разы фæурæдта иу рог хæдтулгæ, бадтысты дзы дыууæ æвзонг сылгоймаджы. Бафарстой йæ, кæдæм цæуы, уымæй, фæлæ Виктор æфсæрмы кодта æмæ сбадыныл нæ разы кодта. Уæддæр æм рулыл бадæг сылгоймаг бахатыд, ма æфсæрмы кæн, зæгъгæ, æмæ йæ фæхæццæ кодтой æмбæлон бынатмæ. Уыцы арфæйаг адæймæгтæ та уыдысты Козаты Ульянæ æмæ йæ чызг.

Йæхи рады Дудайты Виктор ноджыдæр бузныг загъта, йæ уавæры чи бацыд æмæ йын сæ лæггады хай чи бакодта, уыцы арфæйаг адæймæгтæн. Цард хорз адæймæгтæй фидауы, уыдоны фæрцы размæ цæуы æхсæнад дæр æмæ ахæмтæ арфæйаг уæд сæхæдæг дæр.

                                                       ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.