Æвзаг куы амæлы, уæд наци дæр кæй фесæфы, уый æнæзындгонд никæмæн у. Хистæр йæ кæстæрæн зонд мадæлон æвзагыл куынæ амона, мад йæ сывæллонмæ йæ мадæлон æвзагыл куынæ дзура, уæд уыцы адæмæн сæ фидæн бæллиццаг нæ уыдзæн.

Нæ горæты æртыккаг астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Санахъоты Аллæйы  къухӕй цы бирӕ рауагъдонтӕ  рацыди,  уыдон  æхсæн  ис ахуыргӕнджытӕ, дохтыртӕ, журналисттӕ, экономисттӕ æмæ æндæр професситы минæвæрттæ. Скъолаты фæстаг рæстæджыты бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, фæзындысты ног программæтæ, ног ахуыргæнæн фæрæзтæ, домæнтæ дæр æндæр сты, фæлæ ахуыргæнæгæн йæ сæйраг нысан кæддæриддæр у æмæ уыдзæн – аккаг æмбæстæгтæ æмæ патриоттæ хъомыл кæнын. Аллæ кæд райдиан кълæсты ахуыргæнæг у æмæ æндæр æмæ æндæр предметтæ амоны, уæддæр сæрмагонд хъусдард здахы чысыл сабитæн мадæлон æвзаг уарзын кæнынмæ

Аллæйæн йæ уроктæ вæййынц цымыдисон, ахуырдзаутæ йæм фæхъусынц лæмбынæг æмæ зæрдæргъæвдæй. Урочы райдианы йæ цæстæнгасæй сбæрæг кæны, чи цавæр зæрдæйы уагимæ ‘рбахизы къласмæ æмæ бацархайы, тыхстдзинад чи æвзары, уыдоны æррæвдауыныл.

Æгæрон сты адæймаджы гæнæнтæ æмæ дзы хорзæй цы ис, уыдонæй пайда хъæуы дæ куыст, дæ архайды адæймаджы раст фæндагыл бафтауынæн. Ахæм хъуыдыйыл баст у Аллæ. Ныхæстæй зын у равдисын йе ‘ппæт хорз миниуджытæ.

Нæй ферох кæнæн фыццаг ахуыргæнæгæн… Уый æрмæст зонындзинæдтæ нæ дæтты, фæлæ ма амоны царды фыццаг уроктæ дæр.

Алы адæймагæн дæр йæ царды ис уарзон ахуыргæнæг, йæ ныхасæй, йæ хъуыддæгтæй фæзминаг чи у, дæ сабибонты дын ныфс чи уыдис, ныййарæджы рæвдыд кæмæй зыдтай. Ахæм æнæферохгæнгæ адæймаг мæнæн дæр ис æмæ у Аллæ Валентины чызг .

“Сывӕллонӕн ӕппӕты фыццаг йӕ ӕппӕрццаг миниуджытӕ хъуамӕ ма дарай цæстмæ, фӕлӕ дзы хъӕуы, фыццаджыдӕр, раппӕлын, цӕмӕй ӕвзӕрдзинæдтыл ма цайдагъ кӕна. Бирӕ сывӕллоны куы ‘фхӕрай ӕмӕ йын куы уайдзӕф кӕнай, уӕд фæкъуырма вӕййы ӕмӕ йæм ницыуал фæхъары. Уымӕ гӕсгӕ, сывӕллоны хъӕуы рӕвдауын. Фыццаджы уал ын базонын хъӕуы, йæ царды уавӕртӕ, йе ‘нӕниздзинад цахæм у. Кӕсын хъӕуы йӕ дарддӕры цардмӕ, йӕ хъомыладмӕ ӕмӕ йӕ хъуамӕ афтӕ рацаразай, цӕмӕй раст фæндагыл ныллӕууа. Фыццаг дзы хъуамӕ рацӕуын кӕнай хорз адӕймаг. Уый у ахуыргӕнӕджы сӕйраг хӕс ӕмӕ йӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕна. Сывӕллонӕй ӕвзӕр нӕ вӕййы”, – фидарæй зæгъы Аллæ.

Ахуыргæнæг æрмæст зондамонæг нæу нæ кæстæртæн, фæлæ у паддзахадæн бындурæвæрæг. Нæ абоны кæстæр фæлтæрæй сомбоны цы лæгтæ рауайа, ахæм лæгтæ æрлæудзысты нæ паддзахады сæргъы, ахæм дæснытæ араздзысты нæ фидæны цард, ахæм дохтыртæ нæ дзæбæх кæндзысты, ахæм ахуыргæндтæ сгардзысты зонады æбæрæг къуымтæ, ахæм курдиатджын фæлтæр ноджы уæлдæр къæпхæнмæ сисдзæн нæ аивад, нæ культурæ, Хуыцау хæстæй бахизæд, фæлæ ахæм фæсивæд хъахъхъæндзæн йæ райгуырæн бæстæ æддагон знæгтæй. Æмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй йæ цард нывонд кæны… æмæ йæ бавæрд хæссы уыцы арфæйаг хъуыддæгтæм.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.