Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕнӕниз буары ис ӕнӕниз уд. Адӕймаг физикон культурӕ ӕмӕ спорты цас арæхдæр   архайа, ӕмхиц ӕм уа, уыйбӕрц йе ‘нӕниздзинадыл ӕндавдзӕн ӕвӕрццагӕй, цыфӕнды зындзинӕдтӕн дӕр  уыдзӕн фӕразон, уыимӕ скъолайон предметтӕ ахуыр кӕнгæйæ дӕр. Ӕнӕниздзинадыл та хорзӕрдӕм ӕндавынц физикон хъомылады уроктӕ, уымæ гæсгæ сæм цины ӕнкъарӕнтимӕ фезгъорынц ахуыргӕнинӕгтӕ.

Спорт йӕ царды сӕйраг нысан кӕмӕн ссис, уыцы ӕнувыд адӕймӕгтӕм ахӕссын хъӕуы Гатыгкоты Аликы дӕр. Уый йӕ чысылӕй фӕстӕмӕ бауарзта спорты хуызтӕй сӕ иу- волейбол, ӕмӕ йыл абоны боны онг цӕуы сӕрыстырӕй. Уымӕн ӕвдисӕн у уый дӕр, ӕмӕ нæ адæм уæззау уавӕрты куы ӕрвыстой сӕ цард, куыстмыздтӕ цалдӕргай мӕйты куы нӕ истой, уӕд дӕр нӕ фӕтасыд, йӕ зӕрдӕ не сивта йӕ куыстыл. Гатыгкоты Алик райгуырд нӕ горӕты, 1962 азы куыстуарзаг æмæ фӕрнджын бинонты ‘хсӕн. Йӕ фыд Алекси куыста, раздӕры Цӕдисы зындгонд чи уыд, уыцы завод «Электровибромашинӕ»-йы куырдӕй. Йӕ хорз ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт куысты тыххӕй ӕвзӕрст ӕрцыд ССР Цӕдисы Сӕйраг Советмӕ депутатӕй. Йæ цардæмбал Козаты Земӕимæ схъомыл кодтой ӕмӕ царды раст фӕндагыл бафтыдтой сӕ зӕнӕджы. Алик спорты архайын кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ Цхинвалы астӕуккаг скъолатӕй сӕ иуы ахуыр кӕнгæйæ уыцыиу рӕстӕджы цыд спортскъолайы волейболы секцимӕ дӕр. Уӕд дзы дирекртор уыд йӕ хъуыддаджы иттӕг хорз дӕсны ӕмӕ зӕрдӕхӕлар адӕймаг Уалыты Лев. Гатыгкойы фыртӕн иу ӕнтыст иннӕйы фӕдыл ӕфтыд йӕ къухты. Иу рӕстӕджы сæ бахъуыд  ног тренер, Уалыйы фырт хатыд ӕвзонг лӕппуйы арӕхстдзинад ӕмӕ иузӕрдион ахаст, ӕмбӕрста, ацы ӕвзонг лӕппу тренер-хъомылгӕнӕджы миниуджытӕй дӕр хайджын кӕй у, бахатыд ӕм, цӕмӕй уыцы куыст дӕр райдайа. Ӕвзонг лӕппу гуызавӕ кодта, зӕгъгӕ, куынӕ сарӕхсон, фӕлӕ йӕ Уалыйы фырт баууӕндын кодта йӕ тыхтыл ӕмӕ уӕд сразы. Афтӕмӕй астӕуккаг скъолайы дӕр ахуыр кодта æмæ спортскъолайы та тренерӕй куыста.

Фӕстейӕ аззадысты ахуыры азтӕ, уӕдмӕ йӕм ӕрсидтысты Советон Ӕфсады рӕнхъытӕм ӕмӕ уым дӕр намысджынӕй сӕххӕст кодта йе ‘мбӕстагон хӕс. Гатыгкойы фырт уӕлдӕр ахуырад дӕр райста Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты физикон хъомылады факультеты. Йӕ раздӕры зӕрдӕргъӕвд ӕмӕ коммӕгӕс ахуыргӕнинагмӕ бахатыд 3-аг скъолайы директор Бететы Хъазбег, цӕмӕй сӕм кусын райдайа. Афтӕмӕй иурӕстӕ-джы спортскъолайы дӕр куыста æмæ 3-аг астӕуккаг скъолайы дӕр. Горӕт ӕмӕ республикӕйы фӕлгӕтты цы ерыстӕ уагъд ӕрцӕуынц, уым кӕддӕриддӕр йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ райсынц хайад ӕмӕ сын вӕййы зӕрдӕрухсгӕнӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ, бацахсынц аккаг бынӕттӕ. Раздӕры ерыстыл цӕст ахӕсгӕйӕ, кубоктӕ, грамотӕтӕн сӕ номхыгъд дзӕвгар у. Хорз ахуыргæнæг ӕрмӕст йӕхи ӕнтыст фагыл нӕ нымайы, уый ма йӕ бирӕазон куысты фӕлтӕрддзинад рӕдауӕй дӕтты ӕндӕртӕн дӕр. Афтæ кæй у, уымӕ гӕсгӕ йӕм республикӕйы алы бынӕттӕй цы специалисттӕ цӕудзысты, уыдонӕн нырӕй фӕстӕмӕ хъуамӕ рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ уадза мастер-къластӕ.

Гатыгкоты Аликӕн йӕ фӕллойадон стаж дзӕвгар у – 36 азы.  Йӕ бирӕазон ӕнӕзӕрдӕхудт куысты тыххӕй йын 2017 азы 11 октябры лӕвӕрд ӕрцыд «Республикӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргӕнӕджы» кадджын ном.

Ӕнӕмӕнг зӕгъын ӕмбӕлы, Гатыгкойы фырт активон хайад кӕй райста гуырдзиаг хотыхджынты ныхмӕ, уый тыххӕй дӕр. 1992 азы ма Фидауынгӕнӕг тыхты ӕрцыдмӕ бӕрцӕй хъуыд 10 боны. Нӕ лӕппуты иу къорд, уыцы нымӕцы Алик дӕр сӕ тыхтӕ равӕрдтой Къуернеты къуылдымыл. Фӕлӕ знагӕн нӕ ивӕрзтысты нӕ лӕппуты хӕцӕн бынӕттӕ ӕмӕ та ардӕм дӕр райдыдтой ӕхсын. Нӕ хӕстонтӕ дӕр сын кӕд аккаг дзуапп лӕвӕрдтой, уӕддӕр знаджы тыхтӕ фылдӕр уыдысты. Иуахӕмы карз тохты фӕцӕф Гатыгкойы фырт, уайтагъд ӕй вертолетыл аластой Дзӕуджыхъӕумӕ. Уым ын фӕхос кодтой цасдӕр рӕстӕг, фӕлӕ ӕгӕр карз уыд йӕ цӕф ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ аласын бахъуыд Мӕскуыйы рынчындонмӕ Битарты Зояйы руаджы. Рынчындоны хуысгӕйӕ, тынг мӕт кодта, дарддӕр ма йӕ бон бауыдзӕн волейболы тренерæй, стӕй астӕуккаг скъолайы кусын. Фӕлӕ цардбӕллон нӕлгоймагӕн сӕххӕст йӕ бӕллиц – сдзӕбӕх йӕ къахы цӕф. Уымӕй дарддӕр ма йӕ арм та баййæфта фӕллойадон травмӕ, фӕлӕ уӕддӕр цардбӕллон ӕмӕ йӕ дӕсныйадыл ӕнувыд спортсмен ногӕй ӕрбаздӕхт йӕ уарзон куыстмӕ.

Гатыгкойы фырт йӕ куыстыл куыд ӕнувыд у, афтӕ иузӕрдион у, кӕимӕ кусы, уыцы уарзон ӕмкусджытыл дӕр æмæ  йын се ‘хсæн ис хорз кад.

Гатыгкоты Аликӕн йӕ куыст ӕмӕ архайдӕй йӕ зӕрдӕ куыд рухс кӕны, афтӕ амондджын у бинонты царды дӕр. Йӕ уарзон ӕмкъаимӕ сын ис чызг ӕмӕ лӕппу, чызг лӕуд у медицинӕйы хаххыл, сӕ фырт Константин райста юридикон ӕмӕ физикон культурӕйы дӕсныйӕдтӕ. Цард хорздзинӕдтӕ ӕмӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕй фидауы, уыдонӕй у йӕ хъӕздыгдзинад. Уыцы ӕвӕрццаг миниуджытӕй та хайджын сты Гатыгкоты бинонтӕ, рӕдауӕй сӕ хӕлар кӕнынц ӕндӕртӕн дӕр ӕмӕ ноджыдӕр фӕрнджын уӕнт.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.