Адæймаджы сконд æмæ зондахаст ахæм у æмæ иу стыр, ахсджиаг хæс скъуыддзаг   куы æрцæуы, уæд хъуыды кæнын райдайы æндæр ахсджиаг хæсыл. Нæ адæм къорд азты сæхи сæрибар кодтой Гуырдзыстоны æфсондзы бынæй. Уый бантыст нæ къухты, систæм хæдбар паддзахад. Нæ аразинæгтæ ныр скъуыддзаг кæнæм нæхæдæг. Бирæтæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, ныр афон у æмæ æрдзурæм, цæмæй Кавказы хæхтыл Цæгат Ирыстонæй Хуссар Ирыстонмæ арæзт æрцæуа æфсæнвæндаг. Ацы фарсты фæдыл нæ уацхæссæг ныхас кодта нæ хисдæр кары æмбæстæгтæй цалдæримæ.  Алкæмæ дæр сæ радта хицæн фарст. Сæ дзуаппытæ та уыдысты ахæм.

– Æфсæнвæндаг Хуссар Ирыстоны хъæуы, фæлæ цасбæрцæй?

 Гæбæраты Уасил:   Афтæ мæм кæсы, æмæ  хатдзæгтæ аразын йæ бон кæмæн  у, уыдон иууылдæр, æнæ уæлдай рахъуыды-бахъуыдыйæ зæгъдзысты: Хуссар Ирыстон, йæ адæмы æфсæнвæндаг хъæуы бирæбæрцæй. Æнæ æфсæнвæндаг цæрынц бирæтæ, фæлæ цæмæй адæмы цардуагон уавæртæ хуыздæр рæзой, уымæн стыр ахъаз уаид æфсæнвæндаг.

– Абон нæ алчи дæр æмбары Цæгатæй Хуссар Ирыстонмæ æфсæнвæндаджы ахсджиагдзинад, фæлæ йыл цæуы цъус дзырд, цæмæн?

 Хъуылымбегты Герсан:   Цæмæн афтæ у, уый тыххæй æрхæссæн ис цалдæр цæвиттоны. Фыццаг уый, æмæ нæхи фæрæзтæ цъус сты. Куыстыты гуырахст та у стыр, уыимæ ма æххæст цæудзысты зын фадæтты. О, фæлæ хатын хъæуы Уæрæсемæ.

– Дызæрдыггаг нæу, ацы фæндаг арæзт куы æрцæуа, уæд нæ адæмæн æрхæсдзæнис бирæ пайда. Ацы хъуыдытæм ма цы бафтаудзынæ?

Уалыты Гайоз: Фæндаджы зындзинæдтæ чи нæ æвзары, уыцы паддзахад рæзы æппынæдзух. Уымæй дарддæр ма ахъуыды кæнæм, Ручъы фæндаг куы нæ уыдаид, уæд цы кодтаиккам 1989-2008 азты хæсты рæстæджы. Уæрæсейæ уæддæр уыдаид æххуыс, уæддæр цæриккам нæ фыдæлты зæххыл, фæлæ бавзæрстаиккам стырдæр зынтæ, æрцыдаид ныл фылдæр зиæнттæ. Æндæртæ куыд зæгъдзысты, уый нæ зонын, фæлæ мæн уырны, ацы фæндаг арæзт кæй æрцæудзæнис, уый.

Багаты Гиви: Мæхи куы базыдтон уæдæй нырмæ цардтæн ацыæфсæнвæндаджы арæзтадыл хъуыдытимæ. Ныр мыл сæххæст83азы,фæлæ, раст зæгъгæйæ, бирæ ницы фæивта.  

    Гæззаты Иван           

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.