1943 азы 18-æм январы Ленинграды æмæ Волховы æфсæдтæ атыдтой блокадæйы æрхъула. Блокадæ ахаста 900 боны. Уыцы рæстæджы фæмард иу милуанмæ æввахс ленинградаджы бæрц.

1941 азы 22-æм июны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы Ленинграды здæхты ныццæвын хæсгонд æрцыд немыцаг армийы æфсæддон къорд «Север»-æн, инæлар-фельдмаршал фон Леебы командæкæнынадæй. Уыдон хъуамæ скуынæг кодтаиккой Прибалтикæйы Сырх æфсады къордты, сæ хъавд уыд Балтийы денджызы æфсæд-донденджызон базæтæ бацахсын æмæ 21-æм июлмæ Ленинграды хи бакæнын. 9-æм июлы бацахстой Псков, 10-æм июлы немыцаг хæйттæ атыдтой фронт æмæ «Север»-ы 4-æм танкон къорды тыхтæ рахызтысты цæугæдон Плюссамæ æмæ дарддæр сæ фæндаг сарæзтой Лугæмæ. 21-æм августы немыцæгтæ бацахстой Чудовойы станц, уымæй Октябры æфсæнвæндаг алыг кæнгæйæ, æмæ аст боны фæстæ та бацахстой Тоснойы. 3-æм августы бацахстой егъау æфсæнвæндаг Мгайы. 1941 азы 8-æм сентябры, немыцæгтæ Шлиссельбург куы бацахстой, уый фæстæ райдыдта Ленинграды 871-бонон блокадæ. Ацы бон у иууыл трагикондæр бон Уæрæсейы цæгаттаг столицæйы æртææнусон историйы, у ма уыцы иурæстæджы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтардзинæдты фæрстæй сæ иу дæр.  Уый уыд горæтыл иууыл дæргъвæтиндæр æмæ тæссагдæр æрхъула адæймагады историйы. Уæд Ленинграды алыварс сырæзт блокадæйы цæг.

Æрхъулайы бахаудтой горæты 2 милуан 544 мин æмбæстагон цæрæджы, уыцы нымæцы 400 мины бæрц сывæллоны, горæтгæрон районты – 343 мин цæрæджы, горæт хъахъхъæнæг æфсæдтæ. Хæлцадон продукттæ æмæ æртаджы фæсауæрцтæ уыдысты цъус (æрмæстдæр 1-2 мæйæн). 1941 азы 8-æм сентябры авиацион бабырсты æмæ зынгсирвæзты фæстиуæгæн басыгъдысты  А.Е.Бадаевы номыл хæлцадон æфтауцдæттæ. Баконд æрцыдысты хæлцадон карточкæтæ: 1 октябрæй хуымæтæджы кусджытæ æмæ инженерон-техникон кусджытæн райдыдтой дæттын суткæйы дæргъы æрмæстдæр 400 граммы дзул, иннæтæн та – 200 граммы. Æрлæууыд æхсæнадон транспорт дæр, уымæн æмæ 1941-42 азты зымæгмæ нал баззад æртагон фæсауæрцтæ. 1942 азы январы иу адæймагмæ хауд æрмæстдæр 200/150 граммы дзул. 1942 азы февралы кæронмæ Ленинграды уазал æмæ æххормагæй амард 200 мин адæймагæй фылдæр. Фæлæ горæт цард æмæ тох кодта, заводтæ дарддæр уагътой хæстон продукци, куыстой театртæ æмæ музейтæ. Æппæт блокадæйы рæстæджы нæ банцад ленинградаг радио, цыран ныхас кодтой поэттæ, фысджытæ. 1942 азы 2 июлы Уралæй фæхæццæ кодтой Дмитри Шостаковичы 7-æм симфони.  9 августы симфони сæххæст кодта Ленинграды Стыр симфонион оркестр, кæцыйæн дирижер уыд Карл Элиасберг. Шостаковичы ног уацмыс фехъусгæйæ, хъусджытæ нæ урæдтой сæ цæстысыг. Симфонимæ хъуыстой æрмæст Ленинграды цæрджытæ нæ, фæлæ немыцаг æфсæдтæ дæр. Уымæй бирæ фæстæдæр, Германæй дыууæ туристы ссардтой Элиасбергы æмæ йын загътой: «Уæд, 1942 азы 9-æм августы мах бамбæрстам, кæй фембылды уыдзыстæм, уый. Мах уæд бамбæрстам уырыссаг адæмы тых. Уыдон фæуæлахиз сты æххормагдзинад, тасдзинад æмæ, æгæрыстæмæй, мæлæтыл дæр…».

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ 2008 азы 21-æм августы Цхинвалы Театралон фæзуаты Мариинаг симфонион оркестр куы ралæууыд, Гергиты Валерийы къухдариуæгадæй, уæддæр Хуссар Ирыстоны хæстæфхæрд зæххыл дæр Петербургаг музыканттæ сæххæст кодтой Шостаковичы «Ленинградаг блокадон» æмæ «Нашествие»-йы эпизодтæ.

Стыр зæххимæ Ленинградæн бастдзинад кæй нал уыд, уымæ гæсгæ уæлдай стырдæр нысаниуæг уыд Ладогæйы цадыл фæндагæн, кæцы ссис легендарон «Царды фæндаг». 1941 азы сентябрь-ноябры уæзтæ ластой доны фæндагыл æмæ цад куы ныссалд, уæд та хæлцадон продукттæ, æртаг æмæ æндæр уæзтæ ластой ихыл. «Царды Фæндагыл» горæтæй ластой æххормагæй бынтон чи слæмæгъ, уыцы цæрджыты, фыццаг рады сывæллæтты, сылгоймæгты сабитимæ, рынчынты, цæфты æмæ инвалидты, афтæ ма ахуыргæнинæгты, заводты кусджыты сæ бинонтимæ. Блокадон уавæры горæт-хъайтары 2,5 милуан цæрæджы æмæ хъахъхъæнæджы арвыстой 900 тæссаг бон æмæ æхсæвы. Уыцы рæстæджы æппынæдзух æхстыты, бомбæты бын, æххормаг æмæ уазалы фæмард сты иу милуанмæ æввахс адæймаджы.  Ленинград бацахсыны хъуыддагæн немыцаг командæкæнынад лæвæрдта ахсджиаг стратегион нысаниуæг. Фронты уавæр уыд критикон, ист æрцыдысты Красное село, Синявино, тæссагдзинад сæвзæрд Волховы байсынæй дæр. Æнæхъæн сентябры мæйы советон æфсæдтæ Жуковы къухдариуæгадæй контратакæ кодтой немыцæгты æмæ фæлвæрдтой Ленинградæй сæ аппарынмæ. 14-æм сентябры 42-æм æфсады къордтæ байстой Сосновкæ æмæ Финское Койровойы, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ уавæр февзæрдæр ис. 16 æмæ 18-æм сентябры немыцæгтæ бацахстой Петергоф, Стрельна, Урицк æмæ Пушкины. Фæлæ Ленинграды тыхджын хъахъхъæнынад æрурæдта ныхмæлæууæджы горæтмæ бацæуæнты. 30-æм сентябрæй фæстæмæ Ленинграды хуссар хайы уавæр фæхуыздæр. Авусты уæззау  тохтæ цыдысты горæтмæ бахизæны. Гитлеры командæкæнынад план кодта Ленинграды зæххы æмвæз скæнынмæ, йæ цæрджыты йын фæцæгъдын. Фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты советон æфсæдты, бархионты хъайтардзинады ‘руаджы. Ленинградæгтæм æр-хаудтой тынг уæззау фæлварæнтæ.

1941 азы фæззæг æмæ зымæджы мæйты Сталин домдта, цæмæй атоной Ленинграды блокадæ æмæ куыдфæндыйæ дæр фæстæмæ аппарой немыцæгты, фæлæ Ленинградаг-Волховаг æфсæдты размæ абырст æнтыстджын нæ рауад. 1942 азы немыцаг командæкæнынад æрæвнæлдта ног абырстыты операци Ленинграды районы Манштейны къухдариуæгадæй. Фæлæ ныхмæлæууæджы плæнттæ нæ сæххæст сты. 1942 азы 19-æм августы советон æфсæдтæ райдыдтой Дыккаг Синявинаг абырсты операци. Ленинградаг фронты æфсæдтæ бацахстой Ивановскы районы плацдарм æмæ Невæйы донбылгæрæттæ. Знаджы хъахъхъæнынад атынд æрцыд Гонтовая липкайы фадыджы æмæ августы фæудмæ советон æфсæдтæ бахызтысты Синявинойы бацæуæнтæм. Кæд Дыккаг Синявинаг размæ абырст тынг æнтыстджын нæ уыд, уæддæр фæсыкк кодта немыцаг командæкæнынады плæнттæ. Закъон-бæрцон фæстиуæг ссис, Ленинграды бирæ рæстæджы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы блокадон атынд, кæцы сæххæст кодтой Ленинградаг æмæ Волховаг фронтты æфсæдтæ 1943 азы операци «Искра»-йы рæстæджы.

Блокадон Ленинграды чи фæмард, уыдоны ‘хсæн уыдысты ирон адæмы минæвæрттæ дæр. Куыд зæгъæм, Дзауы районы Къусджыты хъæуы цæрæг, фыццаг ирон профессионалон композитор, 265-æм хицæн пулеметон-артиллерион батальоны адæмон хæдæфсады хæстон Гаглойты Зауыр. 1941 азы Зауыр хъæбатырæй фæмард Ленинград хъахъхъæныны раззаг хаххыл тохы. Уыцы тохты ма хайад райста Сланты Леонид, æртæ хæсты хайадисæг. Уый райгуырд Брытъаты комы. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй Сланты Леонид хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй, Сырх Тырысайы æхсæз орденæй, Сырх Стъалыйы æмæ Фæллойы Сырх тырысайы ордентæй, дыккаг къæпхæны Суворовы орденæй.

27 январь нымад цæуы Уæрæсейы æфсæддон кады боныл. 1944 азы 27 январы советон æфсæдтæ æххæстæй ссæрибар кодтой Ленинграды немыцаг-фашистон æфсæдты блокадæйæ. Ленинграды хъæбатыр хъахъхъæнынад ссис советон адæмы æхсардзинады символ. Хæсты æгæрон хъайтардзинады æмæ хиснывонд кæныны аргъæй Ленинграды цæрджытæ бахъахъхъæдтой сæ горæт. Мингай цæрæджы хорзæхджын æрцыдысты хицауадон хорзæхтæй, 486 адæймагæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары нæмттæ, уыдонæй аст адæймагæн дыууæ хатты. 1942 азы 22-æм декабры фидар æрцыд «За оборону Ленинграда»-йы майдан, ацы майданæй хорзæхджын æрцыдысты 1,5 милуан адæймаджы.

1945 азы 26-æм январы горæт Ленинград хорзæхджын æрцыд Ленины орденæй. 1945 азы 1-æм майæ Ленинград у горæт-хъайтар. 1965 азы 8-æм майы горæтæн лæвæрд æрцыд «Сырх стъалыйы» майдан.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.