Советон Цæдисы рæстæджы Гурæй Цхинвалмæ цы æфсæнвæндаг цыд, уый сырæзтыл абон, 28-æм июлы æххæст кæны 80  азы. Фæндаг арæзт æрцыд цыбыр æмгъуыдты – иу афæдзмæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ. Уымæн уыцы рæстæджы уыд стыр экономикон æмæ политикон нысаниуæг. Стыр ахъаз кодта республикæйы адæмон хæдзарады рæзтæн. Ацы фæндаджы фæрцы Хуссар Ирыстонæн æфсæнвæндагон бастдзинæдтæ уыд, Фæскавказы республикæтимæ дæр. Фæлæ, хъыгагæн, абон фæндаг нал кусы – ирон адæмы ныхмæ гуырдзыйы агрессийы фæстæ æрцыд хæлæтдзаг уавæрмæ.

Уыцы стыр арæзтад куыд æмæ цы уавæрты цыд, уый тыххæй йæ разамонæг, ныртæккæ дзæнæты бадинаг, курдиатджын инженер-аразæг, техникон зонæдты кандидат, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, къорд зонадон куыстыты автор Хъоцыты Умар йæ мысинæгты афтæ фыста:

«Æфсæнвæндаг «Гур-Сталинир»-ы арæзтады разамонæджы хæстæ æххæст кæнынмæ  æрæвнæлдтон 1939 азы 7 январы. Уый размæ  разамынд кодтон «Сухум-Гагрæ»-йы æфсæнвæндаджы арæзтадон хайæн. 10-æм январы мах æрцыдыстæм Гурмæ æмæ фыццаг рады бацыдыстæм партийы райкоммæ, цæмæй сын фехъусын кодтаиккам фæндаджы арæзтады тыххæй æхсызгон хабар, кæцыйæн йæ 90 % цыд Гуры районы территорийыл æмæ æрмæст-дæр йæ 10% та – Хуссар Ирыстоныл, афтæ ма сæ хъуамæ ракуырдтаиккам къанторæ-йы тыххæй бынат дæр. Фыццаг секретарь уыцы рæстæджы Мæскуыйы кæй уыд, уымæ гæсгæ бацыдыстæм дыккаг секретармæ. Уый нæм равдыста уазал ахаст æмæ нын рæстæгмæйон бынат рахицæн кæныны тыххæй та загъта:

– Мах, Гуры районы ацы фæндаг нæ хъæуы, уый арæзт æрцæудзæн Хуссар Ирыстонæн. Уымæ гæсгæ сымах ацыт Сталинирмæ æмæ уын уым ратдзысты бынат.

Ахæм дзуапп мæм тынг диссаг фæкаст æмæ равдыстон ме ‘нæразыдзинад:

– Фæндаг цæудзæн гуырдзиаг хъæутыл, Шиндисы хъæуы та уыдзæн стыр станц. Кæмæн арæзт цæуынц уыцы æрлæууæн пункттæ, кæд æмæ Гуры районы цæрджыты нæ хъæуы ацы фæндаг, уæд?

Организацион фарстатæ алыг кæныны фæстæ бындуронæй мæ куыстмæ æрæвнæлдтон  1939 азы апрелы мæйы. Уыцы аз æххæст цыдысты æрмæстдæр цæттæгæнæн куыстытæ, кусæгон хахнывтæ нын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Фæндаджы арæзтады тыххæй цы дзæвгар æхцайы фæрæзтæ хицæнгонд æрцыдысты, уыдонæй уал рахицæн кодтой 3500 мин сомы. Куыст фæстиат кодта кусæгдых кæй нæ фаг кодта æмæ финанскæнынад дæр къуылымпытæй кæй уыд, уый аххосæй.  Хъуыддаг уый мидæг уыд, æмæ Гуры районы бынæттон организацитæ не сразы сты арæзтады тыххæй колхозтæй кусджытæ радтыныл, æгæрыстæмæй, быдырон куыстытæй сæрибар рæстæджы дæр.

1940 азы февралы мæйы Хуссар Ирыстоны автономон областы партийы областон комитет сарæзта къамис Гур-Сталиниры арæзтадон управленийы куыстытæ бабæрæг æмæ фæндаджы арæзтады  темптæ фæцырддæр  кæныны тыххæй конкретон мадзæлтты фæдыл. Æз обкомы пленумы сæвæрдтон фарст колхозонты массон æгъдауæй куыстмæ æрбакæныны тыххæй, кæ-цыты хъуыд къухæй æххæст кæнын. Æрхастон цæвиттонæн Узбекистан æмæ Таджикистаны колхозонтæ кæй сарæзтой, уыцы Стыр Ферганайы къанауы, кæцыйы дæргъ уыд 270 км. Кæд ацы фарсты фæдыл не сразы сты бирæтæ, уæддæр пленумы рахастæуыд уынаффæ, цæмæй арæзтад нымад æрцыдаид адæмон арæзтадыл. Цыппар районæй нын хъуамæ рахицæн кодтаиккой 600 колхозоны бæрц. Колхозонтæ куыстмæ цыдысты райзæрдæйæ, 600 адæймаджы бæсты трассæмæ æрцыдысты 700 адæймагæй фылдæр. Æмæ райдыдтой удуæлдай куыст кæнын, уымæн æмæ ацы фæндагмæ бæллыдысты рагæй фæстæмæ ирон адæм фыдæй-фыртмæ. Фæндаг арæзтой къухæй. Кусджытæ пайда кодтой белтæ, джиркъатæй, сыджыт хастой уисæй быд чыргъæдты, цардысты цатырты, уыдис сын цæугæ хæрæндон æмæ медпункт. Куыстой кæрæдзи æмбаргæйæ, хъæлдзæгæй. Алчидæр зыдта йæ кусинаг æмæ йæ хъуамæ фæуыдаид 30 бонмæ. Фæлæ-иу бирæтæ ноджыдæр адарддæр кодтой сæ кусгæ бонтæ. Уый фæрцы арæз-тады зæххы куыстытæ фесты 1940 азы марты мæймæ. Æмæ апрелы райдыдтам спъалтæ æмæ рельсытæ æвæрын. Цыбыр рæстæгмæ кæронмæ арæзт фæцис 33 километры дæргъæн æфсæнвæндаджы арæзтад. Цæугæдон Курайы сæрты хид саразыныл куыстой æртæ сменæйы. Фæнды мæ æрæмысын арæзтады раззагонты. Уыдон уыдысты Гутнаты Мухар, Бететы Федыр, Жажиты Тамарæ æмæ бирæ æндæртæ. Арæзтады кусджыты æндыгъд куыст сифтонг кодта Хуссар Ирыстоны советон хицауады 20 азы цытæн официалон цытджын мадзæлтты бонмæ – 28-æм июлмæ поездты цыд бакæнын. Æмæ мæнæ æрбалæууыд уыцы бон. 1940 азы 28-æм июлы Гуры станцæй Сталинирмæ рараст фыццаг бæлццæттæласæн поезд. Уый уыд бæрæгбонвæлыст, вагæттæ æмæ тæфдзу нал зындысты алыгъуызон дидинджытæ æмæ транспаранттæй.

1940 азы 28-æм декабры Фæндæгты бастдзинады адæмон къамисариаты бардзырдæй Гур-Сталиниры æфсæнвæндаг райст æрцыд æдзухон эксплуатацимæ æмæ хаст æрцыд Советон Цæдисы æфсæнвæндæгты хызæгмæ. 1940 азы фыццаг æмбисы махæн нæ бон куынæ суыдаид фæндаджы арæзтад фæуын, уæд махæн нæ уыдаид æфсæнвæндаг».

Фæндаг стыр ахъаз уыд Хуссар Ирыстонæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты фронтæн æххуыс кæныны хъуыддаджы. Хуссар Ирыстонæй  æрвыст цыдысты зынаргъ æрмæджытæ, уыцы нымæцы хъæдæрмæг дæр, кæцыйæ пайда кодтой авиаарæзтады. Фронтмæ æрвыст цыдысты хосгæнæн зайæгойтæ, хъарм уæлæдарæс, къахыдарæс æмæ æндæртæ. Партитæй æрвыст цыдысты минæтæ, кæцыты арæзтой Сталиниры 14-æм æрмгуыстгæнæн ахуыргæнæндоны. Ацы фæндагыл мингæйттæй цыдысты фронтмæ. Ацы фæндагыл Хуссар Ирыстонмæ эвакуаци кодтой алы нациты минæвæртты, кæцытæй бирæтæ цæрæнбонтæм баззадысты Ирыстоны цæргæйæ. Æфсæнвæндагыл Цхинвалы 3692 эвагоспиталмæ æрвыстой цæфты.

Хæсты фæстæ ацы фæндагæй сабыр царды пайда кодтой бирæнымæц цæрджытæ. Цхинвалы æфсæнвæндаджы коллектив уыд ерысты æдзухон уæлахиздзау. Хорзæхджын цыд æхцайы премитæй æмæ Фæскавказы æфсæнвæндæгты Кады грамотæтæй. Ацы стыр цауы тыххæй фыстой фысджытæ, сæ уацмысты æвдыстой æфсæнвæндаджы арæзтад. Фыссæг Цоциты Резо та ныффыста роман, «Бæлццон», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Фæлæ та ногæй æрцыд фыдбылыз. Ныппырх Советон Цæдис. Гуырдзыстон ирон адæмы ныхмæ расидтысты æргом, æнæмсæр хæст æмæ дæргъвæтин азты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды фæстиуæгæн æфсæнвæндаг æрцыд æдзæллаг уавæрмæ. Хъоцыйы фырты мысинæгтæй дæр бæрæг у, Гуырдзыстон ирон адæмы цæрæнбонты знæгтæ кæй уыдысты, уый. Уымæн та æвдисæн у, Гуры райкомы къухдариуæгад уыцы рæстæджы арæзтадмæ уазал цæстæнгас кæй равдыста, уый. Абон раздæрау нал райхъуысы поезды сигнал æмæ бæлццæт-ты хъæлæба. Æфсæнвæндаг нал кусы дæргъвæтин азты дæргъы æмæ бæрæг нæу, искуы ма скусдзæн, уый дæр. Фæлæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты ныфс ис, арæзт кæй æрцæудзæн Дзæуджыхъæу-Цхинвалы æфсæнвæндаг, уымæй. Хуыцау зæгъæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.