Хæххон фæндæгтæ сты ивгъуыд дугты æвдисæнтæ. Кæддæр сыл нæ фыдæлтæ цыдысты сæрибардзинады сæраппонд. Æхсаргæрдты зæлланг æмæ фæдисон бæхты тъæбæртт хъуысти арф кæмтты. Хæххон фæндæгтæ адæмæн хастой цин æмæ маст дæр, фæлæ уыдысты сæ ирвæзынгæнæг. Æмæ ныртæккæ дæр Уæлладжыры комы фæндагæн ис стыр ахадындзинад. Кæд Ручъы æфцæджы бынты тъунел ивгъуыд æнусы æвдайæм азты арæзт æрцыд æмæ фæндаг раздæр Мамысоны æфцæджы сæрты хызт, уæддæр зындгонд уыд канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Уæлдайдæр та Ирыстоны хуссар хайæн ирвæзыны хос, царды фæндаг куы басгуыхт, уæдæй фæстæмæ.

Уæлладжыры комы фæндаг райдайы Даргъ-Къохы æфсæнвæндаджы станцæйæ. Фыццаг фæцæуы Æрыдоны доны галиувæрсты, стæй уæд Къасарайы комыл фæхæрд кæны Ручъы æфцæджы ’рдæм, йæ дæргъ та у 275 километры. Куыд загътам, афтæмæй Уæлладжыры комы фæндаг зындгонд у дунейы адæмтæн. Незаманты дæр ауылты базаргæнджытæ æмæ бæлццæттæ дыууæрдæм кодтой, ацы фæндаг баста Цæгат Кавказы Фæскавказимæ. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, Кавказы цæрæг бирæ адæмтæн йæ руаджы уыдис фидар политикон ахастдзинæдтæ.

Уæвгæ, уæды заманты уавæр алыхуызон кæм уыдаид? Алы паддзахæдтæ кæрæдзимæ фыдæх кодтой, æмæ-иу фæндаг дæргъвæтин рæстæджыты æхгæд æрцыд. Ничи йæм зылд, цæмæй æддагон тыхгæнджытæй тæссаг ма уыдаид, уый тыххæй.

Нæ дуджы агъоммæ XI æнусы хæст бацайдагъ Арвыком æмæ Уæлладжыры комы бацæуæнтæ бацахсыныл. Дыууæтæ дæр Иберийы (рагон Гуырдзыстон) æхсызгон хъуыдысты, цæмæй паддзахæдтимæ бастдзинæдтæ дарын æнцондæр уа, уый тыххæй. Бирæ азты фæхæцыны фæстæ Иберийы паддзах Мирваны къухы бафтыд Арвыкомы бацæуæнтæ æрцахсын. Ныр æнцондæр уыдис Уæлладжыры комы фæндаг хъахъхъæнын, сæйрагдæр та хохæгтæ нал лæбурдтой Иберийы хъæздыг зæххытæм.

Фæстæдæр Цæгат Кавказы сæрмæтты знæмтæ, Дон æмæ Азовы æхсæн цы алантæ цард, уыдон æлдариуæг кæнын райдыдтой. Иберийæгтæ дæр, сæ хуссайраг арæнтæм сын æртхъирæнтæ чи кодта, уыцы знæгты ныхмæ тохы æнтыстджынæй фæпайда кодтой аланты хæстхъомдзинадæй. Бæлвырддæр куы зæгъæм, уæд нæ рагон фыдæлты æххуыс Иберийæн уыдис Арвыком æмæ Уæлладжыры комыл. Дыууæ паддзахады фидыддзинад пайда уыд Римы Империйæн дæр. Фæстæдæр Римы Империйы æндæвдад фæкъаддæр æмæ Ибери дзæвгар фæлæмæгъдæр. Цæгат Кавказы цæрæг хохæгтæ йæм лæбурын райдыдтой.

Ныр хæхтæм бацæуæнтæ хæсты быдыртæ систы. Æддагон знæгты иудадзыг балæбурдтытæй, гуырдзиаг æлдарæдтæ экономикон æгъдауæй фæцудыдтой. Уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй гуырдзиаг паддзах Горгасалы заманы хъахъхъæнæн фидæрттæ арæзт цыдысты хæхты. Сæ хæстонтæ та уыдысты фæндаджы фæйнæфарс цæрæг адæмæй.

Рагон истори чи ахуыр кæны, уыдонæй бирæтæ æнæзонгæ не сты, Арвыком æмæ Уæлладжыры комы бацæуæнтæ хорз хъахъхъæнын кæй хъуыдис канд Ибери нæ, фæлæ ма Перс æмæ Византийы дæр. Цæгат Кавказы цæрæг хохæгтæ афтæ хæстмондаг уыдысты, æмæ-иу арæх сыхаг паддзахæдты ныффалгæрон кодтой, сæ мулк-иу сын рассывтой. Уымæ гæсгæ кæмттæм бацæуæнтæ хъахъхъæд цыдысты ацы паддзахæдты хардзæй.

Æддагон знаджы къах хæхтæм цæмæй ма æрбаирвæзтаид, уый тыххæй кæмтты нарджыты фидæрттæ, гæнæхтæ, мæсгуытæ арæзт цыдысты æнæсцухæй. Ацы хъуыддагæн хорз æвдисæн уыд Къасарайы комы сисамад, фæлæ хæлд æрцыд Уæлладжыры комы автофæндаджы арæзтады рæстæг.

Цæгат Кавказæй Фæскавказмæ цæуæн фæндæгтæ уæлдай тынгдæр фидаргонд æрцыдысты, Сослан-Давид паддзахиуæг куы кодта, уыцы рæстæджы (1064–1125 азтæ). Æдзухдæр уый тыхсти, цæмæй Гуырдзыстоны арæнтæм мачи ныхила. Фæндаг рæвдзæй дарыны, хæрдзтæ къаддæр кæныны тыххæй бæлццæттæй илцы хай ист цыд (фæндагыл цæуыны аргъ).

Иу ныхасæй, Уæлладжыры комы фæндагæн ахæм нысаниуæг уыд, æмæ хорзæрдæм фæзынд Гуырдзыстон æмæ Цæгат Кавказы цæрæг бирæ адæмты базарадон-экономикон уавæрыл.

Хъыгагæн, XIII æнусы тæтæр-монголты ныббырсты фæстæ Цæгат Кавказ æмæ Фæскавказы бастдзинæдтæ фехæлдысты. Фæндаг заууатмæ æрцыд. Мамысоны æфцæгыл ахизæн фæзын æмæ цард фæмæгуырдæр.

Фæстæдæр паддзахы хицауад Цæгат Кавказы чысыл адæмты хъысмæтыл, се ’рдзон хъæздыгдзинæдтыл куы асагъæс кодта, уæд Уæлладжыры комы фæндаджы нысаниуæг фæфылдæр. Æрзæткъахæнтæ арæзт æрцыдысты Зджыды, Мызуры, Садоны æмæ Уæрæсейы хъуыддаджы лæгтæ сцыбæл сты Цæгат Ирыстонæй исты хай ратонынмæ.

Уæды рæстæджы хæстон цаутæ афтæ домдтой, æмæ паддзах Никъала I указ рауагъта, цæмæй æфсæдтæ «æфсæст» уыдаиккой уæрæсейаг здыйæ. Фæлæ уал раздæр сгарæн куыстытæ рапарахат сты хæхбæсты. Фæстæдæр та згъæртайынгæнæн завод арæзт æрцыд Алагиры.

Кæй зæгъын æй хъæуы, алы хъуыддаджы дæр фадат у аразæг. Æрыдоны доны былыл фæндаг саразыны фыццаг куыстытæ хæххон инженер Шальгины разамындæй райдыдтой 1848 азы. Уæд аразджыты къорды уыдис уырыссаг хъазахъхъæгтæ 65 салдаты æмæ афицеры. Æппæт куыстытæ дæр кодтой уæнгдыхæй, хуымæтæджы белтæ æмæ къахæнтæй.

Дарддæр мæ зæгъын фæнды: Уæлладжыры комы фæндаг фæуæрæхдæр кæныны куыстыты пайдагонд цыд Уæлладжыры хæхбæсты хъæдæй. Æгъатырæй йæ цагътой Садоны æрзæткъахæнты фыццаг хицæуттæ æмæ бынæттон цæрджытæ дæр. Адæтты фæдыл Хетæгкаты Къоста бæлвырддæр фыста йæ этнографион очерк «Особа»-йы.

Фæстæдæр тайынгæнæн завод фидары хуызæн арæзт æрцыд Алагиры. Хъуамæ Уæрæсейы хæстон нысантæн уагътаид 100 путы æвзист æмæ 3500 путы зды. Станицæ арæзт æрцыд заводмæ æввахс, æмæ дзы хъазайраг кусджытæ цардысты Алтайы, Луганскы æмæ Уралы заводтæй.

Ахæм куыстуат æмæ цæрæнбынат домдтой, цæмæй хорз уæрдонвæндаг арæзт æрцыдаид æрзæткъахæнтæм. 1853-1888 азты паддзахы къазнайæ фæрæзтæ уагъд цыд фæндаджы арæзтадæн. Цалх тулын райдыдта Уæлладжыры комы Мамысоны æфцæгмæ. Фæстæдæр хъæдæрмæг цæуын райдыдта Къасарайы комæй Туалтæм. Бынæттон цæрджытæ хъазуатонæй февнæлдтой хæххон цæугæдæтты сæрты хидтæ аразынмæ, тæссаг бынæттæ фидар кæнынмæ. Иу ныхасæй, фæндагæн канд хæдзарадон нысаниуæг нæ уыд, фæлæ ма йæ ахадындзинад фылдæр кодта хæстон хъуыддаджы дæр, æмæ XIX æнусы дыккаг æмбисæй фæстæмæ уырыссагау хуыйнын райдыдта «Военно-осетинская дорога».

Къорд азы фæстæ хæххон æрзæткъахæнты куыстад бахаудис фæсарæйнаг капиталистты къухтæм. Ног хицæуттæ фылдæр пайда истой Ирыстоны æрдзон хъæздыгдзинæдтæй. Хуызджын згъæрты куыстадмæ ног мадзæлттæ кæй бахастой, уымæй уæлдай архайдтой Садоны æрзæткъахæнтæм фæндæгтæ аразыныл дæр. Бельгиаг капиталисттæ фæрæзтæ хардз кодтой Æрыдоны доны сæрты хидты арæзтадыл, къæдзæхты фæхстæ фидар кæныныл. Уæлладжыры комы фæндаг иудадзыг сыгъдæггонд цыд, æмæ дзы фыццаг автомобилтæ цæуын райдыдтой.

Ныхас канд хæдзарадон нысаниуæгыл нæу. Уæды заманы фыццаг туристтæ æмæ хæххон æрдзуарзджытæ цæуын райдыдтой Уæлладжары комы фæндагыл. Уæрæсейы центрон горæттæй нæм-иу цы бæлццæттæ сæмбæлд, уыдон къамтæ, фæндаггон фыстытæ, æндæр æрмæджытæ мыхуыр кодтой уæды заманы газеттæ æмаз журналты.

1898 азы журнал «Естествознание и география»-йы Константин Россиков, фæндаггон очерк «Экскурсия по Кавказским ледникам»-ы фыста, зæгъгæ, Æрыдоны доны æмæ Мамысон доны кæмттæ бæлвырд рæсугъддæр æмæ алыхуызондæр сты цæугæдæттæ Терк, Арагуи æмæ Къуары æрдзон бынæттæй.

Раст куы зæгъæм, уæд Арвыкомæй хъауджыдæр Уæлладжыры комы фæндаджы тыххæй къаддæр ис фæндагамонæнтæ, буклеттæ æмæ схемæтæ. Рагæй-æрæгмæ рохуаты баззад поэттæ æмæ фысджытæй дæр. Фæлæ куыд загътам, афтæмæй раджы æмæ ныр дæр бæлццæттæ сæ цæст æрæвæрынц Уæлладжыры комы фæндаджы æмбисонды æрдзон рæсугъддзинадыл. Йæ историон цыртдзæвæнтæ пропагандæ кæнынмæ та Батумы ботаникон цæхæрадоны бындурæвæрæг, профессор Краснов уæлдай хуыздæр æвæрæн бахаста. Уый фыста, зæгъгæ, Кавказы иннæ маршруттæй Уæлладжыры комы фæндаг æппæтæй диссагдæр у. Ахуыргонд геолог Игнат Акинфиев та газет «Северный Кавказ»-ы йæ рæстæджы цы æрмæг ныммыхуыр кодта, уым цымыдисæй дзуры, пролетарон фыссæг Максим Горькийыл кæй фембæлд æмæ, дам, æй кæй фæндыд Кавказы æппæт кæмттыл фæзилын.

Октябры революцийы агъоммæ Уæлладжыры комы фæндаг уыдис Уæрæсейы туристты æхсæнады фыццаг маршруттæй иу. Бæлцæттæ суазæг кæныны тыххæй цæрæнуæттæ хаццоны истæуыд Алагиры, Буроны, Зæрæмæджы, Калачы хъæуты.

Советон хицаудзинады рæстæг Уæлладжыры комы фæндаг ссис тæккæ зындгонддæр транскавказон маршрут. Ам арæзт æрцыдысты туристон базæты бындурон бæстыхæйттæ. Ивгъуыд æнусы ссæдзæм азтæй фæстæмæ ауылты дæргъвæтин рæстæг цыдис Æппæтцæдисон 42-æм туристон маршрут. Ныр кæд туризм бамынæг, уæддæр Уæлладжыры комы ахадындзинад нæ фæкъаддæр, сæрдæй-зымæгæй Уæрæсейы хуссар хай Фæскавказимæ кæй бæтты, Ирыстоны дыууæ хайæн кæрæдзийыл æмбæлыны иунæг фæрæз кæй у, уый тыххæй.

Беруаты Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.