Цæгат Ирыстон-Аланийы Мамысоны комы сæвæрдтой инсталляци National Geographic (бур фæлгæттæ – организацийы логотипмæ æрвитæн). Афтæмæй телеканалы редакци банысан кодта бæстæйы 20 рæcугъддæр бынаты. Ацы фæлгæттæ сæвæргæйæ, National Geographic аскъуыддзаг кодта, Уæрæсейы цы æнахуыр бынæттæ ис, уыдонмæ хъусдард аздахыны тыххæй. Телеканалы ныфс ис, зæгъгæ, уый  сразæнгард кæндзæн адæмы балцы цæуынмæ, ногдзинæдтæ бакæнынмæ æмæ нæ алыварс цы рæсугъддзинад ис, уымæн аргъ кæнынмæ, – фыссынц дзыллон информацийы фæрæзтæ. Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй ма фæлгæттæ æвæрд æрцæудзысты Хъæрæсе-Черкессийы Бермамыт æмæ Мусса-Ачитарайы хохыл, Кольскы æрдæгсакъадахы Териберкы, Дагъыстаны Карачийы хъæуы цур, Воронежы областы музей-тобæгонд бынат «Дивногорье»-йы, Калугайы областы «Никола-Ленивец»-ы арт-паркы, Хæххон хъæу Гамстулы, Камчаткайы, Байкалы, Красная Полянайы, Санкт-Петербурджы, Казаны, Выборгы, Мæскуыйы æмæ а.д. Акци баст у УФ-йы телеканалыл 20 азы сæххæсты бонимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.