Уæрæсейы Федерацийы фæрæзтæй цы ахсджиаг объекттæ хъуамæ æрцæуа арæзт Инвестпрограммæйы фæлгæтты, уыдонæй иу у уазæгдон «Ирыстон». Йæ арæзтад йæхимæ райста цæгатирыстойнаг амалиуæггæнæг Берденты Вадим. Ног уазæгдон хъуамæ дзуапп дæтта нырыккон домæнтæн, ома, уыдзæн цыппарстъалыйон отель.

Ныртæккæ ам куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпытæй. Фыццаг æмæ дыккаг уæладзгуыты астæрды фесты бетонон куыстытæ æмæ ныр та æрæвнæлдтой æртыккаг уæладзыгмæ. Æртыккаг уæладзыджы дæр æвæрд æрцыдысты монолиттæ, арæзт цæуынц, къултæ кæуыл æнцон кæндзысты уыцы цæджындзтæ æмæ рæхджы та бавналдзысты объект агъуысты бын фæкæныны куыстытæм. Зымæджы бонты уазæгдонмæ бауадздзысты хъæрмад æмæ æдыхстæй кæндзысты мидæггагон куыстытæ.

Уазæгдон арæзт цæуы иттæг гъæдджынарæзтадон æрмæджытæй. Инвестор куыд зæгъы, афтæмæй объект цæттæ уыдзæн 2019 азы. Ног уазæгдон куы сырæза, уæд 25 азы æмгъуыдмæ лæвæрд æрцæудзæнис арендæйы инвестормæ. Паддзахад уæдмæ исдзæн æфтиæгты 15 проценты.

Зæронд уазæгдонæн архитектурон нысаниуæг кæй уыд, уый тыххæй бирæты нæ фæндыд, цæмæй пырх æрцæуа, фæлæ Берденты Вадим ныфс æвæры, уазæгдонæн хъахъхъæд æрцæудзæнис йе ‘ддаг бакаст æмæ йæ архитектурон хæдхуыздзинад.

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.