Уӕрӕсейы Федерацийы Президент В. Путины барамындмӕ гӕсгӕ 2014 азы 3 декабрь нымад ӕрцыд Ӕбӕрӕг салдаты номарæн боныл ӕмӕ йӕ ӕрвылаз дӕр уӕрӕх банысан кӕнынц нӕ республикӕйы дӕр. Ӕрӕджы Анахарсисы номыл республикон библиотекӕйы чиныгкӕсӕн залы дæр уагъд ӕрцыд Ӕбӕрӕг салдаты рухс ном арыны фӕдыл мадзал. Уырдӕм ӕрбамбырд сты библиотекӕйы кусджытӕ, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст ӕмӕ фӕллойы ветерантӕ, скъоладзаутӕ. Мадзалы райдианы иу уысм ӕмырӕй алӕууынӕй йӕ хайадисджытӕ ссардтой Ӕбӕрӕг салдаты рухс ном.

Ӕрбацӕуджытӕ зонгӕ кодтой, ам цы тематикон къуым арӕзт ӕрцыд, уыимӕ, уыдысты дзы хӕстон темӕйыл фыст алыгъуызон чингуытӕ, газеты уацтӕ, стӕй салдаты дарӕсы иуӕй-иу хуызтӕ, сыгъд дзы сӕ номыл ӕнусон цырæгътæ. Мадзаламонджытӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты тохы быдырмӕ цыдысты хистӕр фӕлтӕр ӕмӕ нын ӕрхастой Стыр Уӕлахиз. Уыдон нӕ ауӕрстой сӕхиуыл, цӕмӕй знаг дӕрӕн ӕрцыдаид, цӕмӕй сӕ фӕстагæттæ цӕрой ӕмӕ фӕллой кӕной амондджынӕй. Милуангай салдаттӕ ссардтой сӕ мӕлӕт тохы быдыры ӕмӕ фашистон концлагерты, бирӕтӕ сӕ фесӕфтысты ӕбӕрӕгӕй ӕмӕ ӕнусон бынат ссардтой Ӕфсымӕрон ин-гӕнты. Тохвӕллад салдаты номыл ма-дзалы хъуыстысты хӕстон зарӕджы зӕлтӕ, сӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ ӕнусон сгуыхтдзинады тыххӕй 2-аг астӕуккаг скъолайы ахуырдзаутӕ кастысты ӕмдзӕв-гӕтӕ.

Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз раныхас кодта Культурӕйы министр Зассеты Жаннӕ ӕмӕ дзырдта, хӕст ирон адӕмӕн дӕр цы ӕвирхъау фыдбылызтӕ ӕрхаста, уый фæдыл. «1941 азы нӕ областы цӕрджыты нымӕц уыд 98 мин адӕймаджы, 21 мин хӕстонӕй фылдӕр фӕцыдысты тохы быдырмӕ ӕмӕ уыдонӕй ӕгас хӕдзар нал ссардтой 11316 хъӕбатыры, 7 минӕй фылдӕр та ӕбӕрӕг сӕфт фӕкодтой. Фӕлӕ нӕ чысыл райгуырӕн къуымӕн къаддӕр фыдбылыз не ‘рхаста гуырдзыйы хӕст, абоны онг дӕр сӕ хъысмӕт бӕрӕг нӕма у  139 адæймагæн. Æбӕрӕгӕй сӕфт фесты».

Ӕбӕрӕг салдаты номарæн мадзалы ма раныхас кодтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисӕг Дзеранты Шота ӕмӕ библиотекӕйы директор Кокойты Валерия. Бафӕндыд сӕ, цӕмӕй нӕ адӕм, нӕ рӕзинаг фӕлтӕр уой ӕдас, макуыуал бавзарой хӕсты хъизæмæрттæ, фӕлӕ сӕ сӕрмӕ арв кӕддӕриддӕр уа сыгъдӕг.

Хуыбиаты Никъала

 

***

Æбæрæг салдаты боны цытæн Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны  цы изæр уагъд æрцыд, уым дæр хайад райста РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, йемæ ма уыд РХИ-йы УФ-йы минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манько. Ацы бон хуымæтæджы æвзæрст не ‘рцыд. 1966 азы 3-æм декабры Мæскуыйы цур немыцаг æфсæдты ныппырх кæныныл 25 азы куы сæххæст, уæд æбæрæг салдаты мæрдон буар æфсымæрон ингæнæй ист æрцыд æмæ йæ цытджын æгъдауæй баныгæдтой Мæс-куыйы Александровы цæхæрадоны.

Музыкалон ахуыргæнæндоны ацы изæр нысан кæнынц ныр цыппæрæм хатт. Йæ сæйраг мидис у, цæмæй ноджыдæр иу хатт æрымысæм, ирон хæстонтæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй чи нал æрыздæхт, уыдоны нæмттæ.

РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ æрдзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы советон адæмы хъайтардзинады тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнгæй дæр мысын хъæуы æбæрæг салдаты ном.

Мысæн изæры хъуыстысты хæстон зарджыты зæлтæ. Уыдонмæ хъусгæйæ, адæймаджы йæ хъуыдытæ ахæссынц уæды рæстæджытæм æмæ сæм, æнæ цæссыг æрæппаргæйæ, хъусæн нæ вæййы. Кæй хæдзарæй ацыдысты хæстмæ, уыдонæй алчидæр хорз зоны, цы зындзинæдтæ бавзæрстой æмæ цы уæззау уавæрты тох кодтой, уыдæттæ. Музыкалон ахуыргæнæндоны директор Гæджиты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ хиуæттæй цалдæр дæр сты æбæрæгæй сæфтыл нымад. “Мæн фæнды, цæмæй уыцы рæстæджытæ рох ма уой”, – загъта уый.

РХИ-йы УФ-йы минæварады уынаффæгæнæг Сергей Манько стыр бузныг загъта мадзал бацæттæгæнджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, тынг зын у уыцы уæззау бонтæ мысын. Уымæн æмæ нæлгоймæгтæн сæ фылдæр æвзонгæй фæмард сты хæсты быдыры. Махæн, зæгъгæ, алцыдæр нæ зæрдыл лæууы.

Æбæрæг салдаты бон нысан кæнгæйæ, мах æнустæм кад кæнæм нæ æбæрæгæй сæфт хæстонтæн æмæ сын хъуыды кæнæм сæ хъайтардзинад. Уыцы хъайтардзинæдтыл дзургæйæ, мах рæзгæ фæлтæры зонгæ кæнæм нæ адæмы æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдтимæ куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, афтæ гуырдзыйы агрессийы рæстæджы дæр æмæ сæ афтæмæй ахуыр кæнæм райгуырæн бæстæ уарзыныл.

Кокайты Заринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.