Æрвылаз дæр 30 августы нысан фæцæуы Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дунеон бон. Хуссар Ирыстонæн дæр ацы бон уæззау бон у, уымæн æмæ хæстон рæстæджыты æбæрæгæй сæфтысты нæ æмбæстæгтæ. Уыдон хъысмæт сбæрæг кæныныл егъау куыст цæуы алы фæзуаттыл, фæлæ уадиссаг фæстиуджытæ нырма къухты нæ бафтыд. Нæ чысыл Ирыстонæй ныртæккæ дæр æбæрæг сæфт æмбæстæгтыл нымад цæуынц 140 адæймагæй фылдæр.

Ацы æмбæстæгты номыл нæ горæты Мады Майрæмы аргъуаны раз чысыл скверы уыцы бон байгом сæ номыл æвæрдцæуæг номарæн цырт.

 Хуссар Ирыстонæй æбæрæг сæфт æмбæстæгты номыл мысæн мадзал сорганизаци кодта Сырх Дзуары дунеон комитет. Хайад дзы райстой республикæйы бæрнон кусджытæ, бæстæйы къухдариуæггæнæг Бибылты Анатолийы сæргълæудæй æмæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонтæ.

Президент Бибылты Анатоли банысан кодта,  адæймаджы фæзиан уæззау хъуыддаг у, фæлæ йе ‘нусон бынатмæ куыннæ фæхæццæ уа, уый та дывæр рыст у, уæлдайдæр та, æбæрæг сæфт адæймаг кæм ис, цы архайы, уый куыннæ зонай…

«Абон махæн не ‘мбæстæгтæй 140 фылдæр сты æбæрæгæй сæфт. Уыдон хъысмæт рабæрæг кæныныл егъау куыст цæуы Сырх Дзуары комитетимæ, Механизмты куысты фæлгæтты æмæ Женевæйы дискусситы фæзуатыл. Фæлæ, хъыгагæн, абон нырма нæ къухты уадиссаг бæрæггæнæнтæ ницы бафтыд, цæмæй зæгъæм, сæрæгас дзы чи нал у, уыдонæн ирон æгъдаумæ гæсгæ æгъдау скодтам.

Хъыгагæн нæ партнертæ абоны онг дæр раст æмæ хъæугæ къахдзæфтæ нæ аразынц, цæмæй рабæрæг кæнæм, нæ сæфт æм-бæстæгты хъысмæт», – дзырдта Президент.

Уый бузныг загъта Сырх Дзуары дунеон ко-митетæн, кæй балæууыдысты Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты æхсæнадон организацийы  фарсмæ æмæ кæй баххуыс кодтой ахæм цырт сæвæрынæн, кæцы махæн алкæмæн дæр дзурæг у, уыцы адæм рох кæй не сты, мысын æмæ сæ агурын кæй хъæуы, ууыл. Бузныг загъта æхсæнадон организацийы сæргълæууæг Куыдзеты Лидæйæн, лæмбынæг хъусдард сæм кæй здахы, кæй сын æнгом кæны сæ бинонты æмæ йæ фадæттæм гæсгæ сæ фарсмæ кæй лæууы, уый тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ мемориал ацы бынаты кæй ис, уый махæн уыдзæн ныфсы æмæ мыггагмæ мысынады символ. Æмæ Мады Майрæмы аргъуаны раз кæй байгом, уый нын ноджыдæр ахъазгæнæг уыдзæн уымæн, æмæ нæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтæ рох кæй никуы уыдзысты. 

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты æхсæнадон организаци «Память и Надежда»-йы сæргълæууæг Куыдзеты Лидæ банысан кодта, æрвылаз дæр æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дунеон бон нæ бæстæйы нысан кæй æрцæуынц мысæн мадзæлттæ.

«Абон мах æрæмбырд стæм уымæн, цæмæй æрæмысæм æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты нæмттæ. Мæнæн зын дзурæн у, уымæн æмæ бирæ азты дæргъы æбæрæг сæфт сты нæ æмбæстæгтæ æмæ сæ уадиссаг бæрæг нæ зонæм. Сæ номыл цы мемо-риал æвæрд æрцыд, уый та махæн уыдзæн мысынады æмæ ныфсы символ» – дзырдта Лидæ.

Бузныг загъта Сырх Дзуары комитеты минæварадæн сæ æгæрон æххуысы фæдыл, æрмæст ацы мемориалон цырт саразыны тыххæй нæ, фæлæ æндæр хъуыддæгты дæр сæ фарсмæ кæй сты, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстонæй æбæрæг сæфт æмбæстæгты номыл цырт байгом кодтой æбæрæгæй сæфт Къæбулты Павликы дзæнæттаг хъæбул Юрийы сидзæртæ Дауыт æмæ Дианæ.

Постконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат банысан кодта, æрвылаз дæр ацы бон кæй æрæмбырд вæййынц æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонтæ уыцы ныфсæй, кæй разындзысты сæ æввахс адæм æмæ сæм кæй æнхъæлмæ кæсынц.  

«Уадз, æмæ æввахс рæстæджы уæ ныфсытæ сæххæст уæд æмæ уæ æввахс адæм цы разыной. Уал азы дæргъы бæрæг фæстиуджытæ нæ къухты кæй нæ бафтыд, уыцы бæрндзинад æнкъарæм. Ацы фарст дунеон фæзуаты рæгъмæ хæссæм, сидын адæймагдзинад равдисынмæ. Фæлæ нырма, цæмæй раппæлæм, ахæм фæстиуджытæ нæ къухты нæ бафтыд» – банысан кодта  Джиоты Мурат.

 Æрсидт ацы бинонтæм, цæмæй сæ ныфс макуы фесафой. Уый дæр бузныг загъта Сырх Дзуары дунеон комитетæн æмæ æхсæнадон организаци «Память и Надежда»-йы къухдариуæгадæн.

Сырх Дзуары дунеон комитеты хайады сæргълæууæг Роман Вульфовичы ныхæстæм гæсгæ йæ æввахс хионы чи фесæфта, уыцы бинонтæй алчидæр хъуамæ зона йæ хиуæтты хъысмæт. Ахсджиаг у, ацы фарстыл чи кусы, уыдон архайд. Сырх Дзуары дунеон комитеты архайд комкоммæ баст у ацы адæмы хъысмæт рабæрæг кæнын, уыдон бинонты фарс балæууын, финансон æххуыс сын бакæныныл.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты номыл цырты раз цæуы æнæрлæугæ дон –уый дæр у ныфсы суадон æмæ дзы чи нуаза, уый æнæмæнгдæр кувдзæн, цæмæй, кæдæй уæдæй нæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтæй исты бæрæг базонæм.

Адæймаг ныфсытæй цæры, æмæ ныфс ис мах дæр, кæд бирæты фесæфтæй дзæвгар рæстæг рацыд, уæддæр – чи сæрæгасæй, чи куыдæй йæ хъысмæт сбæрæг уа.

Къæбулты  Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.