Ацы дунемæ адæймаг равзæры йæ фæстæ, йæ  хъуыддæгтæй, йæ кад, йе ‘гъдау æмæ намысæй хорз фæд ныууадзынмæ! Æнусон ницы ис зæххыл, æрмæстдæр хорз лæджы ном, йæ адæмæн стыр хæрзты чи бацыд, уый фæрнджын ном! Ахæм адæймаг мæм кæсы Джуссойты Альберт дæр. Йæ зæрдæйы цы стыр уарзондзинад хæссы Ирыстонмæ, уый дунейыл байтауæн ис. Сæрмагонд бынат та дзы ахсы, кæм райгуырд æмæ кæм схъомыл уыцы Къуайса! Суанг ын йæ ном сдзургæйæ дæр, цыма, йæ зæрдæйы хъæдгæмттæ байгас вæййынц, афтæ мæм фæкæсы.
Алы стыр æнтыст дæр чысыл къахдзæфтæй райдайы.  Альберт æнтыстджынæй каст фæци Мæскуыйы инженерон-арæзтадон институт. Уый фæстæ та – Экономикæ æмæ культурæйы институт, экономикон наукæты кандидат. Кæд царды алы къабæзты йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уæддæр дæ сæйрагдæр дæсныйад у аразæг. У йæ цард йæ райгуырæн зæххы хæрзæбонæй уæлдæр чи нæ кæны, уыцы адæймаг.

Хуымæтæг ирон хъæуккаг лæппу, бирæ азты размæ йæ фæндаг Къуайсайæ Мæскуымæ акæнын куы сфæнд кодта, уæд æй йæ дада йæ фарсмæ æрбадын кодта æмæ загъта: «Абе, ды дæ Джуссойтæй, дæ ном Альберт. Фæлæ уый сæйрагдæр нæу. Сæйраг нæу, кæдæм ацæуай, уым мæгуыр цард кæндзынæ æви хъæздыг, уый дæр. Сæйрагдæр у, ды дæхи кæмдæр куыд равдисай, уый. Уымæн æмæ дæумæ гæсгæ аргъ кæндзысты æппæт ирон адæмæн дæр, æмæ дæ курын: мæ ныстуан дæ зæрдыл дар».

Хистæрæн кад, йæ ныхасæн аргъ кæнын Джуссойы-фырт гуырдзæй рахаста. Уыцы ныстуантæ зæрдыл даргæйæ, царды цæхæрæй хайджын æвзонг лæппу къæпхæнгай схызт стыр бæрзæндтæм, йæ къухы бафтыд Уæрæсейы амалхъомады сæрмагонд бынат бацахсын, ирон лæджы кад бæрзонд хæсгæйæ.

Джусойты Альберт у, Мæскуыйы алы къабæзты разамонджытæ, хицауады минæвæрттæ йæ ныхасæн аргъ кæмæн кæнынц, йæ арфæйаг хъуыддæгты тыххæй та кад, уыцы ирон лæг.

Йæ къухы скæнын цы бафтыд, уыдон иууылдæр – йæ уды хъару æмæ куыстуарзондзинады руаджы. Размæ та йæ кæддæриддæр хастой Ирыстонмæ уарзондзинады дыууæ базыры æмæ йын балæггад кæныны бæллиц. Йæ къухы бафтыд егъау арæзтадон компани «Стройпрогресс»-æн бындур сæвæрын æмæ йæ раззагдæрты æмрæнхъмæ ракæнын йæ куысты хæрз-хъæддзинады руаджы. Аразы горæттæ, сæудæджерадон гиганттæ, æфсæддон базæтæ алы æрдзон зонæты, суанг ма Арктикæйы дæр басгуыхт. Фæлæ уæддæр йæхи амалхъом никæд рахоны: «Æз дæн аразæг, адæмæн куыстдæттæг», – фæзæгъы йæхицæй.

Сæйрагдæр та зæгъын хъæуы, абон паддзахад æмæ нæ бæстæйы цæджытæ алырдыгæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс куы æрвитынц, уæд фæсте кæй нæ фæлæууыд Альберт дæр æмæ  цалдæр хатты уæзласæн машинæты нæ лæппутæн кæй арвыста гуманитарон æххуыс. Ныр дæр та сæм фæхæццæ кодта квадрокоптертæ, тепловизортимæ æмæ æндæр хъæугæ дзаумæттæ, сæхи амындмæ гæсгæ. Бафтыдис ма сыл, сывæллæттæ салдæттæм цы фыстæджытæ ныффыстой, уыдон дæр. Уыдонимæ чъиритæ, ирон адæмы стырдæр бæрæгбон – Джиуæргуыбайы номыл.  Фæлæ йæ уды хъару æмæ лæгдзинад æцæгæй рабæрæг сты, УФ-йы Президент Владимир Путинимæ бадзырдæй не ‘мбæстаг цы стыр хъуыддаг саразыныл ныллæууыд, уым. 11 сентябры æскуыста Байкал-Амураг хæххонæрзæты корпораци. Уый къухы бафтыд Джуссойты Альберты руаджы, у директорты советы сæрдар. «Ис дзы 1500 куысты бынаты. Афæдз æмæ æрдæджы бæрц цæттæ кодтам специалистты. Се ‘хсæн ис, кæй зæгъын æй хъæуы, ирæттæ дæр. Нæ куыст уникалон æмæ ахсджиаг кæй у, уый æмбаргæйæ, нæ сæйраг хæс у хæрзхъæд æмæ æнæ къуылымпытæй кусын. Куыстуат амал кæны æмæ ногæй рацаразы титано-магнетитон æрзæт. Æмæ кæд раздæр ильменитон концентрат Уæрæсемæ æндæр бæстæтæй ластой (дунейы æрмæст 4 ахæм куыстуаты ис), уæд ныр фæзынд нæхимæ дæр уыцы хомаг, кæцы цух нæ уадздзæн нæ куыстуæтты æмæ ма сфаг уыдзыстæм, æндæр бæстæты дæр цухæй ма ныууадзынæн.  Нæ бон уыдзæн 1 милуан тоннæйы æфсæнæрзæты концентрат уадзын æмæ 300 мин тоннæйы та – ильменитон концентрат» – зæгъы Альберт.

Джуссойы фырт стыр æвæрæн бахаста Гуырдзыйы экстремистты ныхмæ тохы национ сæрибардзинадмæ дæр. Уæдæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æнæ æрдзон газæй цы тухитæ кодтой, уый уынгæйæ йæхимæ райста стыр хъæппæрис æмæ хæрз цыбыр æмгъуыдмæ Цæгат Ирыстонæй æфцæджы сæрты Хуссар Ирыстонмæ бауагъта газы хæтæлтæ. Проект «Дзуарыхъæу-Цхинвал» нымад æрцыд дунейы арæзтадон индустрийы стырдæр æнтыстыл. Уымæн æмæ у, æппæты уæлоздæр хæтæлтæ уагъд кæуылты æрцыдысты, уыцы объект, уымæй дæр ма 164 километры дæргъæн. Цæгат æмæ Хуссарæй дзы цы 17 арæзтадон подрядон организацийы куыстой, уыдон равдыстой стыр быхсондзинад æмæ профессионализм.

Аргъæутты бæстæмæ бахауæгау, адæймаджы дисы бафтауы, Тулæйы областы Веневскийы районы Джуссойы фырт цы культурон-туристон центр сарæзта – «Золотой город», уый рæсугъддзинад. Уæрæсейы уæвгæйæ, адæймаг февзæры рагон китайаг горæты. Этнографион центры ирдæй раргом цардфенæг дæсны æмæ размæдзыд аразæджы уарзондзинад Китайы архитектурæйы хæдхуыздзинадмæ. Уыцы ран ис, ссæдз мин адæймаджы кæм цæуы, ахæм концертон фæз æмæ дзы алы аз дæр вæййы, Уæрæсейы æмбал кæмæн нæй, ахæм музыкалон фестиваль «Среднерусская возвышенность». Уый у ног фæзынд Уæрæсейы культурæйы. Ацы аз аххæсдзæн æхсæз мæйы. Фестивалы егъау концерттæ раттынц Уæрæсе æмæ фæсарæнты зындгонд музыкалон аивады дæснытæ æмæ къордтæ. Альберт ныртæккæ хъазуатонæй архайы Тулæйы областы ацы аз фæззæджы Ирон культурæйы бонтæ сбæрæг кæныныл.

Арæх æрымысы йæ мадыфыды ныхæстæ, адæймаджы, дам, базондзынæ фæндагыл, хæсты æмæ фынгыл. Адонæй алцы дæр бавзæрста йæ сæр æмæ дзы рацыд уæлахизæй.

Джуссойты Альберт йæ райгуырæн Ирыстон цы æрдхæрæны уарзтæй уарзы, цард цы барæнтæй бары, йæ къухы цы æнтыстытæ бафтыд, уыдон сты хъуыдыйаг. Абоны хуызæн хъуыды кæны, æртыккаг къласмæ куы цыд, уæд сæм Къуайсамæ Мæскуыйæ куыд æрцыдысты археологтæ, дыууæ мæйы семæ куыд бакуыста къахæнты, кæд æй йæ мад нæ уагъта, уæддæр. Бафыстой йын 25 сомы. Уый уыд йæ фыццаг мызд. Йæ мадмæ сæ сæрыстырæй æрбахаста, æмæ йын се ‘рдæг фæстæмæ радта. Сыхы лæппутимæ дзы балхæдтой футболæй хъазæн пуртитæ, йæхицæн та – «Адидас» спортивон костюм æмæ Китайæ ласт кедтæ. Никæд ферох уыдзысты, йæхи фæллойæ фыццаг цы æхца бакуыста, уыдон йæ къухмæ райсгæйæ йæм цы арф æнкъарæнтæ сæвзæрд, уыдон.

Йæ фыд Алыксандр æвирхъауæй куы фæмард, уæд Альбертыл æртæ мæйы йеддæмæ нæ цыд. Уыд æртæ æфсымæры кæстæр. Бинонтыл цард йæ уæз æруагъта æмæ сын фылдæр æххуыс кодта сæ мады фыд. «Царды бирæ фæндæгтæ ис, уыдонæй нæ алчидæр хоны йæ фæдыл, фæлæ дзы алы адæймаг дæр хъуамæ сарæхса равзарын, йæ зæрдæйы фæндон банкъаргæйæ, йæ цард кæмæн снывонд кæндзæн, уыцы фæндаг. Алкæддæр æй фæзæгъын, царды бындурæн ис дыууæ рахæцæны: бинонтæ æмæ дæсныйад. Уыдонæн сæ сæйрагдæр – бинонтæ. Уымæн æмæ дæсныйад райсын дæр адæймаджы хъæуы йæ бинонтæ дарынæн. Уыцы æмбарынад бындурон у ирон адæмы хъомылады» – зæгъы Джуссойы фырт.

Уæлдæр ахуырад куы райста, уæд æй кусынмæ арвыстой зындгонд арæзтадон куыстуат «Главмоспромстрой»-мæ. Уыцы рæстæг дзы куыста 150 мин адæймагæй фылдæр. Йæ разамонæг та уыд Владимир Ресин, куыстмæ дæр æй йæхæдæг райста. Куы йæ базыдта, ирон лæппу у, уый, уæд ын уыд æхсызгон. Йæ зæрдыл абонау лæууынц йæ ныстуантæ, сымах, дам, хорз адæм стут, æмæ дæ адæмы ма фæхудинаг кæн, дæхи аккагæй равдис. Йæ дæлбар кусгæйæ, аразын райдыдтой стыр сæудæджерадон заводтæ: И.А.Лихачевы номыл завод, хæдтулгæтæаразæн завод «Москвич», Мæскуыйы амбразивон завод æмæ æндæртæ. Уыцы куыст йæ зæрдæмæ афтæ тынг цыд, æмæ, зæгъæн ис, цæргæ дæр уым кодта. Суанг-иу æнафонтæм баззад арæзтадон объектты. Æрыгон, æвзыгъд лæппуйы хъарутæ, зонындзинæдтæ æмæ тырнындзинад уынгæйæ йыл дыууæ азы фæстæ баууæндыдысты стыр арæзтадон проектæн разамынд дæттын. Абон Альберт у домаг, карз, фæлæ рæстаг разамонæг. Царды æхца фыццаг бынаты никæд æвæрдта. Йæ кусджытæй алчидæр зоны, зæгъгæ, йыл исты зындзинад æрцыд (Хуыцау бахизæд), уæд кæй нæ бавгъау кæндзæн нæдæр æхца, нæдæр рæстæг, цы бахъæуа, уыдон сын иууылдæр кæй сараздзæн.

Йе стырдæр бæллиц у дунейы сабырдзинад, йрон адæмы иудзинад, Ирыстоны рухс сомбон, ирон адæмы амондджынæй уынын.

Мæ фарст, цы у дæуæн Ирыстон, зæгъгæ, фехъуыстон цыбыр дзуапп: «Ирыстон у мæ удлæууæн, мæ зæрдæ атонын кæцæй нæ комы, уыцы удыбæстæ. Мæхи амондджыныл фæнымайын, мæ адæмæн мæ зæрдæ цы хорздзинæдтæ фæзæгъы, уыдонæй исты сæххæст кæнын мæ къухы куы бафты, уæд. Удбæрзонд адæм, куырыхон лæгтæ, моладзантæ, фыццаджыдæр, Хуыцауæй курын, цæмæй ма уа хæст, æмæ адæм, кæрæдзи æмбаргæйæ, хæларæй цæрой. Мæн дæр æндæр стырдæр хорзæх Хуыцауæй нæ хъæуы».

Бирæ хорз ныхæстæ фехъуыстон Альберты тыххæй æрмæг æмбырд кæнгæйæ. Мæрдты сызгърин талатæ суадза уыцы ныййарæг, Ирыстонæн ахæм хъæбул чи схъомыл кодта. Фæлæ ма мæ уæ размæ бафæндыд рахæссын Хуссар Ирыстоны цæрæг Тедеты Индирæйы мысинæгтæ: «Ирыстоны иузæрдион хъæбулты тыххæй дзуринæгтæ бирæ æмæ дардыл сты. Ис æмæ уыдзæн, чи сыл дзура, уый дæр. Уыцы арфæйаг гуырдтæй иу у Джуссойты Альберт. Æз æй гыццылæй фæстæмæ зонын. Хъуыды кæнын ахуырмæ куыд дæсны уыд, куыд архайдта скъолайы театралон къорды. Æнтыстдзинæдтæ æвдыста алы предметтæй дæр, уæлдайдæр та математикæ æмæ уырыссаг æвзагæй. Иу миниуæг ма йæм уыд – бæрнондзинад.  Цы загътаид, уый æнæмæнг сæххæст кодтаид.

Хуссар Ирыстоны 1991 азы зæххæнкъуысты рæстæджы Къуыдаргом æрдзон фыдбылызы амæттаг куы бацис, къæдзæхты лæсæнтæ алырдыгæй ахизæнтæ куы æрæхгæдтой æмæ заууаты бынаты куы баззадыстæм, нал дæр нæм рухс уыд нал бастдзинад – уæд нæм æппæты фыццаг Мæскуыйæ фæфæдис Джуссойты Альберт. Уæд уыд æрыгон, ныфсджын, фидæрттæарæзт æмæ цæттæ зын сахат алкæмæн дæр баххуыс кæнынмæ. Уымæй размæ дæр нæм иу хатт вертолетыл экспедицийы æрцыдысты, фæлæ хъуыддаг ницы фæхуыздæр.

Хъуыддаг та афтæ уыд: зæйы рацыдæй цас рацыдаид, чи зон, фæлæ цæрджытæ загътой, адæм нырхæндæг сты æмæ нæм цы нæргæ хихъæппæрисадон театралон къорд ис, уыдон спектакль бацæттæ кæнæнт зæгъгæ. Срæвдз стæм, бæргæ билæттæ куы ауæй кодтаиккам, фæлæ æхца никæмæ уыд. Театрдзаутæ дæр тыхстысты, артисттæ дæр. Изæрмилтæ кодта. Артисттæ сæ уæлæдарæс скодтой, гримм сæвæрдтой сæ цæсгæмттыл æмæ раст кинойы куыд вæййы, афтæ нæ хъæуы сæрмæ цыдæр уынæр тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Иууылдæр æддæмæ ралыгъдыстæм æмæ мæнæ верталет æрбадт æмæ дзы рахызт Альберт, Бæззаты Чермен æмæ семæ æнахуырконд адæм. Уыдон фехъуыстой уавæр æмæ Альберт йемæ æрхуыдта специалисттæ цæмæй нæм фæкæсой. Уыцы рæстæг Чъребайы цыд хæст æмæ мах афтæ иппæрд уыдыстæм, æмæ хабæрттæн ницы зыдтам. Альберт уыцы бон артисттæн уыйбæрц æхца бафыста, æмæ сæ цæссыгтæ уадысты фыр цинæй. Мæнæн бахæс кодта, чи цы хъуаг у, уый сбæрæг кæнын, рацыдтæн семæ Мæс-куымæ æмæ фæстæдæр æххуыс æрластам КАМАЗ-тыл адæмæн. Дзаумайæ, хæринагæй, хосæй. Бынтон æнæ хæдзарæй чи баззад, уыдонæн дæр баххуыс кодта. Скъола нын нал уыд æмæ сывæллæты ахуыр кодтам вагæтты. Мызд дæс мæйы ахуыргæнджытæ нæ райстой æмæ сын Альберт се ‘ппæтæн дæр йæхи номæй бафыста мызд, æрмæст сывæллæттæ ахуыр кæной, зæгъгæ.

1996 азы мæ сывæрдтой скъолайы директорæй. Сывæллæттæ рагæй никуыуал архайдтой олимпиадæты, æмæ сæ кæдæй-уæдæй аластон брæгбонмæ зæронд автобусыл мæхи хардзæй Цхинвалмæ. Уым архайдта Альберт дæр. Нæ сывæллæтты уыцы æдзæллаг, мæгуыр хуызæй куы федта, уæд йæ зæрдæ суынгæг. Афæдз фæстæ Альберты руаджы уыцы бæрæгбоны махæй аивдæр ничи уыд. Не скъолайы уыд 600 сывæллоны, æмæ се ‘ппæтæн дæр балхæдтам алы хуызы дзаумттæ къахæй-сæрмæ, мæхæдæг дæр Мæскуымæ ацыдтæн, афтæмæй. Уыцы хабæрттæ никæмæй сты рох!

Йæхи номæй нын балæвар кодта рейсон автобус, æмæ йыл алы бон дæр цыдыстæм, зæгъæн ис, лæвар. Альберты руаджы нæ комы сывæллæттæ алы аз дæр сæрды фæлладуадзæн бонты улæфыдысты денджызы был. Уынгты-иу сывæллон нал баззад. 1990 азæй райдай, æмæ уый фæстæ дæр, алы сывæллонæн дæр Ног азмæ æрæрвыста сæрмагонд лæвар. Алы Джиуæргуыбамæ та, бинонтæ цал уыдысты, уал голладжы – ссад. Бирæбинонджынтæм-иу 10-15 голладжы дæр æрхауд. Уæдæ-иу фыццæгæм къласмæ цы сывæллæттæ бацыдаиккой, уыдон ма барæвдауа, уымæн гæнæн нæ уыд. Цал уыдысты, уалæн-иу балхæдта формæ, туфлитæ, спортивон дарæс æмæ ма, цы хъуыд, уыдон иууылдæр. Сæрмагондæй йын бузныг зæгъын хъæуы рынчындоны медицинон ифтонггæрзты æмæ «Тагъд æххуыс»-ы хæдтулгæйы тыххæй.

Бирæ адæймæгты зонын фæлæ æз Альберты хуызæн никуы федтон. Иу рæстæджы сфæнд кодта Къуайсайы юбилей бæрзонд æмвæзадыл сбæрæг кæнын. Сарæзтам оргкомитет, æмæ уæ нæ бауырндзæн, æхсæвæй-бонæй кодта кусгæ. Мах дæр афтæ сразæнгард кодта, афтæ нæ æрбангом кодта æмæ зæгъæн нæй. Адæм сæ пырх хæдзæрттæй рахызтысты, цыдæр ныфс сæ бауагъта, уынгтыæ бафснæйдтой. Уыййас дидинæг æрласта ныссадзынмæ, æмæ раст диссаг. 2006 азы та йæ фæрцы сæххæст Хуссар Ирыстоны бæллицц – æрдзон газ! Стæй никæд федтон афтæ уарзгæ дæр – ирон адæмы! Мах сахуыр кодта æндæр хуызон уарзын Къуайса. 2008 азы августы цауты рæстæг Альберт уыд йæ адæмимæ. Сывæллæтты, сылгоймæгты, зæрæдты аласын кодта æдас бынатмæ. Адæмæн уыд ныфс.

Фынддæс азы размæ Къуайсайы юбилей куы бæрæг кодтам, уæд та алы организацийæн дæр балæвар кодта «УАЗ», кæмæн та – «Нива» машинæтæ. Уый уымæн зæгъын, æмæ кæд абон Ирыстоны картæйы Къуайса баззад бæлвырд цæрджыты нымæцимæ, уæд уый бирæбæрцæй у Джуссойты Альберты руаджы. Бузныг, Альберт, де ‘мзæххонты номæй!»

Альберт йæ бинонтимæ цæры Мæскуыйы. Ис ын фæзминаг кæстæртæ, лæуд сты ахуыры фæндагыл, æвдисынц стыр æнтыстдзинæдтæ уыдон дæр. Æхсызгон та куыд нæ у, сæ мадæлон æвзагыл æдæрсгæйæ кæй дзурынц, уый.

Мæскуыйы уæрæх фæндагыл ныфсджын къахдзæфтæ кæнгæйæ, размæ цæуы фидæрттæарæзт нæлгоймаг. Цæстыты – тæмæнкалгæ цæхæр, зæрдæйы – пиллон арт, риу – йе ‘мыдзаг Ирыстонмæ уарзондзинадæй. Кæцæйдæр дымгæ æрбаскъæфта ирон ныхасы адджын зæлтæ æмæ та зæрдæ риуæй рагæппæввонг ссис. Уый у нæ хъайтар. Абон ыл сæххæст 60 азы! Альберт, хорздзинад дурæй дæр нæ ферох уыдзæн! Цы бирæ хæрзты бацыдтæ дæ адæмæн, уыдон дын æртывæрæй Хуыцау хорздзинæдтæ æмæ æнæниздзинадæй раздахæд! Кæй уарзыс, уыдонимæ цæрынæй бафсæд! Джеоргуыбайы къуыри райдыдта, æмæ дыл хуыздæр ракувæджы арфæ æрцæуæд! Амондджын у! Дæ фæндæгтæ Лæгты дзуары фæдзæхст! Ирыстоны фарны номыл дæ зæрдæйы цы фæндтæ ис, уыдонæн дæхæдæг æвдисæн у!

       ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.