14-æм октябры Сывæллæтты уæрæсейаг æхсæнадон хæрзаудæн фонд «Российский детский фонд» банысан кодта йæ сырæзты 35 азы юбилей. Цытджын мадзал уагъд æрцыд Мæскуыйы Цæдисты хæдзары Колоннон залы.

Юбилейон мадзалы хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы алы регионтæй æмæ æввахс фæсарæнты дæсгай делегацитæ: Азербайджан, Белоруси, Хъыргъызтан, Казахстан, Республикæ Хуссар Ирыстоны, Китайы хæрзаудæн фондты минæвæрттæ.

Хуссар Ирыстоны хайадист

Фонды цытджын мадзалы хайад райста РХИ-йы Сывæллæтты фонды сæргълæууæг Тедеты Роланд. Хуссарирыстойнаг фонд дунеон ассоциацийы уæнг у 2013 азæй фæстæмæ. Тедеты Роланд Дмитрий Лихановмæ радта РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы арфæйы фыстæг бузныджы ныхæстимæ 2008 азы августы цауты фæстæ хуссарирыстойнаг сывæллæттæн ацы Фонды стыр æххуысы тыххæй. Тедейы фырт нын радзырдта Мæскуымæ йæ балцы тыххæй.

Фонд у Уæрæсейы Федерацийы фыццаг хæрзаудæн организаци, кæцы ныр фидарæй баст у йæ бындурæвæрæг — æвзæнгты литературæйы классик æмæ уæрæсейаг хæрзаудындзинады нысаниуæгджын фигурæ Альберт Лихановы номимæ, кæцы цардæй ахи-цæн цалдæр мæйы размæ.

Фыды хæрзаудæн архайд дарддæр кæны фырт

Ныр сценæмæ рахызт фыссæджы фырт — Дмитрий Лиханов, кæцы дарддæр кæны йæ фыды хæрзаудæн архайд. Уый æрæмбырдуæвджытæн бакаст УФ-йы Президент Владимир Путины арфæйы фыстæг, цыран бæстæйы сæргълæууæг раарфæ кодта фондæн йæ сырæзты 35 азы юбилейы цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, хæрзаудæн архайд здæхт у бинонты институт сфидардæр кæнынмæ, уæззау уавæры бахауæг сывæллæттæн баххуыс кæнынмæ, афтæ ма зæгъ, фонды программæ æххуыс кæны мингай чызджытæ æмæ лæппутæн сæ курдиаттæ раргом кæнынæн. «Иууыл сæйрагдæр у, цæмæй сымах базонат æмæ фенат уыцы адæймæгты, кæцытæ нæ ивгъуыд æмбырдæй фæстаг фондз азы дæргъы æндыгъд куыст кодтой, æмæ аразгæ та цъус не скодтам, куысты фæстиуджытæ егъау сты», — загъта Дмитрий Лиханов.

Мадзалы хайад райста УФ-йы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы фракци «Справедливая Россия — За правду»-йы къухдариуæггæнæг Сергей Миронов. Уый раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ йæ зæрдыл æрлæууыд, зæгъгæ, 35 азы размæ 1987 азы организаци уыд нырма советон æмæ фæстæдæр та ссис Сывæллæтты уæрæсейаг фонд.

«Сывæллæтты советон фонд сырæзт Чернобылы тæссаг трагедийæ иу аз æмæ æрдæджы фæстæ. Æмæ йæ фыццаг программæ хуынд „Дети Чернобыля“. Уый фæстæ уыдысты „Дети Спитака“, „Дети Чечни“, „Дети Беслана“, „Дети Южной Осетии“, æмæ ныр та — „Дети Донбасса“. Сывæллæтты уæрæсейаг фонд 35 азы дæргъы аирвæзын кодта дæсгай мин сывæллæтты цард. Уыдонæй бирæтæн абон сæхицæн ис сывæллæттæ. Волонтертæ та лæварæй кусынц, Уæрæсейы фидæн — сывæллæттæн æххуыс кæнгæйæ. Абон мæ фæнды æрæмысын æцæг патриот, фонды бындурæвæрæг, фыссæг Альберт Лихановы ном, кæцы нын бафæдзæхста раст девиз: „Ни дня без добрых дел“, — загъта Сергей Миронов.

УФ-йы адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Татьяна Москалькова дæр хайад райста мадзалы æмæ раарфæ кодта фондæн йæ сырæзты юбилейы цытæн. „Фондæн уыцы азты йæ бон ссис тынг бирæ пайдайы æмæ эффективон бастдзинæдтæ саразын. Фонды фæрцы æрбаиу сты бинонты егъау нымæц. Абон райсын бирæ куырдиæттæ, кæцытæ баст сты йæ бинонтæй чи фæхицæн уыцы сывæллæттимæ. Уыдонæй бирæтæ баззадысты сидзæрæй. Фонд уал азы дæргъы цы хорз хъуыддæгтæ сарæзта, уый тыххæй сын зæгъын æгæрон бузныджы ныхæстæ“, — загъта Татьяна Москалькова.

Дмитрий Лиханов банысан кодта, зæгъгæ, мах рох кæнын райдыдтам ковид цы у, уый. Дыу-уæ азы размæ дæр ма горæтты уынгтæ афтид уыдысты. Бирæ бинонтæ фæрынчын сты ацы низæй. Мæ фыд фæзиан ацы низæй. Æз дæр йемæ иу рынчындоны — Склифосовскийы номыл институты хос кодтон мæхицæн. Абон сценæйыл чи лæууы, уыдон уыцы рæстæджы æххуыс кодтой æндæртæн кæд æмæ сæхи бинонты ’хсæн дæр уыд рынчынтæ, уæддæр. Уыдон æппæт сæ адæймагон, æхсæнадон, паддзахадон ресурстæ дæр хардз кодтой рынчынтыл, йæ куыст чи фесæфта, уыдонæн баххуыс кæныныл. Пандемийы рæстæджы нæ куысты фæдыл хыгъд нысан æрцыд Иугонд Нациты Организацийы ’рдыгæй, куыд хуыздæртæй сæ иу, афтæ», — загъта Дмитрий Лиханов.

Юрий Гагарин хæсты цæхæрæй раласта 367 сывæллоны

Залы уыдысты Донбассæй сывæллæттæ. Уыдоны аирвæзын кодта Юрий Гагарины æххæст æмном адæймаг. Юрий райста фæсномыг «Ангел». Бархион, гвардийы булкъон æртæ мæймæ хæсты цæхæрæй раласта 367 сывæллоны. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Колоннон залы фойейы равæрд кæй æрцыд равдыст Альберт Лихановы æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон архайды тыххæй æрмæджытимæ, кæцыты æвдыст цæуы фонды 35-азон истори.

Тедеты Роланд ма нын радзырдта Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты фонды историйы тыххæй. «Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты фонд ис советон рæстæгæй. В. Ленины номыл фонд арæзт æрцыд 1987 азы 14 октябры. Йæ хайадтæ уыдысты алы цæдисон республикæты, крайты, областты. Фонды хуссарирыстойнаг хайад бакуыста æрмæстдæр дыууæ азы, уымæн æмæ йæ бахъыгдардта 1989 азы райдайгæ гуырдзиаг-ирон хæст. 2006 азы фонд «Хуры тын» фæстæмæ скуыста, йæ сæргълæууæг уыд Джиоты Замирæ. Нæ республикæйы хæдбардзинад нын Уæрæсе куы банымадта, уый фæстæ ссис Сывæллæтты фондты дунеон ассоциацийы æххæстбарджын уæнг, кæцыйы сæргъ 35 азы дæргъы йæ амæлæты онг лæууыд Альберт Лиханов.

«Нæ сывæллæтты фондæн нын уæрæсейаг фонд Альберт Лихановы сæргълæудæй фыццаг стыр æххуыс бакодта 2008 азы августы кæрон. Уæд уый Беслæнмæ æртахт егъау гуманитарон æххуысимæ. Реализаци æрцыд программæ „Дети Южной Осетии“, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй хæстон архайдтыты фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны уавæр гуманитарон катастрофæйыл банымайгæйæ. Æвджидарæй балæууыд Цхинвалы скъола-интернатæн. Æрæмбырд кодта сывæллæтты-сидзæрты, кæцыты раластой хæстон архайдтыты зонæйæ æмæ уыдысты Хуссар Федералон зылды алы къуымты æмæ сæ æрласта Мæскуымæ реабилитацион центрмæ. Программæ „Помощь детям Южной Осетии“-йы фæлгæтты баххуыс кодтой 300 сывæллонæй фылдæрæн. Сывæллæтты уæрæсейаг фонды хъæппæрисæй гом акционерон æхсæнад Уæрæсейы æфсæнвæндæгтæ Якунины сæргълæудæй Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæн сарæзтой бæстыхайы ног комплекс цæрынæн æмæ ахуыр кæнынæн комфортон уавæртимæ. Афтæ ма сын алыгъуызон æххуыс бакодтой æндæр æмæ æндæр организацитæ дæр», — радзырдта Тедеты Роланд.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.