Царды ахæм цаутæ æрцæуынц, æмæ адæймаджы зæрдæйы арф бынат æрцахсынц æмæ йын свæййынц йæ цардвæндаджы цырагъдар. Уыдон ын рухс кæнынц йæ цард, раст фæндагыл æй аразынц, свæййынц ын фæндагамонæг стъалыйау, æмæ йæ хонынц фидæны рæсугъд бæллицтæм. Мæныл дæр мæ царды ахæм цаутæй иу æрцыд.

Мæхи зонынхъом куы фæдæн, кæсын æмæ фыссын куы базыдтон, уæдæй абонмæ газет «Рæстдзинад» мæ царды ахсы ахсджиаг бынат, дæн ыл æнувыд æмæ иузæрдион. Уымæн æмæ уый, фыццаджыдæр, у нæ ирон æвзаджы удылхæцæг æмæ мæлæтæй ирвæзынгæнæг дæр. Мæнæ мад йæ сывæллоны къухыл куыд фæхæцы æмæ йæ кæлын куыд нæ фæуадзы, раст афтæ газет «Рæстдзинад» дæр æппынæдзух не ’взаджы фарсмæ æмдзу кæны æмæ йæ фæцудын нæ уадзы, ауды йыл. Газет «Рæстдзинад» у не ’взаджы зæд, иннæрдыгæй та газет ирон адæмы кæрæдзийыл бæтты, сæ цин, сæ риссæгтæ æмæ тыхстытæ сын иу кæны. Нæхи Къостайау сæм сиды, цæмæй кæрæдзи уарзой, æфсымæртау, цæрой. Газетæн йæ райдайæны дæр хуымæтæджы ацы ныхæстæ нæй:

Цæйут, æфсымæртау, радтæм нæ къухтæ
Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!..

Адæм та, æмуд, æмзонд куы уой, уæд сæ тых æгæрон у, къæдзæхы риу дæр сын нæ фæлæудзæн, батондзысты йæ.

1923 азы, æрдз йæ фынæйæ куы райхъал, уалдзæг йæ тæмæны куы бацыд, малусæг йæ сæр куы сдардта, уæд уыцы алæмæты афон дунемæ фæзынд газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыр. Уый ссис ирон культурæйы, мыхуыры, журналистикæйы æмæ царды стыр бæрæгбон. Газет йæ мидисджын уацхъуыдтæй адæмы разæнгард кодта, сæ ныфсыл сын ныфс æфтыдта, сæ хъаруйыл — хъару. Æмæ адæм æрлæууыдысты ахуыр æмæ фæллойы фæндагыл. Уымæй уæлдай, газеты фæрстыл æвдыст цыдысты ирон литературæ æмæ æвзаджы æнтыстытæ, хъæууон хæдзарады уæлахизтæ æмæ цард, цæджджинагау, пæлхъ-пæлхъæй фыхти.

Газет «Рæстдзинад»-ыл æххæст кæны 100 азы. Æмæ адæймагыл уый бæрц азтæ куы рацæуы, уæд зæрондыл нымад вæййы, уымæн æмæ йæ хъару дзæвгар фæкъаддæр вæййы, йæ авналæнтæ дæр уый бæрц нал вæййынц. Газетæн та йæ фæтк æндæр у. Уый цас фылдæр цæра, цас ыл фылдæр азтæ рацæуа, уыйас тыхджынæй-тыхджындæр кæны, йæ кад та бæрзондæй-бæрзонддæр. Æмæ адæмæн свæййы уарзон, уымæн хуыйны адæмон газет, уымæй уæлдай, нæ газет «Рæстдзинад» кæй хуыйны, уый та йæхæдæг кæуылты у. Цард рæстдзинадыл æнцой кæны. Рæстдзинад у æфсарм, æгъдау æмæ уæздандзинады бындур. Уымæ гæсгæ йыл цасфæнды æнустæ дæр куы рацæуа, уæддæр йæ мæсыг бæрзонддæр йеддæмæ ныллæгдæр никуы уыдзæн. «Рæстдзинад» мæнг тæрхæттæ нæ уарзы. Йæ алы ныхас дæр топпы фатау у раст æмæ, болат æхсаргардау, кæрдаг. Хуыцау нын æй стыр лæварæн радта, хæзнайау, æмæ йын аргъ æмæ кад кæнын хъæуы.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ газет «Рæстдзинад» нæ фæтæг И. В. Сталины цæсты кадджын кæй уыд. Уый Мæскуыйы кусын куы райдыдта, уæд, дам, нæ республикæйы хицауадæн бафæдзæхста, цæмæй йæм газеты алы номыр дæр хæццæ кæной. Æмæ бирæты ‘хсæн быцæу ныхас рауайы, иутæ фæзæгъынц, Сталин, дам, гуырдзиаг уыд, иннæтæ та — ирон уыд фæзæгъынц. Æмæ ам адæймагæн бирæ зонд нæ хъæуы, дзидзидай сывæллон дæр æй æнцонтæй бамбардзæн. Кæд Сталин ирон нæ уыд, уæд æй газет «Рæстдзинад» цæмæн хъуыд?! Туг æмæ стæг алы ран дæр сæхи æвдисынц. Æмæ кæд Сталин дард ран куыста, уæддæр йæ зæрдæ Ирыстоны уыд, ирон адæмимæ.

Мæнмæ гæсгæ, газет «Рæстдзинад» ма адæмон ноджыдæр уымæн хуыйны, æмæ йæ фæрстыл канд фæлтæрдджын журналистты æрмæджытæ нæ, фæлæ алы ирон адæймаджы сагъæстæ æмæ хъуыдытæ дæр мыхуыры кæй уадзынц. Уый сæйраг æмæ æнæмæнг кæнинаг хъуыддаг у. Уымæн æмæ уæд алы адæймаг дæр хуыздæр цæстæй кæсдзæн газеты хъысмæтмæ, бæрзонд бынаты æвæрд уыдзæн газеты кад. Эпитет адæмон — уый æппæлыны дзырд у. Æмæ ахæм номæй кæй схонæм, уый хуыздæрты ‘хсæн ноджы бæрæг хуыздæр чи у, ахæмыл нымад цæуы. Газет «Рæстдзинад» адæмоны ном кæй хæссы, уый у редакцийы куысты удуæлдай фыдæбоны фæстиуæг. Арфæйы ныхæстæ зæгъын æмбæлы газеты кусджытæн: Абайты Эдуард, Касаты Батрадз, Гæззаты Фатимæ, Баскаты Эльзæ, Гасанты Валери æмæ иннæтæн, сæ сæргъы сæйраг редактор Хозиты Барис, афтæмæй. Адон сæ удтæй арт цæгъдынц, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, архайынц, цæмæй газет уа хæрзхъæд æмæ мидисджын. Ахæм уавæры газеты бон баци адæмы зæрдæтæм фæндаг ссарын, адæмæй уацхæсджытæ саразын.

Мæхи цæсты дæр газет «Рæстдзинад» бæрзонд бынаты æвæрд у, æгæрон аргъ ын кæнын. Æрвылбон дæр нæ постхæссæгмæ афтæ зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсын, цыма мæм мæ хо æрбацæудзæн æмæ мын исты хæзна æрбахæсдзæн, уыйау, æмæ, газет «Рæстдзинад» мæ къухы куы бафты, уæд цыфæнды ахсджиаг куыст дæр ныууадзын æмæ газет кæсын райдайын. Гъе, афтæ æнувыд æмæ йыл иузæрдион дæн. Æрыгон ма куы уыдтæн, скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæдæй абоны онг, мæ фадат куыд фæамоны, уымæ гæсгæ фыссын газетмæ алыхуызон æрмæджытæ, фылдæр нæ ирон æгъдæутты фæдыл. Æмæ иу ахæм цау дæр нæ хъуыды кæнын, æмæ мын мæ уацхъуыдтæ мыхуыры ма рауадзой, æмæ сын уый тыххæй стыр бузныг зæгъын! Æз сахуыр кодтон математикæйы ахуыргæнæджы дæсныйадыл, бирæ азты бакуыстон скъолайы сæргълæууæгæй дæр, æмæ фæсмон нæ кæнын, ахæм дæсныйад кæй райстон, ууыл. Фæлæ, зæгъæм, ногæй ахуыр кæнын мæ бахъуыд, уæд æнæ гуызавæйæ, æнæмæнг сахуыр кæнин журналистикæйы дæсныйадыл. Уымæн æмæ, адæймаг фысгæ куы кæна, уæд хъуыды дæр хуыздæр кæны æмæ арфдæр, лæмбынæгдæр æмбары царды сусæгдзинæдтæ, цардæн йæхи арæзт. Цард раст æмбарын та æппæтæйдæр сæйрагдæр у.

Æмæ, цæмæй нæ цард раст æгъдауы фæлгæты æвæрд уа, æмæ дзæгъæлтæ ма кæнæм, уымæн нын æвæджиау æххуыс кæны нæ уарзон газет «Рæстдзинад». Ирон мыггаг кæмæн ис, ироны ном чи хæссы, ирон бинонтæ кæмæн ис, ирон туг кæй дадзинты зилдух кæны, уый куыд хъуамæ ма рафысса æмæ кæса газет «Рæстдзинад». Уæдæ, хорз адæм! Цæй æмæ нæ дуæрттæ уæрæх байтындзæм æмæ фæндаг радтæм фарн æмæ амонд хæссæг газет «Рæстдзинад»-æн.

Гъемæ, æгас цæуæд æмæ æнусты дæргъы дидинæг калæд «Рæстдзинад»!

Редакцийы кусджытæн та газеты юбилейы фæдыл зæрдиаг арфæ кæнын, фыццаджыдæр, æнæниз куыд уой, стæй стыр сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ сæ зын, фæлæ хъæугæ куысты сæ къухы куыд æфта, ахæм арфæтæ сын Стыр Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ æмæ Уæларвон тыхтæ ракæнæнт!

Хæмыцаты Раман, Республикæйы хистæрты советы президиумы уæнг,
Рахизфарсы районы Ныхасы ирон æгъдæутты комитеты сæргълæууæг


Рæстæджы зиууон

Газет царды айдæн у, алы бонæн дæр ын ис йæхи домæнтæ, йæхи хæстæ. Цард хабæрттæй конд у, æмæ уыдонмæ нæ фыдæлтæ хъуыстой дам-думты руаджы, кæнæ-иу æм къæхтæ æмæ къухтæ бафтыдтой, кæннод та-иу ын йæхиуæтты дæр нычъчъепп кодтой.

Дуг йæ бон калы, æрсдонау абухгæ цæуы, æмæ уыцы уылæнтæ бамбарынæн дам-думтæ æмæ хус ныхæстæ фаг не сты. Революцийы агъоммæйы ирон раззагдæр фæлтæр бамбæрстой, адæмы кæй хъæуы периодикон мыхуыры сæр, уымæй дæр сæ мадæлон æвзагыл.

Къоста нын алы хорз хъуыддагæн дæр у йæ сæрбос, йæ цырв, йæ райдайæг. Уый бавнæлдта фыццаг газет «Северный Кавказ» йæхимæ æрбаивазыныл, Цомахъ ныззарыд фыццаг нæ «Ирон газет»-ы райгуырдыл.

«Ирон газет» райгуырдис 1906 азы, уый у сæрæвæрæн ирон периодикон мыхуырæн. Революцийы агъоммæйы газеттæ æмæ журналтæн (газеттæ — «Ног цард» (1907) æмæ «Хабар» (1909), журналтæ «Зонд» (1910), «Чырыстон цард» (1911) æмæ «Хуры тын» (1912)) бирæ цæрæнбон нæ уыд, фæлæ сæ дуг æмæ рæстæг цы амыдта, уымæй фæндæгтæ байгом кодтой, абон сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы газеттæ «Рæстдзинад» (1923) æмæ «Хурзæрин» (1924), журналтæ «Фидиуæг» (1927) æмæ «Мах дуг»-æн (1934).

Уыдонæй алчидæр ис йе ’нусы къæсæрыл, æнусон куыст та уæлæнгай æмæ фæлвых никуы вæййы. Æнусмæ бакæнгæ хъуыддæгтыл бирæ дзурæн ис, ныхас дæр сыл бирæ цыд, юбилейтæ дæр сын бирæ фæкодтам. Фæлæ уыдон æмæ уыдæттæ фагыл банымайæн нæй, уымæн æмæ цардимæ æмдзу кæнынц, сæ лæггæдтæ фылдæр кæнынц, зиууæттæ сты кæддæриддæр.

Нæ куырыхон газет «Рæстдзинад» уал азы — лæггадгæнæг, уал азы — уырдыглæууæг, уал азы — цырагъдарæг, уал азы — Рæстдзинад хъахъхъæнæг æмæ Рæстдзинады сæрыл тохгæнæг.

Ирыстонæн йæ Цæгат хайы авналæнтæ фылдæр æмæ тыхджындæр сты. Диссаджы газет у «Рæстдзинад» æрмæджытæй дæр æмæ æвзагæй дæр. Алывæрсыг у алцæмæй дæр, æххæссы æппæтыл дæр. Ныхас кæны хистæртимæ, цардаразæг фæлтæримæ, нæ фидæны ныфсытæ — нæ сабитимæ; æфсинтæ æмæ чындзытимæ. Ныхас кæны хæдзары уагыл, йæ цæст дары алы хатт дæр нæ цин æмæ хъыджы фынгтæм, нæ хистæрты уагахаст æмæ сæ сидтытæм. Канд æппæлгæ нæ, карзæй домы, цæмæй ирон лæг уа ирон йе ’взаг æмæ йе ’гъдауæй, алы хатт дæр зæрдыл æрлæууын кæны: адæм се ’гъдæуттæ æмæ се ’взагæй адæм кæй сты.

Чи фæнымайдзæн, нæ сыгъзæрин газет йæ уд цæуыл хъары, æппæт уыдæтты. Чи кæсы «Рæстдзинад», уый йæ хорз зоны, нæ фæдисон кæй у, кæй у йæ номы аккаг, уал азы уыцы ном кад æмæ радимæ кæй хæссы.

«Рæстдзинад» йæ фæзындæй абонмæ у ирон аив дзырды дæсныты хъомылгæнæг. Иунæг фыссæг дæр нæ зæгъдзæн афтæ, мæныл «Рæстдзинад»-ы лæггад нæй. Мæхи хъуыды та у: национ интеллигенцийæн «Рæстдзинад» кæддæриддæр ис мады бынаты. Кæцы поэт нæ зæгъдзæн, мæнæн мæ ном ныхъхъæр «Рæстдзинад»-ы руаджы. Цал поэты загътой, мæныл фыццаг базыртæ басагъта нæ уарзон газет «Рæстдзинад», зæгъгæ.

Абон «Рæстдзинад»-æн табугæнджытæ бирæ ис, фæлæ йæм дардæй æнæмæты цæстæй чи кæсы, ахæмтæ дæр цъус не сты. Национ хæзнатæ бабиноныг кæнынæн абоны хуызæн рæстæг никуы уыд. Фæзынд фадæттæ æмæ алчи йæ гуылы бын æндзары. Цомахъы загъдау:

«Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд!», нæ гуылмæ радтæм нæ тыхтæ, æрдæг фыхæй ма баззайа. Æнæмæт ахастæй спайда кодтой нæ сыхæгтæй чидæртæ æмæ нын нæ хæзнатæ ссивынц сæхирдæм.

Дзырд дæр ыл нæй, стыр бæрæгбоны къæсæрыл æрлæууыдыстæм, æмæ бакæнæм афтæ, цæмæй нæм «Рæстдзинад»-ы фыдæбæттæ бахъарой, цæмæй нæ сывæллæттæм сдзурæм сæхи æвзагыл, цæмæй алы бон цы къус, цы уидыг æмæ агуывзæйæ пайда кæны сывæллон, уыдоны нæмттæ зона иронау.

Æз æй уæндонæй зæгъын: зæххы къорийыл не ’взаг æмæ не ’гъдæуттæн æмбал нæй, Кавказмæ цæрæнбонты цы бæлццæттæ фæцыд, уыдонæй махмæ, æппæлынæй дарддæр, фау ничи æрхаста. А. Шегрен æмæ нын В. Миллер цы сарæзтой, уыдон кæуылты диссæгтæ сты. «Рæстдзинад» сыл дзуры, «Рæстдзинад» сæ амоны, фæлæ…

Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры: цы хæдзары «Нарты кадджытæ» æмæ Къостайы «Ирон фæндыр» нæй, уый ирондзинадæй цух у, «Рæстдзинад» чи нæ кæсы, уый та йæхицæй æнæхъуаджы æппæлы.

Йæ рæстæджы дзæнæты бадинаг Хъесаты Валодя «Рæстдзинад»-ы кусджыты сæрысуангæй йæхи онг рахуыдта «Рæстдзинады мæсыг амайджытæ». Мæсыг амайын æнцон хъуыддаг нæ уыд. Нæ уыд æнцон газет «Рæстдзинад» Æрфæны фæды онг сисын, фæлæ уый бантыст, уыцы фыдæбæтты сæргълæууæг чи уыд, уыдонæн: Хъаныхъуаты Валодя æмæ Хъесаты Валодяйæн. Дзæнæты бадæнт.

Абон «Рæстдзинад»-ы зиууæттæ тыхджын, хъаруджын, фæразон сты, æмæ сын Хуыцауы цæст уый бауарзæд, цæмæй сæ тырыса ныллæгмæ ма æруадзой.

Мæ ныхас мæ фæнды балхынцъ кæнын поэт Тыджыты Юрийы ныхæстæй:

«Цу дарддæр!
Ды Ирæн лæггад кæн фыртау;
Уадз, зæлæд дæ ныхас аланты æвзагыл,
Мыггагмæ Рæстдзинад нæ дзыллæтыл тау».

Зынаргъ «Рæстдзинад»-ы кусджытæ! Фæрнæй кусут, æнæниздзинад, куырыхондзинад, куысты фæразондзинад уæ къухæй макуы ахауæнт.

Ир — уæ фæндиаг, сымах та — Иры фæндиаг!

ПЛИТЫ ГАЦЫР, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты профессор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.