Ацы бонты Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыдысты Женевæйы дунеон дискусситы æмсæрдæрттæ. Балцы нысан уыд, дискусситы радон раунды боны фæткы фарстытыл æруынаффæ кæнын. Инфекцион низæй бахизыны нысанæн ацы цæттæгæнæн фембæлд уагъд цыд æнæ информацион фæрæзты хайадистæй. 

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады нысанæн Женевæйы цы дискусситæ уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны хайадистæй, уыдон ацы аз, дунейы пандемийы рапарахаты аххосæй уагъд не ‘рцыдысты. Фæлæ уый хыгъд, хуссарирыстойнаг фарс æдзух видеоконференцитæ уагъта дискусситы æмсæрдæрттимæ, архайдтой Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты форматы.  

Дискусситы райдианæй фæстæмæ æмæ абон дæр йæ иунæг æмæ сæйраг нысан у – Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы юридикон æмæ бæрнон документыл къухтæ бафыссын. 

Хуссар Ирыстонæй Женевæйы дискусситы æмсæрдар, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы Женевæйы дискусситы ахсджиагдзинад нысангæнгæйæ, фембæлды хайадисджытæ се ‘ппæт дæр ахсджиагыл нымайынц радон раунд ауадзын, кæцы нысан цæуы ацы аз декабры мæймæ.

Дискусситы æмсæрдары ныхæстæм гæсгæ хуссарирыстойнаг фарс банысан кодта, зæгъгæ, пандемийы рапарахатмæ нæкæсгæйæ, ахсджиаг у Женевæйы фембæлд ауадзын. Уымæн æмæ фæстаг рæстæджы Фæскавказы цы цаутæ æрцыд, уый хынцгæйæ, дискусситы сæйраг æмæ ахсджиаг хæс – Хуссар Ирыстоны адæмы Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æдасдзинад бахъахъхъæнын у уыцы хъуыддаджы юридикон бæрнджын документыл дарддæр кусын. 

Уисты пост у дестабилизацийы ратæдзæн

Знауыры районы Уисты хъæуы гуырдзиаг полициæгты æнæзакъонон пост у Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн æдзух дестабилизацийы ратæдзæн. Афтæ фехъусын кодтой æмсæрдæрттæн фембæлды рæстæджы Женевæйы дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтæ.

«Цæмæй æмткæй арæнты æдасдзинадыл дзырд цæуа, уый тыххæй уал райдайын хъæуы Уисты хъæуы æнæзакъонон пост Хуссар Ирыстоны территорийæ аиуварс кæнын. Уый фæахъаз уаид Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæнтыл уавæр æрбæстон кæнынæн, арæнты фæйнæфарс æппæт цæрджыты интерестæн», – банысан кодта ныхасгæнæг. 

Лигъдæтты тыххæй

Йæ ныхæстæм гæсгæ гуырдзиаг фарс алы æмвæзадыл, дунеон алыгъуызон трибунæтæй пайдагæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны дарддæр дæр цæсты æфтауы.

 «Мах банысан кодтам, æцæгдзинадмæ дард чи уыдысты, ахæм æфхæрæн æмæ негативон ныхæстæ. Уыдон æрæджы загъдгонд цыдысты ЕÆÆО-йы æдзухон советы рабадты.

Сæрмагондæй, æмсæрдæртты хъусдард здæхт æрцыд уымæ, æмæ Женевæйы дискусситы мандатмæ кæй хауы лигъдæтты проблемæ бæстон кæнын, кæцы бæстонкæнинаг у суанг 2010 азæй фæстæмæ. Уæдæй фæстæмæ Гуырдзыстон æрвыл аз дæр ИНО-йы трибунæмæ хæссы лигъдæтты фæдыл йæ политизацигонд резолюци», – фехъусын кодта Джиоты Мурат.

Уый фæдыл хуссарирыстойнаг делегаци ноджыдæр æрсидт дискусситы æмсæрдæрттæм, цæмæй бацархайой, æмæ регионы уавæр æрбæстон кæнынмæ здæхт цы резолюци нæу, уый ИНО-йы трибунæмæ Гуырдзыстон мауал хæсса. 1990 азæй фæстæмæ лигъдæтты проблемæйæн фадат уаид Женевæйы дискусситы фæзуатыл æркæсын æмæ бæстон кæнынæн.

Æбæрæг сæфт æмбæстæгты фарст

Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ дискусситы æмсæрдæрттимæ дзырд цыд, Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфт, уыдоны хъысмæт рабæрæг кæныныл. Уымæн æмæ ацы фарст у актуалон æмæ æнæмæнг бæстонкæнинаг æмæ бахатыдысты æмсæрдæрттæм, цæмæй бацархайой ацы фарст бæстон кæныныл.

Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ гуырдзиаг фарс куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ сын фембæлд уыд Гуырдзыстоны сæйраг прокуроримæ, кæцы ныфс бавæрдта дзуапп радтынæй.

«Ацы фарст дискусситы боны фæткæй ист не ‘рцæудзæн уæдмæ, цалынмæ Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт нæ рафæлгъауæм, уæдмæ», – банысан кодта уый.

Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ Женевæйы дискусситы радон раунд ауадзын план цæуы 10-11 декабры. Дискусситы фæстаг раунд та уагъд æрцыд 2019 азы декабры мæйы. Куыд зонæм, афтæмæй дзы хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсе æмæ АИШ, ИНО, ЕÆÆО æмæ Евроцæдисы хъусдарджытæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.