Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады рæзтæн æххуыс бакæныны программæйы фæлгæтты Экономикон рæзты министрад дарддæр кæны амалиуæггæнджытæн консультацигæнæн куыст, кæцыты фæнды æрлæугæ азы бизнесы рæзтæн хатырон кредиттæ райсыны фæдыл конкурсы хайад райсын.

Кредит райсыны фæдыл конкурс уагъд æрцæудзæн, Парламент  2021 азæн Паддзахадон бюджет куы сфидар кæна, уæд, цыран æвæрд сты чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредиттæй ахъаз кæныны Фонды бюджеты æхцайы фæрæзтæ.

Амалиуæггæнджытæн сæ бон у бахатой Экономикон рæзты министрады амалиуæгад æмæ туризмы рæзты управленимæ ахæм адресыл В.Путины уынг, 5 (Типографы бæстыхайы 1 уæладзыг).

Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади ацы темæйыл дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, бизнес-консультацийы хуыз у хорз фадат специалисттимæ ныхас кæныны рæстæджы æруынаффæ кæнын бизнес-проектты фæдыл фарстытыл, æмæ уыдон скъуыддзаг кæнынæн эффективон варианттæ ссарынæн.

Зæрдыл лæууын кæнæм, «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгады субъекттæн хаты-рон кредиттæ радтыны фæдыл» Закъон ист æрцыд 2018 азы марты мæйы æмæ здæхт у кæцыдæр социалон проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ, ахæмтæ куыд уæлæмхас кусæгон бынæттæ саразын, цæрджыты куыстæй ифтонг кæныны æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, хъалонты гуырахст рауæрæхдæр кæнын æмæ æндæртæм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.