Экономикæйы реалон секторы рæзты фæдыл мадзæлтты комплекс реализаци кæныны фæлгæтты Экономикон рæзты министр дарддæр кæны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъектты хатырон кредиттæй сифтонг кæныны куыст.

Хицауады Сæрдары хæдивæг-Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат куыд банысан кодта, афтæмæй æввахс рæстæджы æнхъæлмæ кæсынц кредиттæ радтыны дыккаг этапмæ, кæцы æххæст цæудзæн 2018 азы чи нæ бахардз, уыцы æхцайы фæрæзтæй.

«Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредиттæ радтыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон, цыран бæрæг æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикæйы рæзты приоритетон здæхтытæ, фыццаг хатт скуыста 2018 азы. Уæд кредиты иумæйаг суммæ 21 милуан сомы райстой 49 амалиуæггæнæджы. 2021 азы хатырон кредитты суммæ фæфылдæр ис дыууæ хатты, æмæ уыд 49 милуан сомы. Ацы аз æхцайы фæрæзтæ 28 милуан сомы хицæн æрцыд 43 адæймагæн, льготон кредиттæ кæй хъуыд, уыдонæй.

Тадтаты Дзамболты ныхæстæм гæсгæ, хатырон кредиттæ райсыны дыккаг этапы куырдиæттæ ист фесты 5 июлы. Æдæппæт Экономикон рæзты министрадмæ æрбавдыстой 27 бизнес-проекты, кæцытыл дарддæр æруынаффæ кæндзысты кредиттæн ахъаз кæныны фонды Æвджидарты совет кредит радтыны уавæрты домæнтæ æххæст кæныны фæдыл.

Уымæй уæлдай ма, уый банысан кодта, зæгъгæ, закъонмæ гæсгæ, кредитон фæрæзты иумæйаг суммæйы 75 проценты здæхт у экономикон рæзты приоритетон фадгуытæм, сæйраджыдæр, арæзтад, хъæууон хæдзарады сæйраг фадгуыты продукци  бакусын æмæ реализаци.

Тадтаты Дзамболат куыд банысан кодта, афтæмæй ахсджиаг у хъусдарын, кредиттæ нысанмæздæхтæй хардз цæуынц æви нæ, æмæ æхцайы фæрæзтæ фæстæмæ раздахын сифтонг кæнын, кæцытæ ногæй хицæн æрцæудзысты амалиуæгадон æххуысæн.

Банысан кæнын хъæуы, 2018-2020 азты кредиттæ кæй райстой 157 амалиуæггæнæджы иумæйаг суммæ 76,5 милуан сомы. Уыдонæй 111 субъекты хъæууон хæдзарады фадыджы; 20 субъекты – арæзтады фадыджы; 16 субъекты – лæггæтты  фадыджы; 10 субъекты – базарады фадыджы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.