2020 азы паддзахад фæнд кæны  амалиуæггæнджытæн хатырон кредиттæ 200 мин сомы онг фæфылдæр кæнын.

Уый тыххæй фехъусын кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг, Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади ПТРК «Ир»-æн йæ интервьюйы рæстæджы.

Министры ныхæстæм гæсгæ, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æнæ цъынды ратгæйæ (залог), хатырон кредиты минималон суммæ уыдзæн 600 мин сомы, раздæры 400 мин сомы бæсты. Ацы фæндон уыд Парламенты профилон комитеты инициативæ.

Уымæй дарддæр ма Бекъойты Геннади банысан кодта, зæгъгæ, бизнес-секторы хæслæвæрдтæ ноджы эффективондæрæй аскъуыддзаг кæныны нысанæн чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредит радтыны тыххæй закъонмæ бахаст æрцыд ивындзинæдтæ.

«Мах бакуыстам хатырон кредиттæ дæттыны тыххæй закъоныл, астæуккаг амалиуæгады æмбарынадæй, афтæ ма хатырон кредиттæ дæттыны программæ реализаци кæныныл контроль фæтыхджындæр æмæ фæдырысдæр кæныны контролы функцитæ адихтæ кæнынимæ баст  техникон моменттæй йæ баххæст кæнгæйæ, куыд чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредиттæ дæттынæн ахъазгæнæг фонды ‘рдыгæй, афтæ фæрæзтæ чи дæтты, уыцы бангы ‘рдыгæй дæр», – загъта вице-премьер.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, бынæттон уавæртæм гæсгæ цы закъон ис, уый йæ тыхы бацæудзæн, Президент Бибылты Анатоли йыл йæ къух куы æрфысса, уæд. Уый фæстæ бацæттæ кæндзыстæм ног программæ, кæцы сбæрæг кæндзæн чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредиттæ дæттынæн ахъазгæнæг фонды архайд, ивындзинæдтæ йæм кæй бахастæуыд, уый бахынцгæйæ, уый фæстæ райдайдзысты исын куырдиæттæ, кæцытæм æркастæуыдзæн приоритетон фæткмæ гæсгæ: нырма уал хъæууон хæдзарады фадыджы, кондады, лæггæдты фадыджы бизнес-проекттæм, уый фæстæ та – базарады фадыджы бизнес-проекттæм

2020 азæн фонды бюджет уыдзæн 27 милуан 110 мин сомы, уый уыдзæн 2019 азы бюджетæй 3 милуан сомы фылдæр.

Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй депозитон фæрæзты хыгъдæй фидæн аз фонды бюджет  гæнæн ис  фæфылдæр уа 3 милуан сомы бæрц.

«Мах фылдæрæй фылдæр кæндзыстæм чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн ахъазгæнæг гуырахсттæ, уæрæхдæр кæндзыстæм  чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуысы хуызтæ, фонды фæрæзтæ куыд фылдæр кæной, уымæ гæсгæ. Закъонмæ цы ивындзинæдтæ бахастæуыд, уыдон бахынцгæйæ, гæнæн ис фæфылдæр уа амалиуæггæнджытæй хатырон кредиттæ кæй хъæуа, уыдоны нымæц, уый руаджы та фæактивондæр уыдзæн чысыл бизнесы рæзт æмæ йæ хай фæфылдæр уыдзæн хи æркæнгæ продукцийы  иумиаг гуырахст», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

2019 азы хатырон кредит дæттыны фонды куысты тыххæй та вице-премьер банысан кодта, зæгъгæ, æдæппæтæй лæвæрд æрцыд 59 хатырон кредиты.

«Иуæй-иу амалиуæггæнджытæ райтынг кодтой  сæ хъуыддаг, иннæ бизнес-проекттæ сты реализацийы алыгъуызон стадиты. Банг дæр æмæ амалиуæггæнджытæн æххуысы фонд дæр сæ хъус дарынц, цы кредиттæ радтынц, уыдон нысанмæздæхтæй куыд хардз цæуынц, уымæ. Æдзæсгом амалиуæггæнджыты ныхмæ та ист цæуынц санкцитæ», – банысан кодта вице-премьер.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.