«Хатырон уавæртыл кредиттæ радтыны фæдыл конкурсы хайад райсыны тыххæй документтæ ист цæудзысты 13 январæй 14 февралмæ», – фехъусын кодта Экономикон райрæзты министрады пресс-службæ. Ам куыд зæгъынц, афтæмæй цы документты номхыгъд æрæмбырд кæнын хъæуы, уый тыххæй информаци ныммыхуыр кодтой РХИ-йы хицауады сайтыл. Науæд та лæмбынæг æмæ бæстондæр информаци райсæн ис Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты, кæцы ис В. Путины уынгыл 4-æм хæдзары Типографы агъуысты 1-æм уæладзыджы.

Хицауады пресс-службæйы сæргълæууæг Дзуццаты Тамарæ куыд зæгъы, афтæмæй амалиуæгад кæнынæн бизнес-плантæ кæмæ ис æмæ уæлбар кредиттæ райсыны тыххæй йæ документтæ чи бацæттæ кодтой уыдон сæ хъуамæ бавдисой РХИ Экономикон райрæзты министрадмæ. Министрады къамис конкурсы хуызы æвзардзæнис хуыздæр бизнес-проекттæ. Куыд зонæм, афтæмæй 2019 аз декабры мæйы хатырон уавæртыл  кредиткæнынады фæдыл закъоны æрцыд ивындзинæдтæ, кæцымæ гæсгæ бæрæг фæхуымæтæгдæр кодтой кредиткæнынад.

Ацы закъон нæ республикæйы архайы 2018 азæй. Уæд  парламенты чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн хатырон уавæрты кредиткæнынады фæдыл райста закъон, кæцымæ гæсгæ паддзахадон бюджеты æфтиæгты 2% хицæн æрцыд ацы фадыджы архайæг амалиуæгады минæвæрттæн кредитон фæрæзты хуызы. Уыцы закъонмæ гæсгæ 2018 аз кредиттæ лæвæрд æрцыд 49 амалиуæггæнæгæн.

«Фонды иумæйаг æфтиæгтæ уыдысты 22,3 милуан сомы, уыдонæй 21,6 милуан сты, паддзахадон бюджетæй цы фæрæзтæ рахицæн æрцыд, уыдон. Иннæ 767 милуан сомы та сты проценттæ, кæцытæ райстой кредитон организациты депозиттыл сæвæрынæй», – зæгъы Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты сæрдар Тъехты Алан.

2018 азы конкурсон къамис хорзыл кæцы проекттæ банымадта, уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты хъæууон хæдзарады чи архайдта, ахæм 39 фермеры. Фæйнæ æртæ – базарад æмæ сæудæджерады фадыджы æмæ цыппар та æхсæнадон лæггæдты фадыджы.

2019 азы та хатырон уавæртыл кредиткæнынады фонды советмæ бацыд 150 куырдиаты. Уыдонæй та къамис равзæрста 52 проекты. Кредиттæ кæмæн радтой, уыдон фылдæр хай та ацы хатт дæр уыдысты хъæууон хæдзарады бизнесы проекттæ. 2019 азы ма Хицауады амындмæ гæсгæ хъæууон хæдзарады комитеты бындурыл арæзт æрцыд цæстдарæн къамис, кæцы бакуыста кредиттæ фæстæмæ раздахыны механизмыл. Уыдон лæмбынæг сæ цæст дардтой цы фæрæзтæ лæвæрд æрцыд, уыдонæй куыд пайда цæуы, уымæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.