Цалынмæ мæ уац фыссын райдыдтон, уæдмæ мæ уацы хъайтары тыххæй аныхас кодтон, ахуыргæнæгæй кæм кусы, уыцы сколайы ахуыргæнджытæ æмæ разамонджытимæ. Уыдон се ‘ппæт дæр банысан кодтой, зæгъгæ, «Республикæ Хуссар Ирыстоны Сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном райсыны аккаг æнæмæнг уыд не скъолайы географийы ахуыргæнæг Санахъоты Иринæ.

Иринæ райгуырд æмæ схъомыл нæ горæты. Цхинвалмæ цахæм ахаст дары, цæй бæрц æй уарзы, уый тыххæй, мемæ ныхас кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, адæймагæн йæ фыдæлтæ, йæ адæм кæм цæрынц, фыццаг къахдзæфтæ кæм акæны, уыцы бынат, уыцы бæстæ куыд нæ хъуамæ уарзай. Иринæ сабибонтау абон дæр уарзы йæ горæт, уæдау ын ныр дæр адджын сты йæ уынгты тезгъо кæнын, фæстаг рæстæджы дзы цы бирæ хорз æмæ рæсугъддзинæдтæ сырæзт, уыдон уынын.

Иринæ каст фæцис дыккæгæм астæуккаг скъола. Куыд фæзæгъынц,  æппæтмæ дæр уыд рæвдз ахуыргæнинаг. Йæ урокты  Иринæ никуы базивæг кодта скъолайы алыгъуызон мадзæлты хайадисынмæ.

Ноджы дæр ма йæ зæгъон, Иринæ скъолайы нымад уыд хорз ахуыргæнинагыл, æдзæттæйæ иунæг предметæй дæр нæ цыд скъоламæ, фæлæ уæддæр фылдæр цы предметтæ уарзта, уыдон уыдысты истори æмæ географи. Уарзын та йын сæ бакодтой истори æмæ географийы ахуыргæнджытæ Дзæгъиаты Верæ æмæ Бекъойты Светланæ. Йæ ахуыр дарддæр цы дæсныйадыл акæндзæнис, уый та нæ аскъуыддзаг кодта скъолайы фæудмæ. Бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты географийы факультетмæ æмæ йæм цы бирæ хорз миниуджытæ æмæ зонындзинæдтæ уыд,  уыдон бирæбæрцæй фæдывæр æмæ фæхуыздæр кодта. Йе ‘мкурсонты æмæ лекторты ‘хсæн йæхицæн хорз кад кæй скодта, уый ма бæрæг у уымæй дæр æмæ цалдæр хатты æвзæрст кæй æрцыдис курсы старостæйæ.

Инситуты фæстæ Иринæ æгуыст бирæ рæстæг нæ баззад. 2001 азы кусынмæ бацыд Цхинвалы 12-æм астæуккаг сколамæ æмæ уæдæй абонмæ цæсгомджынæй æххæст кæны йæ комкоммæ хæстæ, сколамæ хауæг æндæр æхсæнадон хъуыддæгтæ дæр. Куыстмæ йæ хорз ахаст æмæ æнтыстыты хабар айхъуыст нæ республикæйы ахуырады кабазыл. Йе ‘нтыстытæ йын фехъуыстой, астæуккаг ахуырдзинад кæм райста, уыцы 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ дирекци. Бæргæ йæм бахатыдысты, цæмæй сæм бацæуа кусынмæ, фæлæ нæ бакаст сæ коммæ. Уымæн æмæ цы коллективмæ бацыд, цалдæр азы кæимæ кусы, уыдон æй афтæ хорз райстой, афтæ йæ бауарзтой æмæ сын сæ уыцы ахаст æмæ уарзт мацæмæ æрдардтаид, уый йæм раст нæ фæкаст.

Иринæ йæ зонындзинæдтæ сывæллæттæн рæдауæй амоныны фæрцы, уæ-рæх фæндæгтæ скодта йæ ахуыргæнинæгты зæрдæтæм. Уæлдай тынгдæр та йæ бауарзтой къласы æмæ къласы алыварс цы тематикон къуымтæ сарæзта, уыдон тыххæй. Уымæн æмæ ахуыргæнинæгтæн æппæт бартæ дæр фæдæтты, цæмæй алыгъуызон къуымтæ арæзт цæуой, уыдон цы фæндæттæ æмæ хъуыдытæ фæзæгъынц, уыдонмæ гæсгæ. Уæлдай цымыдисондæр сын рауадысты «Скифы, Сарматы, Аланы, Осетины», «Мæ райгуырæн бæстæ мæ Ирыстон», «Дидин æфтау Ирыстон», «Хра-мы Южной Осетии», «Горные вершины» æмæ æндæр тематикон къуымтæ.

Иринæ ма йæ ахуыргæнинæгты хорз бацæттæ кæны æмæ хайад райсы алыгъуызон мадзæлттæ æмæ конкурсты. Ахæм мадзал ауагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны Урæсейы минæварады. Конкурсы темæ «Россия в истории моего края»-йы Иринæйы бацæтæгонд ахуыргæнинаг Пухаты Ирэна бацахста фыццаг бынат. Цæгат Ирыстоны, «Колиевские чтения»-йы та 9-æм къласы ахуыргæнинаг Къодоты Андрей дæр равдыста хорз цæттæдзинад æмæ райста аккаг хорзæх. «Моя родовая башня»-йы архайæг Хæбæлаты Арсен та хорзæхджын æрцыдис Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министрады фыццаг къæпхæны дипломæй.

Уымæй дарддæр ма Иринæ йæ ахуыргæнинæгты акæны æмæ сæ базонгæ кæны Ирыстоны историон æмæ фендтаг бынæттимæ. Уыдысты Чеселты хъæуы æмæ сын гом арвы бын урок ауагъта Коцты Бегайы цард æмæ архайды тыххæй. Цъоны уæвгæйæ та Иринæ йæ ахуыргæнинæгты базонгæ кодта Бубы лæгæты историимæ. Скъолайы ма Иринæйы хъæппæрисæй конд æрцыдис географион кружок «Барс» æмæ хайадисджыты зонындзинæдтæ бирæ фылдæр сты иннæ ахуыргæнинæгтæй.  

Кæд Иринæимæ мæ ныхас дæргъвæтин нæ уыдис, уæддæр рахатыдтон  скъола, уроктæ æмæ ахуыргæнинæгтæй дарддæр ма йæ тынг кæй æндавы æхсæнадон цард дæр. Ныртæккæ та – дунейы бæстæты коронавирус кæй апарахат æмæ стыхджын, уый. Уыимæ стыр ныфсы æнкъарæнтимæ загъта, зæгъгæ, низæн тагъд æрцæудзæнис кæрон æмæ та адæм сæ цард кæндзысты, нырмæ йæ куыд кодтой, афтæ – æнæниз æмæ амондджынæй.

Скъолатæ дæрццæгмæйон ахуыртæм кæй рахызтысты, уый тыххæй та банысан кодта, зæгъгæ, у рæстæгмæ хъуыддаг, фæлæ абон æндæр хуыздæр фадат нæй. Ахуырад æмæ зонады министр Президенты раз цы фарст сæвæрдта, зæгъгæ, райдиан кълæстæ ахуыр кæнæт, нырмæ куыд ахуыр кодтой, афтæ, уый дæр Иринæ нымайы растыл. Ист кæй æрцыдис, уый та йын уыд æхсызгон. Уымæн æмæ ахæм кары сывæллæттæн зын уыдзæнис нырыккон электроифтонггæрзтимæ архайын.

Йæ дæсныйадмæ йын ахæм æнувыд ахаст кæй ис, йæ уыцы ахаст æмæ æнтыстыты тыххæй йæ схорзæхджын кодта æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатоли «Республикæ Хуссар Ирыстоны Сгуыхт ахуыргнæг»-ы кадджын номæй.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.