Къамисæджы династи

Мах, журналисттæ сахуыр стæм спорты кæнæ аивады æнтыстытæ кæмæн ис, уыдоныл фыссын, бæрзонд бынæттæ чи ахсы, кæнæ чи фесгуыхы, уыдон кой кæнын, стæй ма йæ къухæй йæ риу чи хойы, ома, æз дæн æз дæн! Кæнын чи уарзы, уыдонæй дæр хъæбатыртæ разыны.

Хатт раппæлыны аккаг чи вæййы, ахæмтæ нæ фарсмæ, не ‘хсæн хуымæтæг адæмæй дæр кæй ис, ууыл æууæндын нæ нæ фæфæнды. Мæ зонгæ мын иуахæмы, зæгъгæ, цæуылнæ фыссыс мæнæ Убоженкоты бинонтыл. Æз дæр бацымыдис кодтон зæгъын кæм фесгуыхтысты, цы сарæзтой ахæмæй, цæмæй йæ газеткæсæджы размæ рахæссон.

…Убоженкоты фотостуди ныр дæр 50 азы размæ куыд уыд, афтæ ис нæ горæты 8-æм июны уынгыл. Фæлæ æрдæг æнусы размæ иу кæд студийы раз радтæ уыд, уæд ма ныр сæ къæсæрæй боны мидæг бахизы 5-10 адæймаджы. Æнæуи та Хуссар Ирыстоны къам исыны истори комком-мæдæр баст у Убоженкойы бинонтимæ. Суанг районты æмæ дæрддзæф хъæуты цæрджытæ дæр къам исынмæ цыдысты ардæм. Владимир Убоженко бинонты хистæр арæх цыд хъæутæм, цæмæй алкæмæн дæр уа уавæр йæ къам кæимæ йæ фæнды, уыимæ сисынæн. Æмæ-иу æм куыд æн-хъæлмæ кастысты йе ‘рбацыдмæ! Хистæр кары адæмæй искæйы куы афæрсай, уæд уайтагъд æрхъуыды кæнынц Владимир Убоженкойы, сæ зæрдыл дарынц йæ æртæкъахон къамисæнимæ-иу куыд зылд Ирыстоны къуымты. Уый фотоаппараты объективы бахаудысты мингай адæймæгты хуызтæ, бæстыхæйттæ, административон уагдæттæ æрдзы нывтæ. Цыфæнды хъуыддагон гæххæттытæн дæр къам исынмæ сæрмагондæй Владимир Убоженкойы агуырдтой.

Убоженкотæ  Ирыстонмæ куыд æмæ цы гъдауæй æрхаудысты, уый тыххæй нын сæ чындзытæй сæ иу Людмилæ афтæ радзырдта «Ивгъуыд æнусы 30-æм азты мæ бинонтæ цардысты Уæрæсейы. Советон хицауад куы æрфидар, уæд бинонты банымадтой кулактыл æмæ сын сæ мулк байстой. Уæд, уыдон сæхи æфхæрдыл банымадтой æмæ рафтыдысты Кавказмæ. Сæ зæрдæмæ цæрынæн фæцыд Хуссар Ирыстон æмæ дзы æрбынат кодтой. 1938 азы Владимир Убоженко кусын райдыдта Цхинвалы горæты къамисæгæй».

Фæстæдæр фыды дæсныйадыл ныххæцыд йæ фырт Николай дæр, фæлæ уæдмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Убоженкоты къамисыны хъуыддаг дæр рæстæгмæ фæкъуыхцы. Владимирæн йæ сывæллæттæ Лидия æмæ Николай ацыдысты хæстмæ. Хъыгагæн, чызг хæсты быдырæй нал æрыздæхт, æбæрæгæй фесæфт. Николай æрыздæхт фронтæй æмæ та фыдимæ адарддæр кодтой сæ архайд. Бантыст сын Цхинвалы фыццаг фотостуди бакæнын. Студийы  уыд иунæг хъæдын бандон къулыл – фонæн урс хъуымац, кæсæны раз хъуынтæ алæгъз кæнынæн сæрвасæн. Уæд былысчъилтæ ничи кодта, ома, иумæйаг сæрвасæнæй мæ сæр куыд хъуамæ æрфасон. Николай ма уæд куыста ирон газеты фотоуацхæссæгæй дæр.

Ныр дæр уыцы фотостудийы кусынц Убоженкоты фæлтæр – Людмилæ æмæ Татьянæ Убоженко. Людмилæ куыд зæгъы, афтæмæй раздæрау арæх нал цæуынц адæм къамтæ исынмæ. Ныр фæзынд смартфонтæ æмæ сæ къамтæ дæр уымæй сисынц. Уæд, дам, иу студийы къæсæрыл æгас бинонтæ æрбалæууыдысты. Фæлæ нæм ныр фылдæр цæуынц паспорт æмæ æндæр документтæн къамтæ куы бахъæуы, уый тыххæй.

Ацы дæсныйадыл хæст у Владимиры иннæ фырт Васили дæр. Къамисæджы дæсныйадмæ цы-мыдис кæнынц ацы бинонты кæстæр фæлтæр дæр. Ныр студи рæстæджы цыдимæ цадæггай йæ хуыз ивын райдыдта. Студийы фæзынд алыгъуызон атрибуттæ. Сабитæн дзы ис аргъæутты пер-сонажтæ, мотороллертæ. Раздæрау къаммæ æнхъæлмæ кæсын нал хъæуы дыууæ æртæ бон. Сахат кæнæ æрдæг сахатмæ дæ къам цæттæ. Ныртæккæ студийы кусынц Владимир Убоженкойы цоты цыппæрæм фæлтæр, кæрæ-дзийы ивынц дыууæ æфсымæры зæнæг. Къамисджытæй сæ иу Еленæ Убоженко зæгъы, зæгъгæ, раздæрау кæд бирæ адæм нал цæуы Убоженкоты студимæ уæддæр куыстæй райгонд у. «Архайæм гъæдджын æрмæг æлхæныныл, цæмæй къам бирæ фæлæууа. Ныртæккæ бирæ æрмæг уæййаг ис, фæлæ уыдонæй къамæн цалдæр азы фæстæ йæ хуыз фесæфы. Мах æлхæнæм япойнаг æрмæг, мæ бон у фидарæй зæгъын ахæм къам 50 азы дæр кæй фæлæудзæнис».

Мах цымыдис кодтам Убоженкоты династи хъавы æви нæ нырыккон фотостуди аразынмæ, фæлæ нын бинонты кæстæр Вова куыд загъта, афтæмæй куыддæр рæстæг æрдома уыцы ногдзинад, афтæ уыдон дæр ног студи сараздзысты. «Сæйраг хорз уавæртæ не сты, махмæ ис ахæм лæггæдтæ, кæцытæ Цæгат Ирыстон-Аланийы дæр зынтæй ссардзысты. Махмæ реставраци цæуы зæронд къамтæ нæ бон у хицæн къамтæй бинонтæн иумæйаг къам саразын. Рауагъдонтæн аразæм гъæдджын альбомтæ дæр. Чизоны персоналон студи саразыныл та бакуса нæ бинонты иннæ фæлтæр…», – зæгъы Вова Убоженко.

                                                                                                                                                УАЗÆГТЫ Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.