Тагъд Цæгат Ирыстоны ахæстæтты скусдзысты товартæ уадзыны цалдæр куыстуаты. Уыдон уыдзысты алыхуызон дзаума хуыйджыты цехтæ, дзабырхуыйджыты æмæ къухмийы дæсныты æрмадзтæ, хъæдæрмæджы куыстуат æмæ æндæртæ. Уый тыххæй бадзырд бафыстой республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис æмæ Федералон службæйы Æфхæрдтытæ æххæстгæнæг управленийы хицау Владимир Моравец.
Бадзырды нысан у, фыдракæндтæ чи сарæзта æмæ сындз-джын телы мидæг йæ цард чи ‘рвиты, уыдоны æргом куыстмæ раздахын, исты дæсныйад сын раттын, сæ мызды иу хай сын уромын æмæ уымæй бюджеты хæрдзтæ фæрогдæр кæнын. Цæмæй, исты бæлвырд дæсныйад райсгæйæ, ахæстонæй чи ссæрибар уа, уый царды æнцондæрæй йæ бынат ссара.
Фæлæ, Моравец куыд банысан кодта, афтæмæй бадзырдæн тынгдæр ис социалон нысаниуæг. Ахст адæймæгты куыстыл бафтаугæйæ, уыдон сæхи банкъардзысты æхсæнады хъæугæ хай æмæ уый хуыздæрырдæм сахаддзæн сæ удыхъæд, сæ психикæйыл. Уый фидæны бирæты сараздзæн раст фæндагыл.

ГОРÆТÆН – НОГ ФОНТАНТÆ
Хистæр фæлтæрæй чи нæ хъуыды кæны, советон дуджы Дзæуджыхъæуы уынгты цы бирæ чысыл фонтантæ уыд, уыдоны. Уыдон уыдысты алы къахдзæфæн æвæрд. Метры бæрзæнд бетъон къæйæ чысыл хæтæлтæй хæрдмæ калди сыгъдæг нуазыны дон æмæ алкæмæн дæр йæ бон уыд йæ дойны басæттын бынтон лæвар. Ныртæккæ та уыцы бынæтты киоскты хуымæтæджы нуазыны дон дæр хъæуы æлхæнын.
Ныр Дзæуджыхъæуы разамынд рахаста уынаффæ, Хетæгкаты Къостайы номыл улæфæн парчы реконструкцийы фæлгæтты, уыцы традици сног кæнын. Уый фæдыл райдыдтой цæттæгæнæн куыстытæ. Пъланмæ гæсгæ уал райдайæны æвæрд æрцæудзысты фондз чысыл фонтаны, иннæтæ – фæстæдæр. Уыдонæй æртæ æвæрд æрцæудзысты Сабырдзинады проспекты. Уый стыр лæвар уыдзæн Дзæуджыхъæуы цæрджытæн. Организатортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы арфæйаг хъуыддаг хъуамæ арæзт фæуа ацы мæйы кæронмæ.
                                                                                                 Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.