2024 азы ӕрлӕудимӕ историктӕ, политиктӕ ӕмӕ профилон эксперттӕ бӕттынц масштабон цаутӕ, кӕцытӕ бандавдзысты ӕгас дунейыл. Фӕлӕ хорзӕрдӕм ӕви ӕвзӕрæрдӕм, уый нырма бӕрӕг нӕу. Цы ахсджиаг хабӕрттӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ацы аз.

Æвзæрстытæ

Ацы аз президентон ӕвзӕрстытӕ уыдзысты Уӕрӕсейы ӕмӕ АИШ-ы, Гуырдзыстоны та – парламентон ӕвзӕрстытӕ. Украинӕйы дӕр ацы аз хъуамӕ уыдаиккой президентон ӕвзӕрстытӕ, фӕлӕ Зеленский ӕппӕт ӕвзӕрстытӕ аргъӕвта хӕстон архӕйдтыты ӕфсон. Президентон, парламентон ӕмӕ ма бынӕттон ӕвзӕрстытӕ Украинӕйы нӕ ауадздзысты, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, адӕм сыл се ‘ууӕнк кӕй нал бафтаудзысты. Ӕвзӕрстытӕм куы ничи бацӕуа украинаг ӕмбӕстӕгтӕй, уӕд европӕйаг «демократи» ныххудинаг уыдзӕн.

Уӕрӕсейы президентон ӕвзӕрстытыл куы дзурӕм, уӕд ӕй алчидӕр ӕмбары, уым Путинӕн конкурент нӕй. Афтӕмӕй та ныгуылӕн бӕстӕты бӕллиц у Путины фембылд. Уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕуы алыгъуызон провокацитӕм. 15-17 марты президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы уыдзӕн ӕндыгъд уавӕр Уӕрӕсейы, не ‘взӕрмӕбӕлджытӕ араздзысты алцыдӕр, цӕмӕй не ‘хсӕнад схӕццӕ уа.

5 ноябры АИШ-ы дӕр равзардзысты ног президент. Развӕлгъау политикон партиты ‘хсӕн ӕвзӕрстыты уавӕрмӕ гӕсгӕ ныридӕгӕн рамбулид раздӕры президент Дональд Трамп. Фӕлӕ Джо Байден ӕмӕ йӕ командӕйы фӕнды дарддӕр хицауиуӕг кӕнын ӕмӕ алы амӕлттӕй архайынц Трампы счъизи кӕныныл. АИШ-ы историйы Джо Байден ссис иууыл ӕнӕуынондӕр президент, нымайынц ма йӕ паддзахадӕн иууыл тӕссагдӕрыл.

Экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ америкӕйаг президентон ӕвзӕрстытӕ ныридӕгӕн нымад цӕуынц иууыл чъизидӕрыл. Гӕнӕн ис, ӕмӕ Трамп ӕвзӕрстыты хайад райса ахӕстоны бадгӕйӕ ӕмӕ ахӕм цау дӕр историйы фыццаг хатт ӕрцӕудзӕн. Ӕвзӕрстагъоммӕйы хабӕрттӕм гӕсгӕ АИШ-ы разамынад ӕмӕ хъомысджын политиктӕ ӕрмӕстдӕр кӕнынц кӕрӕдзи дӕлдзиныг кӕныны куыст, коррупцийы бын фесты. Ӕмӕ афтӕмӕй та сӕхи иууыл демократондӕр паддзахадыл нымайынц. Чи фӕнды куы рамбула, уӕддӕр ног президентӕн уыдзӕн тынг бирӕ кусинӕгтӕ – Китай ӕмӕ Уӕрӕсеимӕ бахъӕудзӕн ахастытӕ фӕхуыздӕр кӕнын, Украинӕйы хӕсты фӕдыл хъӕудзӕн истӕуыл бадзурын, стӕй ма сӕм миграцион кризис афтӕ уӕззау уавӕры ис ӕмӕ сӕ мидӕггагон хӕстмӕ бирӕ нал хъӕуы.

Тӕссаг ма у ноджы иу хӕстӕй

Ацы аз Китай, гӕнӕн ис ӕмӕ Тайваны сакъадахы сфӕнд кӕна сӕрмагонд ӕфсӕддон операци саразын. Тайвань ӕмӕ йӕ алыварс сакъадахтӕ кӕд абоны бон Китай нӕ контроль кӕны, уӕддӕр сӕ йӕ территоритыл нымайы ӕмӕ йын сӕ ныгуылӕн бӕстӕтӕ та АИШ-ы сӕргълӕудӕй хъавынц байсынмӕ. Рагӕй фӕстӕмӕ ацы сакъадахты цардысты китайӕгтӕ. 1895 азӕй 1945 азы онг уыдысты Японы дӕлбар. Стӕй Китайы райдыдта мидӕггагон хӕст ӕмӕ абоны онг Тайвань йæхи нымайы хӕдбар паддзахадыл.

Ацы хъуыддаджы Тайванӕн егъау ӕххуыс бакодтой АИШ – ифтонг ӕй кодтой финанстӕй ӕмӕ ӕхсӕнгарзӕй. Бирӕтӕ афтӕ ӕнхъӕлынц ӕмӕ Тайваны цӕрджыты фӕрныгад ӕрмӕстдӕр сӕхи тыхы фӕрцы схызт ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзадмæ. Фӕлӕ лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд АИШ бирӕ азты дӕргъы Тайваныл хардз кодта егъау ӕхцайы фӕрӕзтӕ, сӕндидзын сӕм кодта бӕрзондтехнологон экономикӕ. Ӕппӕт ацы хӕрдзтӕ бакодта Китайы фыдӕнӕн. Ныр та йӕ фӕнды, цӕмӕй Украинӕйау тайвайнӕгтӕ дӕр хъахъхъӕной америкӕйаг геополитикон интерестӕ. Ома, хӕсты руаджы Китай зиӕнттӕ баййафдзӕн ӕмӕ ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн. АИШ-ӕн та Китай нымад у иууыл тӕссагдӕр ныхмӕлӕууӕгыл ӕгас дунейы.

БРИКС

Ацы аз Уӕрӕсе сӕрдариуӕг кӕны БРИКС-ы. Уыимӕ ма иумӕ 1 январӕй БРИКС-ы уӕнгтӕ фӕфылдӕр сты 10 онг. Уыдаиккой 11 паддзахады, фӕлӕ Аргентинӕйы ног президент Хавьер Милей йӕ фӕнд фӕивта америкæйаг кураторты «ӕххуысӕй». Фӕлӕ Милейы фӕндивд кардиналонӕй ницӕуыл бандавдзӕн. Аргентинӕ нымад у лӕмӕгъ паддзахадыл, йӕ экономикӕйыл афӕлгӕсгӕйӕ та йӕ схонӕн ис банкрот-бӕстӕ.

Экономистты хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы аз БРИКС-ы уӕнгтӕ Уӕрӕсейы сӕргълӕудӕй райсдзысты эффективон мадзӕлттӕ доллары ныхмӕ. Ацы организаци фӕтыхджындӕр ис хъомысджын Иран ӕмӕ Саудаг Ара-вийы фӕрцы. Америкӕгтӕ тынгдӕр ууыл мӕсты кӕнынц ӕмӕ сӕ раздӕры ӕмцӕдисон Саудаг Арави, сӕ фӕуагъта ӕмӕ сӕ цыфыддӕр знӕгты ӕмрӕнхъ алӕууыд. Ныр фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ ныгуылӕн бӕстӕтӕ раздӕрау, нал ӕндавынц дунеон политикӕ ӕмӕ экономикӕйыл. Ӕгӕрыстӕмӕй, сӕ бирӕ ахсджиаг хъуыддӕгтӕ аскъуыддзаг кӕныны рӕстӕджы фӕрсгӕ дӕр ничи ницӕмӕй уал бакӕндзӕн. Ахӕм сценарийыл 2-3 азы размӕ ахъуыдыгӕнӕн дӕр нӕ уыд, сæнттæ цæгъдыны æмрæнхъ æй  банымадтаиккой.

НАТО ӕмӕ Евроцӕдисӕн дӕр азы кӕрон равзардзысты ног хистӕртӕ

Европӕ Уӕрӕсемӕ кӕй нынныхмӕ ис ӕмӕ украинаг фашистон режимæн сусӕг-ӕргомӕй кӕй ӕххуыс кæнынц, уый сыл ныр ӕндавын райдыдта. Европӕйы алы горӕтты уынӕм змӕстытӕ, адӕм растадысты сӕ разамынады ныхмӕ ӕмӕ сӕ аххосджын кӕнынц сӕ мӕгуырдзинады. Сӕ лидертӕй кæйдæрты бӕргӕ фӕнды адӕмы пайдайӕн кусын, фӕлӕ сӕ бон нӕу – иууылдӕр сты АИШ-ы дӕлбар. Хӕдбар политикӕ ма дзы уадзынц Венгри, ӕмӕ Словаки та сӕ ног премьер-министр Роберт Фицойы разамындæй.

Евроцӕдисы комиссар Урсула фон дер Ляйен афтӕ хорз ӕххӕст кодта АИШ-ы хӕслӕвӕрттӕ ӕмӕ дзы бынтондӕр ферох сты европӕйаг цӕрджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕуынон ссис алкӕмӕндӕр. Уымӕй уӕлдай ма израилаг-палестинаг конфликты дӕр ӕргомӕй рахӕцыд Израилы фарс ӕмӕ йын ацы хъуыддаг ноджы йӕ кад дӕлӕмӕ ӕрӕппӕрста. Уымӕ гӕсгӕ азы кӕрон, ӕвӕццӕгӕн, Евроцӕдисӕн уыдзæн ног сӕргълӕууӕг. Уӕрӕсейӕн уӕлдай нӕу, кӕй равзардзысты Евроцӕдисы сӕргълӕууӕгӕй, куыд фӕдзурынц – «бирӕгътӕ – иууылдӕр къуыбырхъустӕ». Ӕгӕрыстӕмӕй, Венгрийы президент Виктор Орбаны куы снысан кӕной Евроцӕдисы хистӕрӕй, уӕддӕр ӕй йӕхи бар кусын ничи бауадздзӕн, ӕххӕст кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр кӕйдӕр хӕслӕвӕрдтӕ. АИШ-ы саразгӕ политикон системӕ нырма хорз кусы Европӕйы.

НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенбергӕн йӕ ӕххӕстбартӕ ныр дыууӕ хатты адарддӕр кодтой ӕмӕ йӕ фӕззӕджы ӕнӕмӕнг ссӕрибар кӕндзысты йӕ бынатӕй. Столтенбергӕй дӕр райгонд сты АИШ, йӕ разы лӕууӕг хӕстӕ «цӕсгомджынӕй» сӕххӕст кодта. Ома Европӕйы экономикӕ ракӕнын кодта хӕстон уавӕрмӕ, йӕ бӕстӕтыл ын сӕвӕрын кодта фылдӕр хъалон ӕфсӕддон хӕрдзтæн ӕмӕ сӕ дарддӕр цӕттӕ кӕны Уӕрӕсеимӕ схӕцынмӕ. Йӕ бынатмӕ фыццаг кандидат у Урсула фон дер Ляйен. Ахӕм иузӕрдион кусӕджы АИШ ӕгуыстӕй нӕ ныууадздзӕн.

Олимпиадӕ

Сӕрды Парижы ауадздзысты радон Олимпион хъӕзтытӕ. Фыццаг хатт олимпион хъӕзтыты хуызтӕм хаст ӕрцыд брейкинг, кӕнӕ ма йӕ хонынц брейк-данс дӕр. Уӕрӕсейаг спортсменты та нӕ бауагътой ацы ерыстӕм, ӕрмӕстдӕр дзы иуæй-иутæ хайад исдзысты нейтралон статусы.

Ацы аз цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм

Куыд уынӕм, афтӕмӕй Дунеон Олимпион комитеты сӕргълӕуджытӕ спортивон функционертыл нымад нал сты, фӕлӕ систы политиктӕ ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ. Рагӕй фӕстӕмӕ Олимпион хъӕзыттӕ ӕнгом кодтой адӕмты, сӕ фӕрцы-иу бафидыдтой знӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ абоны бон Дунеон Олимпион комитеты сӕргълӕуджытӕ уыцы принциптӕ иуварс айстой ӕмӕ ма ӕрмӕстдӕр фӕлитойдзинадыл ныххӕцыдысты. Ацы хъуыддаг хауы ӕрмӕст Дунеон Олимпион комитетмӕ нӕ, фӕлӕ ма ФИФА, УЕФА ӕмӕ ӕндӕр спортивон организацитӕм дӕр.

Олимпиадӕйы бӕсты сентябры мӕйы Уӕрӕсейы фыццаг хатт ауадздзысты ерыстӕ «Всемирные игры дружбы». Дзӕвгар спортсментӕ сразы сты ацы ерысты хайад райсыныл ӕмӕ, уый фехъусгæйæ, фӕсарӕнтӕй ӕртхъирӕнтӕ кӕнын райдыдтой Уӕрӕсемӕ, ома ӕнӕзакъонон ерыстӕ уыдзысты. Ӕвӕццӕгӕн тӕрсынц, Олипиадӕйӕ хуыздӕр ӕмвӕзадыл куы ацӕуой ерыстӕ ӕмӕ се ʻдзӕсгом митӕ хурмӕ куы ракӕлой, уымӕй.

Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.