11 январы æхсæвыгон АИШ æмæ Стыр Британи ракетæтæй æхстой Йемены территори. Растдæр та, хӕстон къорд «Ансар Алла», кæцы территоритæ контроль кæнынц, уырдæм.  Ацы хӕстон къорды ма хонынц «хуситтӕ» дӕр, сӕ къухдариуӕггӕнӕг Хусейн аль-Хусийы номӕй, кӕцы фӕмард 2004 азы. Хӕстон къорды ног сæргълæууæг ссис аль-Хусийы ӕфсымӕр.

Æфсæддон операцийы АИШ-ы гарзджын тыхтæй хайад райстой хӕстон наутæ, дæлдондзог бӕлӕгътæ æмæ авиацион къорд. Стыр Британийæ та – цыппар куынæггæнæг хæдтæхæджы æмæ иу та æртагæй ифтонггæнæн хæдтæхæг, кæцытæ стахтысты Кипры территорийæ бритайнаг авиабазæйæ. Алыварсон æфсæддон æххуыс ма сын бакодтой Австрали, Бахрейн, Канадæ æмæ Нидерландтæ. Ӕфсӕддон операцийыл командӕ кодта АИШ-ы Хъахъхъӕнынады министр Ллойд Остин, кӕцы ныридӕгӕн хуыссы госпиталы æмæ уырдыгæй хæслæвæрдтæ лæвæрдта йæ дæлбар æфсæддонтæн.

Фæстæдæр куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй куынӕг ӕрцыдысты 60 ӕфсӕддон объектӕй фылдӕр – командон пункттӕ, хӕстон ӕрмӕджыты скъладтӕ, ӕхсӕнгарзаразӕн заводтӕ, аэродромтӕ, радиолокацион системӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм вазыгджын объекттӕ. Уый фӕстӕ дӕр ма Йемены территоримæ ауагътой цалдӕр егъау ракетӕйы ӕмӕ АИШ-ы ӕфсӕддон къухдариуӕгад куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ахӕм «ныхкъуырд» хуситтӕн дарддӕр дӕр дӕтдзысты. Ракетон ныббырсты рӕстӕджы фӕмардысты фондз йеменаг хӕстоны. Хуситтӕ бартхъирӕн кодтой сæ маст райсынæй АИШ-мӕ ӕмӕ иннӕ бӕстӕтӕм, кӕцытӕ ахъаз уыдысты ракетон ныббырст саразынæн. Уӕлдайдӕр та смӕсты сты арабаг бӕстӕтӕм, кӕцытӕ сӕ сӕрты тӕхыны бар радтой знӕгты хӕдтӕхджытӕн ӕмӕ ракетӕтӕн. Персы донбакӕлӕны бӕстӕтӕй ӕрмӕстдӕр Оман бар нӕ радта америкæйаг ӕмӕ бритайнаг ӕфсӕддон хӕдтӕхджытӕн сӕ сӕрты атӕхынӕн.

Цӕмӕн ныббырстой Йеменмӕ?

АИШ ӕмӕ йӕ сателиттӕ Йеменмӕ ныббырсынӕн рагӕй агурынц ӕфсон, хъавынц хуситты скуынӕг кӕнынмӕ. Уымӕн ӕмӕ сӕ коммӕ нӕ кӕсынц, стыр зиӕнттӕ сын хӕссынц ӕмӕ сыл ӕнӕууӕнк паддзахады ном ӕвӕрынц. Сектор Газайы ӕрцӕугӕ цауты фӕстӕ сӕ ахастытӕ ноджы февзӕрдӕр сты. Хуситтӕн сӕ бон комкоммӕ баххуыс кӕнын нӕу палестинӕгтӕн ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн Баб-эль-Мандебаг донкъубалы райдыдтой израилаг ӕмӕ Израилимӕ баст наутӕ уромын. Фӕстӕдӕр нал ауӕрстой ахӕм наутыл дӕр, кӕцыты бӕстӕтӕ рахӕцыдысты Израилы ‘вварс. Ӕрӕджы ма баурӕдтой америкӕйаг танкер нефтимӕ ӕмӕ уый дӕр нал дӕттынц. Уымӕ гӕсгӕ АИШ-ы ацы хатт Йеменмӕ бабырсынӕн исты гӕды ныхӕстӕ ӕрымысын нӕ бахъуыд. Иухатт АИШ-ы паддзахадон секретарь Колин Пауэлл Иракмӕ бабырсыны хӕдразмӕ пробиркӕ куыд тылдта, ома иракаг химикон ӕхсӕнгарз у, ахӕм худинагӕй ныр сӕхи бахызтой.

Джо Байден йӕхи уымӕй араст кодта, ома, ӕрмӕст фӕстаг цалдæр мæйы хуситтӕ 27 хатты ныббырстой фӕсарӕйнаг наутӕм, 50 бӕстӕйӕ фылдӕрӕн разиан кодтой ӕмӕ 2000 науы та сӕ маршруттӕ фӕивтой. Суэцы канал Азийӕ Европӕмӕ у иууыл цыбырдӕр фӕндаг, ауылты рацӕуынц дунейы денджызон коммерцион трафикы 14% бӕрц. Ӕмӕ ацы маршрутыл цӕуджытӕн тӕссаг куы вӕййы, уӕд фылдӕр хатт сӕ маршрут саразынц Африкӕйы континенты алывӕрсты. Уымӕ гӕсгӕ наутӕ 7-10 боны бӕрц фылдӕр рӕстӕг бахъӕуынц фӕндагыл ӕмӕ амалиуӕггӕнджытӕ финансон зиӕнттӕ баййафынц.

ИНО-йы Ӕдасдзинады советы АИШ-ы хъӕппӕрисӕй развӕлгъау райстой резолюци, кӕцыйы ӕфхӕрд цӕуынц хуситтӕ, коммерцион науты кӕй хъыгдарынц, уый фӕдыл. Ацы резолюциимӕ не сразы сты Уӕрӕсе, Китай, Алжир ӕмӕ ма цалдӕр бӕстӕйы. Уӕрӕсейаг минӕвары хъуыдымӕ гӕсгӕ АИШ йе ‘мцӕдисонтимӕ «сӕ рӕзтӕ ӕхсӕндынц», цӕмӕй сӕ фыдракӕндтӕн легитимизаци саразой. Кӕд ӕмӕ АИШ йӕ кӕнон кӕны никӕмӕ хъусгӕйӕ, уӕддӕр америкӕгтæн фӕстӕдӕр уыдзӕн егъау проблемӕтӕ. Ныридӕгӕн дӕр Байдены ныхмӕ рацыдысты йӕ партийы минӕвӕрттӕ дӕр, ома, хъуамӕ ӕфсӕддон операци саразыны хабар фехъусын кодтаид конгрессӕн.

Цы уыдзӕн дарддӕр?

Хӕстон къорд «Ансар Алла» ӕртхъирӕнтӕ кӕнынц, ома, ӕгас регион хӕсты быдыр фестын кӕндзыстӕм, АИШ-ӕй ӕмӕ йӕ «фӕсдзӕуинтӕй» нӕ тӕрсӕм, зæгъгæ. Хуситтӕ ӕцӕгӕй фӕлтӕрд хӕстонтӕ сты – бирӕ азты дӕргъы сӕм хӕстон архайдтытӕ цӕуы. Ис сӕм фидар арӕзт бункертӕ ӕмӕ тоннелтӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ бон бирӕ рӕстӕг у ӕддагон ӕмӕ мидӕггагон знӕгты ныхмӕ фӕлӕууын. Финанстӕй ӕмӕ сӕ алыгъуызон ӕхсӕнгарзӕй та ифтонг кӕнынц Иран. Ӕмӕ Иран та нымад у хъомысджын бӕстӕйыл, ис сӕм бӕрзондтехнологон ӕхсӕнгӕрзтӕ. 2015 азы 9 бӕстӕйы Саудаг Аравийы сӕргълӕудӕй бабырстой Йеменмӕ хуситты скуынӕг кӕнынмӕ. Алыварсон ӕххуыс ма сын кодта АИШ дӕр. Фӕлӕ хуситтӕ Ираны фӕрцы аккаг ныхкъуырд радтой знӕгтӕн ӕмӕ сӕ фӕсырдтой сӕ территорийӕ. Абоны бон дӕр дзы мидӕггагон хӕст нӕ банымӕг ис. Ацы хӕст ирдӕй равдыста Ираны хӕстон хъомысады тых ӕмӕ Саудаг Аравийы лӕмӕгъдзинад. Бирӕ азты дӕргъы Саудаг Аравийы гарзджын тыхты нымадтой иууыл хӕстхъомдӕрыл, ома, ифтонг сты нырыккон америкæйаг ӕхсӕнгӕрзтӕй. Фӕлӕ хӕсты быдыры раздӕр дӕр ӕмӕ ныр сӕйраг у хӕстоны арӕхстдзинад, фӕлтӕрддзинад æмæ æхсардзинад.

Йемены ныццӕвыны рӕстӕджы Ӕввахс Хурыскӕсӕны бӕстӕтӕ АИШ-ы фарсмӕ ӕргомӕй нӕ балӕууыдысты, Бахрейнӕй дарддӕр. Фӕлӕ Бахрейн ӕгӕр лӕмӕгъ паддзахад у ӕмӕ йӕ рӕгъмӕ дӕр ничи хӕссы. Ӕрмӕстдӕр цалдӕр бӕстӕйы бар радтой сӕ сӕрты хӕдтӕхджытӕн атӕхынӕн. Ӕгӕрыстӕмӕй, сӕ рагон ӕмцӕдисон Саудаг Арави дӕр тынг уазал ахаст райдыдта дарын АИШ-мӕ ӕмӕ кӕд хуситтӕм знаджы цӕстӕй кӕсынц, уӕддӕр АИШ-ӕн комкоммӕ ӕххуыс нӕ бакодтой. Ӕмӕ уымӕн дӕр ис йӕхи аххосӕгтӕ. Иуæй сæ нал фæнды æппынæдзух АИШ-ы фæндиæгтæ æххæст кæнын, иннæмæй та сын Иранимæ хъæрмудæй цæрын пайдадӕр у.

Æфсæддон экспертты хъуыдымæ гæсгæ Йеменмæ куы бабырсой АИШ йе ‘мцæдисонтимæ, уæд хæстон архайдтытӕ тагъд нӕ фӕуыдзысты. Хуситты террористтӕ схонӕн нӕй, сты легитимон хӕстон дӕлхӕйттӕ. Уӕрӕсейӕн хуситтимӕ ӕмӕ Иранимӕ хорз ахастытӕ ис ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд сын сусӕгӕй-ӕргомӕй алыгъуызон ӕххуыс дӕр бакӕндзысты. АИШ-ы фыдӕнӕн нӕ, фӕлӕ рӕстдзинады тыххӕй. Сӕ хӕстон хъомысадмӕ сын куы ӕркӕсӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, хуситтӕ кӕй сты иттӕг цӕттӕ хӕстонтӕ ӕмӕ сӕ бон кӕй у аккаг ныхкъуырд раттын, ӕгӕрыстӕмӕй АИШ-ы хуызӕн хъомысджын паддзахадӕн дӕр. Ис сӕм дзӕвгар дронкамикадзетӕ, сармадзантӕ, алыгъуызон ракетӕтӕ. Ифтонг сты баллистикон ракетӕтӕй дӕр, кӕцытӕ тӕхынц иу мин километры дӕрддзӕфмӕ. АИШ-ӕн Ӕввахс Хурыскӕсӕны цы ӕфсӕддон базӕтӕ ис, уыдонӕй иу дӕр ӕдас нӕу, алкӕцы дӕр дзы хуситтӕн ӕмӕ Иранӕн милмӕ ист у. Йе ‘фсӕддонты бахъахъхъӕныны тыххӕй АИШ-ы бахъӕудзӕн ракетӕты ныхмӕ сӕрмагонд системӕтӕ фӕфылдӕр кӕнын. Ныридӕгӕн дзырд цӕуы, цӕмӕй Украинӕйӕн кӕцы системӕтӕ хъуамӕ радтаиккой, уыдонӕй сфидар кӕной сӕхи ӕфсӕддон дӕлхӕйттӕ Ӕввахс Хурыскӕсӕны.

Ракетон ныббырсты рӕстӕджы хуситтӕ стыр зиӕнттӕ нӕ баййӕфтой ӕмӕ сӕ хӕстон хъомысад нӕ фӕцудыдта. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хуситтӕ сӕ маст исынвӕнд кӕй скӕндзысты ӕмӕ АИШ-ы гарзджын тыхты кӕй хъӕудзӕн дзаупп дӕттын. Экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ масштабон хӕстон архайдтытӕ АИШ-ӕн ныридӕгӕн пайда не сты. Украинӕйыл ӕмӕ Израилыл ӕгӕр бирӕ хардз кӕнынц, дунейы ӕхсӕнады фылдӕр хай сӕ ныхмӕ систы ӕмӕ сын ног хӕсты уаргъ ахӕссын зын уыдзӕн. АИШ-ы фӕнды, цӕмӕй йӕ интересты тыххӕй хӕцой ӕндӕр бӕстӕты хӕстонтӕ ӕмӕ ацы конфликтмӕ сидынц сӕ дӕлбар бӕстӕтӕм ӕмӕ Ӕввахс Хурыскӕсӕны паддзахадтӕм, кӕцытыл сӕ бар цӕуы.

Геополитикӕйы цӕстӕнгасӕй куы ӕркӕсӕм Йемены ӕрцӕугӕ цаутӕм, уӕд ирдӕй зыны, АИШ активонӕй кӕй ӕрӕвнӕлдта Ираны скуынӕг кӕнынмӕ. Фӕстаг цалдӕр азы дӕргъы америкӕйæгты къахдзӕфтӕ Ӕввахс Хурыскӕсӕны иууылдӕр сты Ираны ныхмӕ. Фӕлӕ персӕгтӕ сӕхи дӕлӕмӕ нӕ уадзынц, ныхмӕ сӕм лӕууынц. Æгæрыстæмæй  ма фæстаг азты АИШ-ы æндæвдад Æввахс Хурыскæсæны бæрæг фæкъаддæр ис Ираны активон архайды фӕстиуӕгӕн.

Йеменмæ ныббырсты фæстæ Ираны гарзджын тыхтæ ракетæтæй ныццавтой иракаг горæт Эрбилы. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы фæмардысты курдаг разысгæрсты къухдариуæггæнджытæ æмæ курдаг спецслужбæты минæвæрттæ. Курдаг сепаратисттæ рагæй фæстæмæ баст сты израилаг, бритайнаг æмæ америкæйаг спецслужбæтимæ, финанстæй æмæ сæ æхсæнгарзæй дæр уыдон ифтонг кæнынц. Уымæ гæсгæ, сæ архайд нысанмæздæхт у Ираны ныхмæ. Фæмард ма дзы ноджы курдаг зынгæ амалиуæггæнæг Пешрав Дизайи æд бинонтæ, кæцы баст уыд израилаг разведкæ «Массадимæ» æмæ-иу сусæгæй финансон æххуыс кодта Израилы гарзджын тыхтæн. Ирак дунейы æхсæнады цæстмæ нæразыдзинад равдыста Иранмæ, ома дæ нæ территорийыл цы хъуыддаг ис. Фæлæ йæ Иракы разамынад æмбары, персæгтæ се ‘взæрмæбæлджытæ кæй не сты, зындзинæдты алыхатт дæр сæ фарсмæ кæй вæййынц.

Иран ма ноджы ныццавта Пакистаны территори дæр – Белуджистан кæй хонынц, уый. Уый фæстæ та Пакистан ныццавта Ираны территори æмæ та растдæр белуджæгтæ кæм цæрынц, уыцы территори. Белуджæгтæ хауынц ирайнаг знæмтæм, цæрынц Ираны дӕр æмæ Пакистаны дӕр, æмæ рагæй фæстæмæ архайынц хæдбар паддзахад саразыныл. Иран æмæ сæ Пакистаны разамынад сӕ нымайынц сепа-ратисттыл æмæ террористтыл, æппынæдзух регионы сӕ аххосӕй æндыгъддзинад кæй вӕййы, уый тыххæй. Белуджæгтæн финансон æххуыс кæнынц англосакстæ, разæнгард сæ кæнынц хæстон архайд-тытæм æмæ террористон цаутæ аразынмæ, кæд æмæ йæ тынг хорзӕй зонынц хæдбардзинад сын кæй ничи ратдзæн, уæддæр. Сæ фæнды ис, цæмæй Иран æмæ Пакистан схæцой, æгас регион туджы лæсæнты бын фæуа æмæ англосакстæ та иууыл хуыздæр цæмæ рæхсынц, уый бакæной. Ома давой Æввахс Хурыскæсæны хъæздыгдзинæдтæ. Фæлæ сын нæ бантысдзæн, Китай æмæ сæ Уæрæсе нæ бауадздзысты сӕ кӕрӕдзи-имӕ схæцын.

Ӕфсӕддон экспертты хъуыдымӕ гӕсгӕ АИШ  фӕнд кӕны Йеменӕн цӕмӕй блокадӕ сараза. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕй ныры уавӕрты. Иу рӕстӕджы Саудаг Арави дӕр сфӕнд кодта, цӕмӕй йеменаг порт Хадейдайыл ӕрхъула кӕна, фӕлӕ баййӕфтой стыр зиӕнттӕ. Саудаг ӕфсӕддон наутӕй-иу портмӕ хӕстӕг чи бацыд, уыдоны-иу уайтагъд фӕдӕлдон кодтой.

Йемены ӕрцӕугӕ цаутӕ уайтагъд бандӕвтой дунейы базарадыл – Суэцы каналы ӕфтиӕгтӕ фӕкъаддӕр сты 40% бӕрц ӕмӕ ноджы къаддӕр кӕнынц. Уӕлдай тынгдӕр ацы уавӕр ӕндавы Европӕйы бӕстӕтыл – энергоресурстӕ ӕмӕ алыгъуызон ӕнӕмӕнгхъӕуӕг товартӕ сӕм цӕуынц ацы маршрутыл. Альтернативон маршруттыл цӕугӕйӕ та ӕргътӕ фылдӕр кӕнынц ӕмӕ европӕйаг бӕстӕтӕ иуӕй зынаргъдӕрӕй ӕлхӕнынц алцыдӕр, иннӕмӕй та сӕ товартӕ конкурентон нал сты. Уымӕ гӕсгӕ Европӕйы алы къуымтӕ сӕ куыст ӕрлӕууын кодтой дзӕвгар заводтӕ ӕмӕ фабрикӕтӕ, тынг тыхсынц фермерон хӕдзарадтӕ. АИШ Европӕйӕн ӕргомӕй бамбарын кодтой, ӕххуысмӕ сӕм кӕй нӕ хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.