ВЯЧЕСЛАВ ВОЛОДИНÆН

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли арфæйы тел арвыста Уæрæсейы Федерацийы Федералон æмбырды Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володинмæ йæ юбилейон гуырæн боны цытæн. Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Вячеслав Викторы фырт!

Айс мын мæ зæрдиаг арфæтæ æмæ хæларзæрдæ фæндиæгтæ дæ царды нысаниуæгджын цау – 55 азы дыл кæй сæххæст, уый сæраппонд.

Ды хауыс Уæрæсейы  Федерацийы уыцы паддзахадон архайджытæм, кæцытæ иузæрдион сты сæ равзаргæ фæндаг æмæ идеалтыл, ис  сæм принципиалондзинад, бæрзонд профессионализм, æвидигæ куыстхъомдзинад æмæ бæрндзинады миниуджытæ.

Нæ æвзонг паддзахады рæзты процесстæм лæмбынæг хъусдард æмæ æххуыс æвзæрын кæнынц стыр цыты æнкъарæнтæ дæумæ. Дæ сæрмагонд хайадисты руаджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы ‘хсæн конструктивон æмархайд райста дарддæры рæзты ног импульс.

Цытджын Вячеслав Викторы фырт, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ хæрзиуджытæ, бæрзонд паддзахадон бынаты вазыгджын æмæ бирæварсон архайды та  стыр æнтыстытæ».

 

БИТАРТЫ ВЯЧЕСЛАВÆН

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт!

Айс мын мæ зæрдиаг арфæтæ дæ гуырæн боны цытæн.

Ды хауыс уыцы æхсарджын адæймæгтæм æмæ æцæг профессионалтæм, кæцытæ цыфæнды уавæрты дæр сæхи цæвиттонæй æвдисынц фидардзинад, хиуыл нæ аудгæйæ, сæхи  нывонд кæнынц æндыгъд практикон службæйæн райгуырæн Ирыстоны интерестæн лæггад кæныны сæраппонд.

Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт, ацы нысаниуæгджын бон мæнæн уæлдай æхсызгон у зæгъон дын æнæниздзинады, амонд æмæ хæрзиуджыты, æвидигæ энергийы, дæ куысты дарддæры æнтыстыты, дæ профессионалон планты æмæ фæндты реализацийы æнтыстыты фæндиæгтæ».

 

ПАДДЗАХАДОН ÆДАСДЗИНАДЫ КОМИТЕТЫ АРÆНХЪАХЪХЪÆНÆГ СЛУЖБÆЙЫ КУСДЖЫТÆН

Цытджын хæлæрттæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады Арæнхъахъхъæнæг службæйы сырæзтыл  14 азы кæй сæххæст, уый цытæн!

Паддзахадон арæн хъахъхъæнын кæддæриддæр нымад цыд æхсарджынты, фидар уды хицау адæймæгты, æцæг патриотты хъуыддагыл. Адæмы зæрдыл кæддæриддæр лæудзысты, хæстон агрессийы азты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты фыццаг чи слæууыдысты æмæ æнæбасæтгæ фидардзинад æмæ хъæбатырдзинад чи равдыста, Арæнхъахъхъæнæг службæйы уыцы кусджыты сгуыхтдзинæдтæ.

Хуыздæр хæстон традицитыл æнувыддзинад бафидар кæнын бахъуыд арæнхъахъхъæнджыты фæсхæст фæлтæрты, кæцытæ æнувыдæй хъахъхъæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад, бæстæйы экономикон æдасдзинады фæдыл тасдзинæдты ныхмæ архайгæйæ æмæ, æмбæстæгты æнцойад ифтонг кæнгæйæ.

Райгонд уæ дæн, уæ æхсардзинад æмæ профессионализмæй, уæ хæстæм уын цæсгомджын аххаст кæй ис æмæ уæ разылæууæг хæстæ æнтыст-джынæй кæй æххæст кæнут, уый тыххæй. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр уе службæйон хæстæ кæй æххæст кæндзыстут цыт æмæ кадимæ.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, бинонты фæрныгад, амонд æмæ дарддæры æнтыстытæ!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæнт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.