Анахарсисы номыл национ республикон библиотекæйы конференцзалы фыццаг хатт уагъд æрцыд республикон библиотекон форум, цыран хайад райстой горæты æмæ районты библиотекæты директортæ æмæ библиотекартæ, районты администрациты культурæйы хайадты сæргълæуджытæ. Форум байгом кодта нæ республикæйы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. Министр æрдзырдта библиотекæты раз цы проблемæтæ лæууы æмæ сæ куыд ис аскъуыддзаггæнæн, æппæт уыдæттыл. Цас цæттæ стæм чиныджы рухс æппæт нæ республикæйы цæрджытыл парахат кæнынмæ. Министр банысан кодта, кæй архайдзæн, цæмæй иунæг хъæууон библиотекæ дæр æхгæд ма æрцæуа, æмæ сæ рухстауæн куыст кæной адæмы ‘хсæн.

Ацы хъуыддаджы уый банысан кодта библиотекæты кусджыты æнæзæрдæхудт куыст. Сымах стут чиныгæй цæуæг культурæ дарддæргæнджытæ.  Сымах архайут чиныг уарзын кæныныл, уымæн æмæ уæ куыст у æппæт культурæйы скондон хай», – загъта Зассеты чызг.

Абон нæ Республикæйы æдæппæт уæвы 64 библиотекæйы. Уыдонæй æртæ библиотекæ сты универсалон – Анахарсисы номыл национ библиотекæ, сывæллæтты республикон библиотекæ æмæ æвзæнгты республикон библиотекæ. Иннæ библиотекæтæй иу ис горæты, цыппар – районты æмæ 56 та сты нæ хъæуты библиотекæтæ, кæцыты æдæппæтæй кусынц 206 кусæджы.

Форумы дзырд цыд библиотекон хызæджы информацион райрæзты фæдыл дæр. Æппæт уыдон тыххæй ацы аз паддзахадон бюджетæй рахицæн æрцыд уæлæмхас фæрæзтæ. Куыст ма цæудзæн чингуыты электронон хуызмæ ракæныныл дæр. Министр ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æввахс рæстæджы хъæуты библиотекæтæ дæр хъуамæ ифтонг æрцæуой интернетæй.  Уагдон ма план кæны, хицауадмæ æркæсынмæ, библиотекон архайды тыххæй фарст рахæссын. «Культурæйы министрад бацархайдзæн, цæмæй æмбæлон фæрæзтæ рахицæн æрцæуа, цалдæр библиотекæйы ифтонг æрцæуой, цух цы чингуытæй сты, уыдонæй.  Чингуыты фонд баххæст кæнынæн цæттæ у баххуыс кæнынмæ РХИ-йы  «Россотрудничество»-йы минæварад»,- загъта Зассеты Жаннæ.

Культурæйы министр ма банысан кодта Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы нæ библиотекæты кусджыты ахадгæ куыст. Уæд куынæг цыдысты национ хъæздыгдзинæдтæ æмæ сæ бахъуыд зынаргъ литературæ æмæ æндæр чингуытæ хæдзæрттæм ахæссын æмæ сæ уым бахъахъхъæнын. Форумы ма дзырд цыд хъæуты библиотекæты райрæзты тыххæй дæр. Раныхасгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ уымæн фæахъаз уыдзæн алы хъуыддаджы фæдыл дæр бынаты æрдзурын, æмæ афтæмæй кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнын.

Культурæйы министр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахæм фембæлдтытæ нæ республикæйы уагъд цæудзысты æрвылаз дæр.

Форумы дзырд цыдис национ культурæйы рæзтмæ хауæг æндæр фарстатыл дæр, уыцы нымæцы æрвылбонон национ уæлæдарæсы тыххæй. Форумы хайад-исджытæн дизайнер-модельер, Краснодары культурæйы институты рауагъдон Гæбæраты Агуындæ бавдыста национ стилыл хуыд скъолайы формæйы проект. Æвдыст ма дзы æрцыд дæс хуызы алыгъуызон уæ-лæдарæс, кæцытæ хуыд æрцыдысты национ стилыл, орнаменттимæ. Культу-рæйы министрад фæнд кæны сæ автор Икъаты Аланæимæ æмкуысткæнынад адарддæр кæнын. 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыр-гæнинæгтæ æртæйæ, ирон æвзаджы тыххæй бакастысты æмдзæвгæтæ. Форумы хайадисджытæн та лæвæрд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.