21-æм мартъийы Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-цетры уыдис брифинг.

Брифинг амонæг Дыгъуызты Аленæ зæрдиагæй раарфæ кодта фестивалы хайадисджытæн æмæ ныхасы бар радта фестивалы хайадисæг Джуссойты Дианæйæн. Уый бæстон æрдзырдта Хуссар Ирыстоны делегацийы стыр æнтыстыты тыххæй. Радзырдта, Уæрæсейы паддзахадон архайджытимæ сын фембæлдытытæ кæй уыд æмæ  ахсджиаг фарстытыл кæй фæныхас кодтой, уый. Ахæм фембæлдтытæ ма сын уыд цалдæр бæстæйы минæвæрттимæ дæр. «Уырны мæ, нырæй фæстæмæ дæр ахæм фестивалты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ хайад кæй исдзысты, уый. Фестивалы цы æнтыстытæ равдыстам, уыдон нæ ноджы тынгдæр сразæнгард кодтой хуыздæр бæрæггæнæнтæм æмæ нæ комитеты байгом кодтам «Разамонджыты къорд». Уырдæм хонæм æвзонг æмæ æвзыгъд æмбæстæгты, йæхимæ курдиат чи æнкъары, уыдоны».

Саулохты Георги: Нæ делегацийы минæвæрттæ хорз цæттæдзинад равдыстой спорты цалдæр хуызы. Шахматты турниры нын иумæйаг ныхмæлæууæг уыд дунеон чемпион Сергей Корякин. Турниры фæстæ уый банысан кодта, зæгъгæ, хуыздæр цæттæдзинад равдыстой Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Мах ын балæвар кодтам Саулохты Тамарæйы чиныг æмæ йæ фæхуыдтам Хуссар Ирыстонмæ.

Елизавета Гогинова: Нæ делегацийæн бирæ æмæ алыгъуызон фембæлдтытæ уыдис æмæ дзы алы ран дæр уыдысты активон. Мæн фæнды Аргентинæйы делегациимæ фембæлды тыххæй радзурын. Фарст сæвæрдтам, зæгъгæ, цасбæрцæй зонæм нæ кæрæдзийы бæстæты тыххæй. Нæ фарстаты фæдыл нæм дыккаг бон, райсомæй цы фыстæг æрбарвыстой, уым Хуссар Ирыстоны тыххæй уыйбæрц факттæ уыдис æмæ мах, нæхæдæг, се ‘ппæты нæ зыдтам.

Гæбæраты Аринæ: Æз дæр рагæй бæллыдтæн ахæм фестивалы хайад райсынмæ. Сæххæст мæ бæллиц æмæ цалынмæ цæрон, уæдмæ, фестивалы цы федтон æмæ банкъардтон, уыдон никуы ферох кæндзынæн, æмæ куыд уыцы бонты, афтæ сæ дарддæр дæр исдзынæн æхцондзинад. Алы делегациимæ фембæлдæй дæр-иу райгондæй баззадыстæм. Уыдон цымыдис кодтой нæ царды хабæрттæм, не ‘гъдæуттæм. Семæ æргом кæй уыдыстæм, бирæ цыдæртæ сын кæй амыдтам, уый тыххæй нын кодтой стыр аргъ. Япойнæгтимæ куы фембæлдыстæм,   уый фæстæ-иу нæ куы ауыдтой, уæд-иу нæм мидбылхудгæ иронау хъæр кодтой, зæгъгæ, «ирæттæ размæ».

Фестивалы иу къорд атахт Ямал-Ненецы сæйраг горæт Салехардмæ. Уыцы къордмæ бахаудтæн æз дæр. Уазæлттæй тынг тарстæн, фæлæ мæхи нал басастон æмæ æз дæр атахтæн. Кæй нæ фæтарстæн, уый тыххæй фæбузныг дæн мæхицæй. Уымæн æмæ федтон уымы уавæртæ, сæ адæм цы кусынц æмæ цæмæй цæрынц, уый. Цæрæнбонтæм бахъуыды кæндзынæн, фыццаг хат уым цæгаттаг саг кæй федтон, уый дæр.

Сиукъаты Родион: Фестивалмæ кæй цыдтæн, уымæй истон стыр æхцондзинад. Куы ныхæццæ стæм æмæ æндæр бæстæты минæвæртты æмрæнхъ куы ‘рлæууыдыстæм, уымæй дæр зæрдæ рухс кодта. Æмæ ма уыимæ Хуссар Ирыстоны фæсивæд бирæ бæстæты минæвæрттæй активондæр æмæ цæттæдæр кæй æвдыстой, уымæй тынг сæрыстыр уыдтæн.  Уырны мæ, алчи алы бæстæты делегациты минæвæртты нæ бахъуыды кодта, фæлæ Хуссар Ирыстоны делегацийы уæнгты, форумы хайадисджытæ, се ‘ппæт дæр кæй бахъуыды кодтой, уый. Уый тыххæй мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды нæ  организатортæн.

Брифингы ма раныхас кодтой Плиты Аслан, Букуылты Линдæ æмæ Хаситы Аланæ.

   ГÆЗЗАТЫ Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.